Колоссӕгтӕм 3:1—25

3  Фӕлӕ кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут+, уӕд дарддӕр дӕр тырнут, уӕлӕрвты цы ис, уымӕ+ – Чырысти уым бады Хуыцауы рахиз фарс+.  Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл+, зӕххон хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ+.  Сымах амардыстут+, ӕмӕ уӕ цард+ ис Чырыстийы къухы, Чырысти та ис Хуыцауимӕ иудзинады+.  Ӕмӕ Чырысти – нӕ цард+ – куы фӕзына, уӕд йемӕ иумӕ кады+ мидӕг фӕзындзыстут+ сымах дӕр.  Уӕдӕ амарут+ уӕ зӕххон буары фӕндтӕ+: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын+, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕнын*+, уымӕн ӕмӕ зыд кӕнын у мӕнгхуыцӕуттӕн кувын.  Уыдӕтты тыххӕй Хуыцау адӕмыл йӕ маст ныккалдзӕн+.  Ахӕм хъуыддӕгтӕ раздӕр сымах дӕр кодтат+.  Фӕлӕ ныр ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ+: фыдӕх, маст, ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас+ ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ӕнӕфсарм ныхас+ дӕр макуы схауӕд.  Кӕрӕдзийы ма сайут+. Зӕронд удыхъӕд*+ йӕ митимӕ ныууадзут* 10  ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ+ раивут* – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы, чи йӕ сфӕлдыста, уый удыхъӕдмӕ гӕсгӕ+. 11  Ӕмӕ йӕ удыхъӕд кӕмӕн сног, уымӕн та уӕлдай нӕу, адӕймаг грекъаг у ӕви дзуттаг, сунӕтгонд ӕви ӕнӕсунӕт, ӕцӕгӕлон, скиф, цагъар ӕви сӕрибар+, фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Чырысти ӕмӕ уый ис ӕппӕты мидӕг дӕр+. 12  Уӕдӕ Хуыцауы ӕвзӕрстытӕн+, йӕ сыгъдӕг ӕмӕ йӕ уарзон адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын+, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг+, фӕлмӕн+ ӕмӕ бирӕфӕразон*+. 13  Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут*+ ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут+. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта+, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат. 14  Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд* уарзондзинад+, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл+. 15  Ӕмӕ уадз уӕ зӕрдӕты+ мидӕг хицау уӕд Чырыстийы фарн+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау уымӕ ӕрхуыдта, цӕмӕй суат иу буар+ ӕмӕ уӕм уа фарн. Ӕмӕ бузныг ут. 16  Чырыстийы ныхас уӕ зӕрдӕты уӕд парахатӕй ӕппӕт зондимӕ+. Кӕрӕдзийы ахуыр кӕнут+ ӕмӕ фидар кӕнут* псаломтӕй+, кады зарджытӕй ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ дины зарджытӕй+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй зарут+. 17  Ӕмӕ цыфӕнды ма дзурат ӕмӕ цыфӕнды ма аразат+,– ӕппӕт дӕр аразут нӕ Хицау Йесойы номыл+, ӕмӕ уый номӕй алцӕй тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут+ Хуыцауӕн, нӕ Фыдӕн. 18  Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут+, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ ӕмбӕлы. 19  Сымах та, лӕгтӕ, алкӕддӕр уарзут уӕ устыты+ ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут+. 20  Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут+, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ. 21  Фыдӕлтӕ, уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут+, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой. 22  Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ зӕххон хицӕутты+ коммӕ кӕсут. Ӕмӕ афтӕ кӕнут, куы уӕ фӕуынынц, ӕрмӕст уӕд нӕ, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕ балхӕнат+, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Йегъовӕйӕ тӕрсут, афтӕмӕй+. 23  Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй*+, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут+, афтӕ, 24  уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, уый тыххӕй уын Йегъовӕ кӕй ратдзӕн хӕрзиуӕг+ – бынтӕ+. Уӕ Хицау Чырыстийӕн цагъартау+ лӕггад кӕнут. 25  Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уымӕн та фыст ӕрцӕудзӕн+, ӕвзӕрӕй цы сарӕзта, уый, уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «хӕлӕг кӕнын; ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ бӕллын».
Комк. «адӕймаджы».
Комк. «раласут» – адӕймаг йӕ дзаумӕттӕ куыд раласы, афтӕ.
Комк. «ӕмӕ уӕ уӕлӕ скӕнут ног» – адӕймаг йӕ уӕлӕ дзаумӕттӕ куыд скӕны, афтӕ.
Грекъаг текст куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ацы миниуджытӕ адӕймаджы хъӕуы, дӕ уӕлӕ дзаумӕттӕ куыд скӕнай, афтӕ скӕнын.
Кӕнӕ «быхсут».
Комк. «уӕ уӕлӕ скӕнут».
Кӕнӕ «зонд амонут».
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.