Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ рӕстӕджы адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Нӕ рӕстӕджы адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

 «Хъуамӕ иу ӕххормаг адӕймаг дӕр ма уа». Ахӕм нысан сӕвӕрдтой сӕ разы дунейы хицӕуттӕ, цӕмӕй адӕмы се стырдӕр бӕллӕхтӕй иуӕй фервӕзын кӕной a. Фӕлӕ цымӕ искуы афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр хӕринагхъуаг нал ӕййафдзӕн? Уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Библийы фыст ис, адӕм нӕ рӕстӕджы хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты

 Библийы фыст ис, «фӕстаг бонты», ома нӕ рӕстӕджы, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты (2 Тимофеймӕ 3:1). Уый Хуыцауы аххос нӕу, фӕлӕ нӕ рагацау бафӕдзӕхста, афтӕ кӕй уыдзӕн, уымӕй (Иаковы 1:13). Ӕркӕсӕм дыууӕ пехуымпарадмӕ.

 «Куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Матфейы 24:7). Ӕхсӕнадӕмон организацитӕ цы хыгъд бацӕттӕ кодтой, уым фыст ис: «Дуне дардӕй-дарддӕр кӕны йӕ нысанӕй. Йӕ нысан та у, цӕмӕй хӕринагхъуаг мачиуал ӕййафа ӕмӕ адӕмӕн алкӕддӕр хӕрзгъӕд хӕринаг уа» b. Милуангай адӕмӕн бирӕ бӕстӕты фаг хӕринаг нӕй. Уый аххосӕй бирӕтӕ мӕлгӕ дӕр акӕнынц.

 «Акастӕн, ӕмӕ федтон сау бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ къухы уыди барӕнтӕ» (Раргомад 6:5). Ацы пехуымпарады цы бӕхы ӕмӕ цы барӕджы кой ис, уыдон амонынц, фӕстаг бонты ӕххормагдзинад кӕй уыдзӕн, уымӕ c. Барӕгӕн йӕ къухы цы барӕнтӕ ис, уыдон сты хӕринаг барынӕн, цӕмӕй дзы алкӕмӕдӕр ӕрхауа. Уыцы барӕг размӕ цӕуы, ӕмӕ кӕйдӕр хъӕлӕс хъуысы. Уый дзуры, хӕринаг тынг зынаргъ кӕй уыдзӕн ӕмӕ адӕмы фӕдзӕхсы, цӕмӕй йыл фӕстауӕрц кӕной (Раргомад 6:6). Уый хорз ӕвдисы, абон милуантӕн сӕ бон кӕй нӕу хӕрзгъӕд хӕринаг самал кӕнын.

Ӕххормагдзинадӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн?

 Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, зӕхх уыйбӕрц хойраг дӕтты, ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр фагӕй фылдӕр у. Ӕмӕ уӕд адӕм хӕринагхъуаг цӕмӕн ӕййафынц? Уыцы бӕллӕхӕн не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ d кӕрон куыд скӕндзӕн, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

 Хъуыддаг цӕй мидӕг ис? Хицӕуттӕн сӕ бон нӕу мӕгуырдзинадӕн ӕмӕ, адӕм ӕххормаг кӕй тыххӕй ӕййафынц, уыцы хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕнын.

 Хуыцау цы сараздзӕн? Ӕнӕххӕст хицауӕдты бӕсты уыдзӕн ӕххӕст хицауад – Хуыцауы Паддзахад (Данел 2:44; Матфейы 6:10). Абон бирӕ мӕгуыр адӕмӕн сӕ бон нӕу хӕринаг амал кӕнын. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕттын куы райдайа, уӕд афтӕ нал уыдзӕн. Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй Библийы фыст ис: «Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны. Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Псалом 72:12, 16).

 Хъуыддаг цӕй мидӕг ис? Хӕстыты аххосӕй бӕстӕ ныппырх вӕййы, ӕмӕ экономикӕ заууатмӕ ӕрцӕуы. Уый тыххӕй адӕмӕн сӕ бон нал вӕййы фаг хӕринаг амал кӕнын.

