Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Мӕ цардӕй райгонд нӕ дӕн. Дин, Хуыцау кӕнӕ мын Библи баххуыс кӕндзысты?

Мӕ цардӕй райгонд нӕ дӕн. Дин, Хуыцау кӕнӕ мын Библи баххуыс кӕндзысты?

Дзуапп Библийӕ

 Библи у рагон чиныг ӕмӕ дзы ис бирӕ зондджын уынаффӕтӕ. Ис дзы базонӕн дзуапп царды ахсджиагдӕр фарстатӕн. Стӕй дын уыцы чиныг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй удӕнцой ссарай ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уай. Ӕркӕс, дзуапп дзы цы фарстатӕн ис, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

  1.   Сфӕлдисӕг ис? Библи зӕгъы, «ӕппӕт дӕр» Хуыцау кӕй сфӕлдыста (Раргомад 4:11). Хуыцау не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зоны, адӕймаг амондджын ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзӕн.

  2.   Хуыцау мыл тыхсы? Хуыцау адӕммӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Уый дӕм йӕ хъус дары ӕмӕ дын цӕттӕ у баххуыс кӕнынмӕ, цӕмӕй амондджын уай (Исай 48:17, 18; 1 Петры 5:7).

  3.   Хуыцауы куы базонон, уӕд мӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн? Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый» (Матфейы 5:3). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй Хуыцауы базонӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Ӕмӕ ууыл куы архайай, уӕд дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8).

 Милуантӕ сӕхицӕй зонынц, адӕймаг Хуыцауы хӕлар куы свӕййы, уӕд кӕй вӕййы амондджын ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ зындзинӕдтӕй бынтондӕр хызт уыдзынӕ, фӕлӕ дын уӕддӕр, Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй...

 Бирӕ динты кӕд адӕм Библи фӕкӕсынц, уӕддӕр дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрынц. Фӕлӕ ӕцӕг диныл хӕст чи у, уыдон фидар хӕцынц, Библийы цы фыст ис, ууыл, ӕмӕ дын уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы базонай.