Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Дӕс фӕдзӕхсты цы сты?

Дӕс фӕдзӕхсты цы сты?

Дзуапп Библийӕ

 Дӕс фӕдзӕхсты сты, Хуыцау раджы заман Израилы адӕмӕн цы закъӕттӕ радта, уыдон. Уыцы закъӕттӕ ма хонынц «Дӕс ныхасы», комкоммӕ афтӕ тӕлмацгонд цӕуы дзуттаг дзырдбаст асе́рет хаддевари́м. Ацы дзырдбаст ӕртӕ хатты ӕмбӕлы «Фондз чиныджы» (Торӕ), ома Библийы фыццаг фондз чиныджы (Рацыд 34:28; Дыккаг закъон 4:13; 10:4). Грекъагау та ацы дзырдбаст у де́ка (дӕс) ло́гус (ныхӕстӕ) ӕмӕ дзы равзӕрд ныхас «декалог».

 Хуыцау Дӕс фӕдзӕхсты ныффыста дыууӕ къӕйдурыл ӕмӕ сӕ йӕ пехуымпар Моисейӕн Синайы хохыл радта (Рацыд 24:12–18). Дӕс фӕдзӕхсты фыст сты Рацыды 20:1–17 ӕмӕ Дыккаг закъоны 5:6–21.

 Дӕс фӕдзӕхсты

  1.   Кув ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн (Рацыд 20:3).

  2.   Мӕнгхуыцӕуттӕн ма кув (Рацыд 20:4–6).

  3.   Хуыцауы ном хъӕуа-нӕхъӕуа ма дзур (Рацыд 20:7).

  4.   Сабатбоны закъон ӕххӕст кӕн (Рацыд 20:8–11).

  5.   Дӕ ныййарджытӕн кад кӕн (Рацыд 20:12).

  6.   Ма амар (Рацыд 20:13).

  7.   Ма хӕт (Рацыд 20:14).

  8.   Ма адав (Рацыд 20:15).

  9.   Мӕнгӕвдисӕн макӕй ныхмӕ ныллӕуу (Рацыд 20:16).

  10.   Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бӕлл (Рацыд 20:17).

 Дӕс фӕдзӕхстӕн сӕ бынӕттӕ алкӕм иухуызон фыст цӕуылнӕ вӕййынц?

 Библийы Дӕс фӕдзӕхстыл номыртӕ ӕвӕрд нӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм алыхуызон хъуыды кӕнынц, фӕдзӕхстытӕй чи кӕй фӕдыл хъуамӕ уа, уый тыххӕй. Уӕлдӕр сӕ куыд ранымадтам, арӕхдӕр афтӕ фыст вӕййынц. Фӕлӕ сӕ иуӕй-иу рӕтты та ӕндӕрхуызон ныффыссынц. Арӕхдӕр фыццаг, дыккаг ӕмӕ фӕстаг фӕдзӕхст вӕййынц ӕндӕр бынӕтты фыст a.

 Дӕс фӕдзӕхсты цӕмӕн ӕрцыдысты лӕвӕрд?

 Дӕс фӕдзӕхсты уыдысты Моисейы закъоны хай. Уыцы Закъоны уыди 600 фӕдзӕхсты ӕмӕ дзы фыст уыд, Хуыцау ӕмӕ Израилы адӕмы ’хсӕн цы бадзырд уыд, уый (Рацыд 34:27). Хуыцау Израилы адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Моисейы закъон куы ’ххӕст кӕной, уӕд фӕрнӕйдзаг цард кӕй кӕндзысты (Дыккаг закъон 28:1–14). Фӕлӕ Закъоны сӕйраг нысан уыд израилӕгты зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кӕнӕ Чырыстийы ӕрцыдмӕ бацӕттӕ кӕнын (Галатӕгтӕм 3:24).

 Чырыстӕтты Дӕс фӕдзӕхсты ӕххӕст кӕнын хъӕуы?

