Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цы у Ног Иерусалим?

Цы у Ног Иерусалим?

Дзуапп Библийӕ

 Дзырдбаст «Ног Иерусалим» Библийы ӕмбӕлы дыууӕ хатты. Уый ӕцӕг горӕт нӕу ӕмӕ амоны Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты къордмӕ. Уыдон ацӕудзысты уӕлӕрвтӕм ӕмӕ йемӕ Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ уыдзысты (Раргомад 3:12; Раргомад 21:2). Библийӕ бӕрӕг у, уыцы къорд ма Чырыстийы чындзаг дӕр кӕй хонынц.

Ног Иерусалим цӕмӕ амоны, уый Библи куыд ӕмбарын кӕны?

  1.   Ног Иерусалим ис уӕлӕрвты. Библийы Ног Иерусалимы кой кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлы, уым фыст ис, уӕларвӕй кӕй ӕрцӕуы ӕмӕ уыцы горӕты кулдуӕрттӕ зӕдтӕ кӕй хъахъхъӕнынц (Раргомад 3:12; 21:2, 10, 12). Горӕт тынг стыр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зӕххыл уа, уымӕн гӕнӕн нӕй. Горӕт ахсы «дыууадӕс мин стадийы» ӕмӕ у цыппӕрдигъон a (Раргомад 21:16). Уыцы горӕтӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд уыдаиккой 560 километры бӕрц, ӕмӕ арвмӕ хӕццӕ кодтаид.

  2.   Ног Иерусалим амоны Йесойы фӕдылдзӕуджытӕм, хонынц ма йӕ Чырыстийы чындзаг дӕр. Ног Иерусалим хонынц «чындз, Уӕрыччы усаг» (Раргомад 21:9, 10). Ацы ран Уӕрыкк амоны Йесо Чырыстимӕ (Иоанны 1:29; Раргомад 5:12). «Уӕрыччы усаг», кӕнӕ Чырыстийы чындзаг, амоны, Йесоимӕ уӕлӕрвты чи уыдзӕн, уыцы чырыстӕттӕм. Йесо ӕмӕ уыцы чырыстӕттӕ кӕрӕдзимӕ куыд ӕнгом сты, уый Библи абарста лӕг ӕмӕ ус куыд ӕнгом вӕййынц, уыимӕ (2 Коринфӕгтӕм 11:2; Ефесӕгтӕм 5:23–25). Уымӕй уӕлдай ма, Ног Иерусалимы бындуры цы дуртӕ ис, уыдоныл «фыст уыд Уӕрыччы дыууадӕс апостолы дыууадӕс номы» (Раргомад 21:14). Уый фӕрцы базонӕн ис, Ног Иерусалим кӕмӕ амоны, уый, уымӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕм хуынд чи у, уыцы чырыстӕттӕ «амад цы бындурыл ӕрцыдысты, уый у апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕй» (Ефесӕгтӕм 2:20).

  3.   Ног Иерусалим у уӕларвон Паддзахады хай. Рагон Иерусалим уыд Израилы сӕйраг горӕт. Уыцы горӕты уыд «Йегъовӕйы паддзахбадӕн», паддзахиуӕг дзы кодтой Давид, йӕ фырт Соломон ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ (1 Азфыстыты 29:23). Иерусалим хуыдтой «сыгъдӕг горӕт» ӕмӕ ӕвдыста, Давиды хӕдзарвӕндаг паддзӕхтӕ куы уыдысты, уыцы рӕстӕг Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд йӕхӕдӕг кӕй лӕвӕрдта (Нееми 11:1). Ног Иерусалим, хонынц ма йӕ «сыгъдӕг горӕт» дӕр, арӕзт у, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты чи уыдзӕн, уыдонӕй – «уыдон зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 5:9, 10; 21:2).

  4.   Ног Иерусалимы фӕрцы адӕм зӕххыл арфӕгонд ӕрцӕудзысты. Библийы фыст ис, Ног Иерусалим «уӕларвӕй Хуыцауӕй, кӕй ӕрцӕйцыд», ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау дзы кӕй пайда кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххӕн разамынд дӕтта (Раргомад 21:2). Уымӕй ма бӕрӕг у, Ног Иерусалим Хуыцауы Паддзахадимӕ баст кӕй у ӕмӕ дзы Хуыцау кӕй пайда кӕндзӕн, цӕмӕй, куыд «уӕлӕрвты... афтӕ... зӕххыл дӕр» йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна (Матфейы 6:10). Хуыцау адӕмы схайджын кӕндзӕн ахӕм арфӕдзинӕдтӕй:

    •   Тӕригъӕдӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Ног Иерусалимӕй кӕлы «царды доны цӕугӕдон», уый ӕфсады «царды бӕлӕстӕ» – уыцы бӕлӕстӕ сты «адӕмы дзӕбӕх кӕнынӕн» (Раргомад 22:1, 2). Адӕм ӕнӕуи дӕр ӕмӕ уырнындзинады хъуыддаджы дӕр сдзӕбӕх уыдзысты, тӕригъӕдӕй фервӕздзысты ӕмӕ, Хуыцауы райдианы куыд фӕндыд, афтӕ алцӕмӕй ӕххӕст суыдзысты (Ромӕгтӕм 8:21).

    •   Адӕм Хуыцаумӕ баввахс уыдзысты. Тӕригъӕды тыххӕй адӕм Хуыцауӕй адард сты (Исай 59:2). Тӕригъӕд сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд ацы пехуымпарад кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн: «Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ» (Раргомад 21:3).

    •   Хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн. Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы адӕмӕн «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4).

a Ромӕгтӕ дӕргъ барстой стадитӕй, иу стади уыд 185 метры.