Перейти к основным материалам

Бӕллӕх кӕбӕл ӕрцӕуй, уонӕн Йегови Ӕвдесӕнтӕ банхус кӕнунцӕ?

Бӕллӕх кӕбӕл ӕрцӕуй, уонӕн Йегови Ӕвдесӕнтӕ банхус кӕнунцӕ?

 Йегови Ӕвдесӕнтӕ арӕх банхус кӕнунцӕ, бӕллӕх кӕбӕл ӕрцӕуй, уонӕн. Галатӕгтӕмӕ 6:10 финст ес: «Гъема нин цалинмӕ рӕстӕг ес, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр хуарздзийнадӕ аразӕн, уӕлдайдӕр ба, ӕууӕндундзийнади фӕрци еу бийнонтӕ ке хӕццӕ ан, уонӕн». Аци фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ айдагъ Ӕвдесӕнтӕн нӕ фенхус кӕнӕн, фал ма Ӕвдесӕн ка нӕй, уонӕн дӕр. Уомӕй уӕлдай ма уӕхӕн рӕстӕг адӕмӕн фӕгъгъӕуй сӕ нифс ӕма се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнун дӕр, ӕма син еци гъуддаги дӕр банхус кӕнӕн (2 Коринфӕгтӕмӕ 1:3, 4).

Куд банхус кӕндзинан, уой куд испълан кӕнӕн

 Бӕллӕхи фӕсте бунӕттон ӕмбурдти хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕййархайунцӕ, цӕмӕй иссеронцӕ, се ’мбурдтӕмӕ кадӕриддӕр цӕуй, уони ӕма базононцӕ, ӕнӕфидбилиз ӕнцӕ ӕви нӕ, уой, удта сӕмӕ цӕмӕй фӕкӕсун гъӕуй, уой дӕр. Сӕ бӕсти Йегови Ӕвдесӕнтӕн ци филиал ес, уордӕмӕ фӕххабар кӕнунцӕ, кети иссирдтонцӕ ӕма син цӕмӕй банхус кодтонцӕ, уой туххӕй.

 Бунӕттон ӕмбурдтӕн алкӕмӕн банхус кӕнун сӕ бон ку нӕ фӕууй, уӕд Йегови Ӕвдесӕнти Разамонӕг совет байархайуй, цӕмӕй си ӕнхусгъӕуагӕ маке байзайа. Уотӕ архайдтонцӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕ дӕр, цӕмӕй стонг рӕстӕг кӕрӕдземӕн ӕнхус кодтайуонцӕ (1 Коринфӕгтӕмӕ 16:1–4). Цӕмӕй бунӕттон филиалӕн ӕнцондӕр уа еци гъуддаги хуарз разамунд дӕттун, уой туххӕй иснисан кӕнуй ӕнхуси комитеттӕ. Ӕндӕр бӕститӕй ка ’рцӕуй, еци ӕнхусгӕнгутӕ дӕр сӕ рӕстӕг, сӕ хъауритӕ ӕма сӕмӕ ци ес, уобӕл нӕ фӕййауӕрдунцӕ, цӕмӕй иннетӕн банхус кӕнонцӕ (Ӕмбесӕндтӕ 17:17).

Ӕнхуси фонд

 Йегови Ӕвдесӕнти филиалмӕ ке ӕрбарветунцӕ, еци нисайнӕгтӕй банхус кӕнунцӕ, бӕллӕх кӕбӕл ӕрцудӕй, уонӕн дӕр (Гъуддӕгтӕ 11:27–30; 2 Коринфӕгтӕмӕ 8:13–15). Ӕнхусгӕнгутӕ сӕ кустбӕл ӕхца ке нӕ фӕййесунцӕ, уой фӕрци, бӕллӕх кӕбӕл ӕрцӕуй, уонӕн нӕ бон фӕууй фулдӕр банхус кӕнун. Нӕ гъос лӕмбунӕг фӕддарӕн, цӕмӕй ӕхца дзӕгъӕли харз ма цӕуа (2 Коринфӕгтӕмӕ 8:20).