Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

15 СӔР

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурдӕн куд лӕггадӕ кӕнунцӕ?

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурдӕн куд лӕггадӕ кӕнунцӕ?

Финлянди

Ӕмбурд ахур кӕнуй

Иннети федар кӕнуй

Игъосун кӕнуй

Нӕ организаций, ӕхца кӕмӕн фӕффедунцӕ, уӕхӕн разамонгутӕ нӕййес. Фал, фиццаг ӕноси киристон ӕмбурди куд адтӕй, уотӕ махмӕ дӕр фӕлтӕрд нӕлгоймӕгти исӕвӕрунцӕ цӕстӕдаргутӕй, кенӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕй, «цӕмӕй хезонцӕ Хуцауи дзогӕ» (Гъуддӕгтӕ 20:28). Еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ ес федар ӕууӕндундзийнадӕ. Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн разамунд дӕттунцӕ ӕма Хуцауи дзогӕ хезунцӕ «тухӕй кӕнгӕй нӕ, фал ӕнӕзийнадӕй, сӕхецӕн си ести испайда кӕнуни туххӕй нӕ, фал зӕрдиагӕй» (1 Петури 5:1–3). Цӕхуӕн ихӕстӕ сӕбӕл ес?

Тухсунцӕ нӕбӕл ӕма нӕмӕ сӕ гъос дарунцӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин Хуцауи Дзурдӕй разамунд дӕттунцӕ ӕма нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Йеговӕмӕ ӕнгомдӕр кӕнӕн. Еци ӕхсидзгӕ гъуддаг син Хуцау сӕ барӕ ке бакодта, уомӕ гӕсгӕ ӕ адӕмӕн сӕхе хецау нӕ кӕнунцӕ, фал сӕбӕл тухсунцӕ ӕма син сӕ цийнӕбӕл цийнӕ ӕфтаунцӕ (2 Коринфӕгтӕмӕ 1:24). Фиййау ӕ фустӕй алкӕцимӕ дӕр ӕ гъос куд фӕддаруй, уотӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр архайунцӕ, цӕмӕй ӕмбурди алке дӕр хуарз зононцӕ (Ӕмбесӕндтӕ 27:23).

Амонунцӕ нин, Хуцауи фӕндон куд ӕнхӕст кӕнун гъӕуй, уой. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ алли къуӕре дӕр фӕууадзунцӕ ӕмбурдтӕ ӕма нин уотемӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунцӕ (Гъуддӕгтӕ 15:32). Удта еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ игъосун кӕнуни гъуддаги зӕрдиагӕй архайунцӕ. Нӕ хӕццӕ дӕр игъосун кӕнунмӕ фӕццӕунцӕ, ахур нӕ кӕнунцӕ адӕми хӕццӕ хуӕздӕр дзорун ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун.

Нӕ нифс нин федар кӕнунцӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурди алкӕбӕл дӕр тухсунцӕ, цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ ма ӕрлӕмӕгъ уа. Етӕ нӕмӕ хӕдзарӕмӕ дӕр ӕрбацӕунцӕ кенӕ ба нӕ хӕццӕ Паддзахади зали радзорунцӕ ӕма нин Библийӕй хуарз унаффитӕ раттунцӕ, удта нин нӕ нифс бафедар кӕнунцӕ (Иакови 5:14, 15).

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕбӕл ихӕстӕ айдагъ ӕмбурди нӕййес. Беретӕн си бийнонтӕ дӕр ес, ӕма сӕ дарун гъӕуй, удта син рӕстӕг хецӕн кӕнун дӕр гъӕуй. Мадта мах еци ӕнсувӕрти хъиамӕтӕн куд гъӕуама ма аргъ кӕнӕн (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:12, 13).

  • Ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕбӕл цӕхуӕн ихӕстӕ ес?

  • Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ни алкӕбӕл дӕр хецӕнӕй куд тухсунцӕ?