 Нӕ. Хуыцау йӕ Закъон, уыимӕ Дӕс фӕдзӕхсты дӕр, радта ӕрмӕстдӕр рагон Израилы адӕмӕн (Дыккаг закъон 5:2, 3; Псалом 147:19, 20). Чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, суанг дзуттаг чырыстӕттӕм дӕр «Закъон ницыуал бар дардта» b (Ромӕгтӕм 7:6). Моисейы закъон ивд ӕрцыд «Чырыстийы закъонӕй», уыцы закъонмӕ хауы, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цыдӕриддӕр амыдта, уый (Галатӕгтӕм 6:2; Матфейы 28:19, 20).

 Дӕс фӕдзӕхсты ма абон дӕр пайда сты?

 О. Дӕс фӕдзӕхсты фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый ӕмӕ сӕ куы иртасӕм, уӕд нын стыр пайда уыдзысты (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Дӕс фӕдзӕхсты цы уагӕвӕрдтыл арӕзт сты, уыдон никуы базӕронд уыдзысты (Псалом 111:7, 8). Уыцы уагӕвӕрдтӕй бирӕтыл арӕзт сты, Ног Фӕдзӕхсты цы ахуырӕдтӕ ис, уыдон, афтӕ хонынц Библийы хай. (Кӕс « Дӕс фӕдзӕхсты цы уагӕвӕрдтыл арӕзт уыдысты, уыдон сты Ног Фӕдзӕхсты дӕр».)

 Чырысти ахуыр кодта, Моисейы закъон ӕмӕ Дӕс фӕдзӕхсты дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхстыл арӕзт кӕй уыдысты. Чырысти загъта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст. Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“. Ацы дыууӕ фӕдзӕхстыл лӕууы ӕгас Закъон дӕр» (Матфейы 22:34–40). Уӕдӕ кӕд чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр хъуамӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы уарзой (Иоанны 13:34; 1 Иоанны 4:20, 21).

  «Дӕс фӕдзӕхсты цы уагӕвӕрдтыл арӕзт уыдысты, уыдон сты Ног Фӕдзӕхсты дӕр»

Уагӕвӕрд

Ног Фӕдзӕхсты кӕм ӕмбӕлы

Кув ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн

Раргомад 22:8, 9

Мӕнг хуыцӕуттӕн ма кув

1 Коринфӕгтӕм 10:14

Хуыцауы номӕн кад кӕн

Матфейы 6:9

Хуыцауӕн ӕппынӕдзух лӕггад кӕн

Дзуттӕгтӕм 10:24, 25

Дӕ ныййарджыты нымай

Ефесӕгтӕм 6:1, 2

Ма амар

1 Иоанны 3:15

Ма хӕт

Дзуттӕгтӕм 13:4

Ма адав

Ефесӕгтӕм 4:28

Мӕнгӕвдисӕн макӕй ныхмӕ ныллӕуу

Ефесӕгтӕм 4:25

Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бӕлл

Лукайы 12:15

a Дзуттаг энциклопедийы фыст сты, дзуттӕгтӕ сӕ куыд фыстой, афтӕ: «Ра[цыд] 20:2 у фыццаг „ныхас“ ӕмӕ 3–6 стихтӕ та нымад цӕуынц иу фӕдзӕхстыл, ома „дыккагыл“» (The Jewish Encyclopedia). Католиктӕ та Рацыды 20 сӕры 1–6 стихтӕ иу фӕдзӕхстыл нымайынц. Уымӕ гӕсгӕ, фӕдзӕхст, Хуыцауы ном ма ӕгад кӕн, зӕгъгӕ, нымад у дыккаг фӕдзӕхстыл. Цӕмӕй фӕдзӕхстытӕ дӕс уыдаиккой, уый тыххӕй фӕстаг фӕдзӕхст, искӕй усмӕ бӕллын ӕмӕ искӕй мулкмӕ бӕллын, адих кодтой дыууӕ хицӕн фӕдзӕхстыл.

b Ромӕгтӕм 7:7 стихы Павел дзырдта, Закъоны цӕй кой цыд, уый тыххӕй ӕмӕ цӕвиттонӕн ӕрхаста дӕсӕм фӕдзӕхст, ӕмӕ уый бӕлвырд кӕны, Моисейы закъоны Дӕс фӕдзӕхсты кӕй уыд.