Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?

Библи фесафын никӕй бон баци

Библи фесафын никӕй бон баци

ТӔССАГ ЫН ЦӔМӔЙ УЫД. Политиктӕй ӕмӕ дины разамонджытӕй бирӕтӕн сӕ нысан уыди, цӕмӕй Библийы хабар адӕммӕ ма фӕхӕццӕ уыдаид. Ӕмӕ-иу арӕх сӕ бартӕй пайда кодтой, цӕмӕй адӕммӕ Библитӕ ма уыдаид, ма йӕ тӕлмац кодтаиккой, къопитӕ дзы ма кодтаиккой ӕмӕ йӕ ма мыхуыр кодтаиккой. Ӕркӕсӕм дыууӕ хабармӕ.

  • Н. э. размӕ 167 азмӕ ’ввахс. Паддзах Антиох Епифан, Селевкидты хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕн грекъаг дин тыхӕй исын кодта. Уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта, цӕмӕй Дзуттаг Фыстытӕ иууылдӕр фесӕфтаиккой. Историк Генрих Грец ныффыста, зӕгъгӕ, дам-иу йӕ фӕсдзӕуинтӕ «Закъоны тыхтӕттӕ искуы куы ссардтой, уӕд-иу сӕ ныскъуыдтӕ кодтой ӕмӕ-иу сӕ басыгътой; чи сӕ каст ӕмӕ удӕнцойы хос кӕмӕн уыдысты, уыдоны та-иу амардтой».

  • Астӕуккаг ӕнустӕ. Католикон аргъуаны разамонджыты зӕрдӕмӕ нӕ цыди, хуымӕтӕг адӕм католикон аргъуаны ахуырӕдты бӕсты, Библийы цы фыст уыди, уый кӕй хъусын кодтой. Уымӕ гӕсгӕ-иу латинаг ӕвзагыл Псаломтӕй фӕстӕмӕ Библийы чингуытӕй ӕндӕр искӕцы кӕмӕ ссардтой, уый-иу аргъуаны знагыл банымадтой. Иу аргъуаны разамонджытӕ уынаффӕ рахастой, цӕмӕй сӕ адӕм «бӕстон ӕмӕ ӕппынӕдзух агурой аргъуаны знӕгты... сӕ зӕрдӕ-иу кӕмӕ фехсайа, ӕппӕт уыцы хӕдзӕртты ӕмӕ пъадвӕлтты. [...] Аргъуаны знаг цы хӕдзары ссарой, уый хъуамӕ пырхгонд ӕрцӕуа».

Библийы знӕгтӕн сӕ фӕнд сӕ къухы куы бафтыдаид, уӕд нӕ рӕстӕгмӕ не ’рхӕццӕ уыдаид.

Уильям Тиндал англисаг ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодта, уыцы Библи фесафын знӕгтӕн нӕ бантыст, кӕд-иу Библитӕ басыгътой ӕмӕ йын йӕхи та 1536 азы амардтой, уӕддӕр

БИБЛИ КУЫД АИРВӔЗТ. Паддзах Антиох йӕ тыхтӕ сарӕзта, Израилы чи цард, уыцы дзуттӕгты ныхмӕ. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ цардысты бирӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, н. э. фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕн се 60 проценты цардысты ӕндӕр бӕстӕты. Се ’мбырдгӕнӕнты уыди Фыстады къопитӕ – уыцы къопитӕй пайда кодтой фӕстӕдӕры фӕлтӕртӕ, уыимӕ чырыстӕттӕ дӕр (Хъуыддӕгтӕ 15:21).

Библи чи уарзта, уыдоны кӕд астӕуккаг ӕнусты тынг ӕфхӕрдтой, уӕддӕр сын уый сӕ ныфс нӕ асаста, ӕмӕ дарддӕр дӕр Фыстад тӕлмац кодтой ӕмӕ дзы къопитӕ кодтой. 15 ӕнусы ӕмбисмӕ, мыхуыргӕнӕн станок куы нӕма уыд, суанг уӕд дӕр, Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ тӕлмацгонд уыдысты ӕппынкъаддӕр 33 ӕвзагмӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Библи фылдӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын райдыдтой ӕмӕ йӕ мыхуыр кодтой.

УЫЙ ХОРЗӔЙ ЦЫ ’РХАСТА. Кӕд хъомысджын паддзӕхтӕ Библи фесафынмӕ хъавыдысты ӕмӕ кӕд, сауджынтӕ цы арӕзтой, уый дӕр йӕ пайдайӕн нӕ уыд, уӕддӕр абон уымӕй парахатдӕр чиныг нӕй ӕмӕ уымӕй фылдӕр ӕвзӕгтӕм ӕндӕр никӕцы чиныг ратӕлмац кодтой. Библи тынг фӕзынд кӕцыдӕр бӕстӕтӕн сӕ закъӕттыл ӕмӕ се ’взагыл, стӕй милуангай адӕмы цардыл.