Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи ӕрмӕстдӕр иу расӕ кӕнӕ иу адӕмӕн фыст у?

Библи ӕрмӕстдӕр иу расӕ кӕнӕ иу адӕмӕн фыст у?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ Библи чи фыста, уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр уыдысты Азийӕ ӕмӕ уыдысты дзуттӕгтӕ. Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ иу расӕ кӕнӕ иу адӕм иннӕмӕй уӕлдӕр сты. Уым фыст ис: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).