 Хуыцау цы сараздзӕн? «[Йегъовӕ] зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ. Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ судзы» (Псалом 46:9). Хуыцау фесафдзӕн хӕцӕнгарз ӕмӕ, хӕстытӕ кӕй аххосӕй цӕуынц, уыдоны. Ӕмӕ уӕд хӕринаг амал кӕнын зын никӕмӕнуал уыдзӕн. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн, ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад» (Псалом 72:7).

 Хъуыддаг цӕй мидӕг ис? Ӕвзӕр боныхъӕды ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхты аххосӕй хор фесӕфы ӕмӕ фос фӕццагъды вӕййы.

 Хуыцау цы сараздзӕн? Хуыцау афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй ӕрдзон тыхтӕ зиан мауал хӕссой, ӕмӕ зӕхх хъӕздыг тыллӕг дӕтта. Библийы фыст ис: «[Йегъовӕ] банцайын кӕны тыхдымгӕ, ӕмӕ денджызы уылӕнтӕ ныссабыр вӕййынц. Ӕдзӕрӕг быдыр та фестын кӕны цад, ӕнӕдон бӕстӕ – доны гуылфӕнтӕ. Ӕмӕ уым ӕрцӕрын кӕны ӕххормаг адӕмы... Сӕ хуымтӕ байтауынц ӕмӕ скӕнынц сӕнӕфсирдӕттӕ, цӕмӕй сын хъӕздыг тыллӕг дӕттой» (Псалом 107:29, 35–37).

 Хъуыддаг цӕй мидӕг ис? Ӕнӕниздзинадӕн зиан чи хӕссы, ахӕм хӕринӕгтӕ уадзынц ӕмӕ, хӕринагхъуаг чи ӕййафы, уыдонмӕ та хӕринаг нӕ хӕццӕ кӕны. Ӕмӕ афтӕ у зыд ӕмӕ гӕртамхор адӕмы аххосӕй.

 Хуыцау цы сараздзӕн? Хуыцауы Паддзахад мӕнгард ӕмӕ гӕртамхор адӕмы фесафдзӕн (Псалом 37:10, 11; Исай 61:8). Библийы Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Уый рахӕцы, кӕй сайынц, уыдоны сӕрыл. Ӕххормаг чи у, уыдонӕн дӕтты хӕринаг» (Псалом 146:7).

 Хъуыддаг цӕй мидӕг ис? Дунейы цы хойраг ис, уымӕн алы аз дӕр йе ’ртыккаг хай сӕвзӕр вӕййы кӕнӕ йӕ аппарынц.

 Хуыцау цы сараздзӕн? Зӕхх Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд хӕринагӕн аргъ кӕнын зондзысты, ӕмӕ нал сӕфдзӕн. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд архайдта, цӕмӕй иу къӕбӕр дӕр дзӕгъӕлы ма фесӕфтаид. Зӕгъӕм, иухатт 5 000 адӕймагӕй фылдӕр бафсӕста. Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цы къӕбӕртӕ дзы баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, цӕмӕй дзы мацы фесӕфа» (Иоанны 6:5–13).

 Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн, адӕм хӕринагхъуаг цӕй тыххӕй ӕййафынц, уыдӕттӕн, ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн фагӕй фылдӕр хӕрзад ӕмӕ пайда хӕринаг (Исай 25:6). Уый кӕд уыдзӕн, уый базоныны тыххӕй бакӕс статья «Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕд дӕтдзӕн?».

a The 2030 Agenda for Sustainable Development, adopted by all United Nations Member States in 2015.

b A joint report by the Food and Agriculture Organization of the United Nations, the International Fund for Agricultural Development, the United Nations Children’s Fund, the United Nations World Food Programme, and the World Health Organization.

c Раргомады чиныджы цы цыппар барӕджы кой цӕуы, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Цыппар барӕджы чи сты?».

d Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».