Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Археологтӕ цы ссардтой, уый бӕлвырд кӕны, паддзах Давид ӕцӕгдӕр кӕй цард

Археологтӕ цы ссардтой, уый бӕлвырд кӕны, паддзах Давид ӕцӕгдӕр кӕй цард

 Библимӕ гӕсгӕ, Израилы паддзах Давид цард н. э. размӕ 11 ӕнусы, йӕ байзӕддӕгтӕ паддзӕхтӕ уыдысты цалдӕр сӕдӕ азы дӕргъы. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ зӕгъынц, Давид кӕй у ӕрымысгӕ адӕймаг, кӕнӕ, адӕм сӕхӕдӕг бирӕ фӕстӕдӕр кӕй ӕрымысыдысты, ахӕм таурӕгъты хъайтар. Цымӕ паддзах Давид ӕцӕгдӕр цард?

 1993 азы археолог Авраам Биран ӕмӕ йӕ къорд Израилы цӕгатаг хайы, Тель-Даны, ссардтой дуры къӕртт цавӕрдӕр фыстытимӕ. Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ дӕр, «Давиды хӕдзар», зӕгъгӕ. Фыстытӕ сты рагон семитаг ӕвзӕгтӕй иуыл ӕмӕ, ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фыст ӕрцыдысты н. э. размӕ фарӕстӕм ӕнусы. Уыцы дур, ӕвӕццӕгӕн, уыд, арамейӕгтӕ-иу израилӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз сты, уый номыл кӕй сӕвӕрдтой, уыцы цыртдзӕвӕнӕй иу къӕртт.

 Иу публикацийы фыст ис: «Иуӕй-иутӕн ацы фыст, „Давиды хӕдзар“, зӕгъгӕ, фаг бӕлвырдгӕнӕн нӕу. [...] Фӕлӕ, Библи чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕн ӕмӕ археологтӕн сӕ фылдӕр фидарӕй загътой, Тел-Даны цыртдзӕвӕн кӕй у фыццаг фидар бӕлвырдгӕнӕн, паддзах Давид ӕцӕгдӕр кӕй цард, уымӕн. Журнал „Библийы археологийы афӕлгӕст“ уыцы бӕлвырдгӕнӕн бахаста, археологтӕ Библийы хабӕрттимӕ баст дзауматӕй кӕй ссардтой, уыдонӕн сӕ сӕйрагдӕрты номхыгъдмӕ (Biblical Archaeology Review)» (Bible History Daily).