Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сыгъдӕджытӕм кувӕн ис?

Сыгъдӕджытӕм кувӕн ис?

Дзуапп Библийӕ

 Нӕй. Библийы фыст ис, Хуыцаумӕ ӕрмӕстдӕр Чырыстийы номӕй кӕй хъуамӕ кувӕм. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй кувой афтӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Чырысти сын афтӕ никуы загъта, Хуыцауӕй уӕлдай ма сыгъдӕджытӕм, зӕдтӕм кӕнӕ ӕндӕр искӕмӕ кӕй хъуамӕ кувой.

 Стӕй ма Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Хуыцау ӕрмӕстдӕр Чырыстийӕн радта уый бар, цӕмӕй йӕ раз нӕ сӕрыл дзура (Дзуттӕгтӕм 7:25).

Хуыцаумӕ дӕр куы кувон ӕмӕ сыгъдӕджытӕм дӕр, уӕд уый дӕр раст нӕ уыдзӕн?

 Хуыцау цы Дӕс фӕдзӕхсты радта, уыдонӕй иу у ахӕм: «Ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион [кӕнӕ «нӕ быхсын, ӕндӕр хуыцӕуттӕ дын уа, уый»]» (Рацыд 20:5, фиппаинаг). Хуыцау «нӕ быхсы», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? Хуыцау домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ уымӕ кувӕм (Исай 48:11).

 Хуыцауӕй уӕлдай ма ӕндӕр искӕмӕ куы кувӕм, фӕнды сыгъдӕджытӕ уой, фӕнды – зӕдтӕ, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕндзыстӕм. Иухатт апостол Иоанн зӕдӕн бакувынмӕ куы хъавыд, уӕд ын уый загъта: «Ма бакӕн афтӕ! Ӕз дӕр де ’мкусӕг дӕн, дӕуӕн ӕмӕ де ’фсымӕртӕн, Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн чи лӕууы, уыдонӕн. Бакув Хуыцауӕн» (Раргомад 19:10).