Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 4 2017 | Библийы цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис?

КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?

Цымӕ Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм мӕлой? Библи зӕгъы: «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4).

Ацы брошюрӕйӕ базонӕн ис, Библи цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы дзуры, уый.

 

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Хъуыдытыл чи ӕфтауы, ахӕм фарста

Мӕлӕты фӕстӕ цы ӕрцӕуы, уый фӕдыл бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон кӕм у, ӕууӕндӕн кӕуыл уа, ахӕм дзуапп ссарын?

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Библийы цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис?

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма дзы цӕргӕйӕ исты баззайы? Ӕнӕмӕлгӕ уд нын ис? Мӕрдтӕ кӕм сты?

Исчи нын мӕлӕтдзаг рынчын куы уа

Бинонтӕн сӕ бон у, мӕлӕтдзаг низӕй рынчын сын чи у, уымӕн йӕ уавӕр фӕрогдӕр кӕнын ӕмӕ йӕм кӕсын? Рынчынмӕ чи кӕсы, уыдонӕн сӕ бон куыд у уыцы уавӕры сӕхиуыл хӕцын ӕмӕ фидар лӕууын?

Элиас Гуттер ӕмӕ йӕ диссаджы тӕлмацтӕ

16 ӕнусы ахуыргонд Элиас Гуттер мыхуыры рауагъта дыууӕ Библийы дзуттаг ӕвзагыл, ӕмӕ уыдысты стыр пайда.

Ӕппӕты гыццылдӕр дзуттаг дамгъӕйӕн ис стыр уӕз

Чырыстийы цы зӕгъын фӕндыд, алфавиты ӕппӕты гыццылдӕр дамгъӕйы кой куы кодта, уӕд?

Дзӕнӕт зӕххыл. Ӕрымысгӕ ӕви ӕцӕг хабар?

Зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыд, фӕлӕ стӕй кӕй фесӕфт, уыцы хъуыды адӕмы зонды алкӕддӕр уыд. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй та зӕххыл дзӕнӕт уа?

Библи цы дзуры?

Абон адӕмы цард сагъӕстӕй йедзаг у. Цымӕ сӕ искуы фервӕздзыстӕм?

Фылдӕр информаци онлайн

Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

Ацы фарстайӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уый нын у стыр удӕнцой ӕмӕ ныфсы хос.