Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бернетт, Симонӕ, Эстон ӕмӕ Кейлеб

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Океани

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Океани

РЕНЕЙ у Австралийӕ. Ацы хойыл цӕуы 35 азы бӕрц ӕмӕ схъомыл, Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм бинонты ’хсӕн. Реней радзырдта: «Нӕ бинонтӕ-иу арӕх ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм рӕттӕм. Мӕ ныййарджытӕ-иу архайдтой, цӕмӕй нын уыцы рӕстӕг цины хос уыдаид. Ӕмӕ мӕхицӕн дыууӕ сывӕллоны куы фӕзынд, уӕд мӕ фӕндыд, цӕмӕй уыдонӕн дӕр ахӕм цард уыдаид».

Ренейы сӕрыхицауыл, Шейныл, цӕуы 40 азмӕ ӕввахс, ӕмӕ уымӕн дӕр йӕ разы ахӕм нысӕнттӕ уыди. Шейн радзырдта: «Дыккаг сывӕллон нын куы райгуырд, уый фӕстӕ „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ бакастыстӕм, яхтӕйыл Сабыр океаны хуссар-ныгуылӕн хайы Тонгӕйы сакъадӕхтӕм хъусын кӕнынмӕ чи ацыд, иу ахӕм бинонты тыххӕй *. Уыцы статья нӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Австралийы ӕмӕ Ног Зеландийы цы филиалтӕ уыд, уырдӕм ныффыстаиккам ӕмӕ базыдтаиккам, хъусынгӕнджыты ӕххуыс тынгдӕр кӕм хъӕуы, уый *. Гъемӕ нӕ фӕхуыдтой Тонгӕмӕ – статьяйы кӕй тыххӕй кастыстӕм, растдӕр уыцы сакъадӕхтӕм!»

Джейкоб, Реней, Скай ӕмӕ Шейн

Шейн, Реней ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ, Джейкоб ӕмӕ Скай, Тонгӕйы иу афӕдзы бӕрц куы фӕцардысты, уӕд дзы змӕстытӕ райдыдтой, ӕмӕ сӕ бахъуыд фӕстӕмӕ Австралимӕ аздӕхын. Фӕлӕ сӕ нӕ ферох, сӕ разы цы нысан уыд, уый – хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Ӕмӕ 2011 азы ацыдысты, Австралийӕ скӕсӕнырдӕм 1 500 километры кӕмӕ хъӕуы, Сабыр океаны иу ахӕм гыццыл сакъадахмӕ – Норфолкы сакъадахмӕ. Цымӕ уыцы бинонтӕн ног ран сӕ хабар куыд рауад? Ныр Джейкобыл цӕуы 14 азы, ӕмӕ зӕгъы: «Хуыцау ныл алы хъуыддаджы дӕр батыхсти. Стӕй нын Йегъовӕйы фӕрцы нӕ лӕггад дӕр стыр циндзинад хаста!»

ӔГАС БИНОНТӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫНЦ

Шейны бинонтау ма ноджыдӕр бирӕ бинонтӕ разындысты цӕттӕ, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм рӕттӕм лӕггад кӕнынмӕ ацӕуынмӕ. Цымӕ сӕ уымӕ цы баразӕнгард кодта?

«Адӕм хорз хабармӕ зӕрдиагӕй хъуыстой. Ӕмӕ мах фӕндыд, цӕмӕй сын Библи ахуыр кӕныны фадат уыдаид» (Бернетт)

Бернетт ӕмӕ Саймонӕйыл цӕуы 35 азы бӕрц ӕмӕ сын ис дыууӕ лӕппуйы. Эстоныл цӕуы 12 азы, Кейлебыл та – 9 азы. Ацы бинонтӕ ацыдысты дард горӕт Берктаунмӕ (Квинсленд, Австрали). Бернетт загъта: «Ӕвдисӕнтӕ уырдӕм хъусын кӕнынмӕ цыдысты ӕрмӕстдӕр ӕртӕ-цыппар азы иу хатт. Адӕм хорз хабармӕ зӕрдиагӕй хъуыстой. Ӕмӕ мах фӕндыд, цӕмӕй сын Библи ахуыр кӕныны фадат уыдаид».

Джим, Джек, Марк ӕмӕ Карен

Марк ӕмӕ Карен, ныр сыл цӕуы 50 азӕй гыццыл фылдӕр, сӕ сывӕллӕттимӕ, Джессикӕ, Джим ӕмӕ Джекимӕ, лӕггад кодтой, Австралийы горӕт Сиднеймӕ ӕввахс чи уыд, цалдӕр ахӕм ӕмбырды. Уый фӕстӕ бинонтыдзагӕй ацыдысты Нулунбаймӕ, Цӕгат Территорийы шахтерты гыццыл горӕтмӕ. Марк загъта: «Адӕмы тынг уарзын, ӕмӕ мӕ фӕндыд, ӕмбырды ӕмӕ уацамынды бирӕ куыст кӕм уыдзӕн, ахӕм ран лӕггад кӕнын». Фӕлӕ райдианы Карен уырдӕм ацӕуынмӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Уый радзырдта: «Марк ӕмӕ мӕ иннӕтӕ ныфс уагътой, ӕмӕ ӕз дӕр мӕхицӕн загътон, зӕгъын, цӕй, цы уа, уый уӕд. Ӕмӕ тынг цин кӕнын, афтӕ кӕй бакодтон, ууыл!»

Бенджамин, Джейд, Бриа ӕмӕ Каролин

2011 азы Бенджамин ӕмӕ Каролин сӕ дыууӕ гыццыл чызгимӕ, Джейд ӕмӕ Бриаимӕ, Квинслендӕй (Австрали) аздӕхтысты Скӕсӕн Тимормӕ, Индонезийы сакъадӕхтӕй сӕ иуыл, Тиморы сакъадахыл, цы гыццыл бӕстӕ ис, уырдӕм. Бенджамин загъта: «Каролинимӕ ма уый размӕ Скӕсӕн Тиморы лӕггад кодтам сӕрмагонд пионертӕй. Ацы ран нын хъусын кӕнын тынг ӕхсызгон уыди, стӕй нын бынӕттон ӕфсымӕртӕ дӕр тынг ӕххуыс кодтой. Ардыгӕй куы цыдыстӕм, уӕд нын тынг зын уыди. Ӕмӕ нӕхицӕн загътам, фӕстӕмӕ ӕнӕмӕнг кӕй ӕрыздӕхдзыстӕм. Сывӕллӕттӕ нын куы фӕзынд, уӕд нӕ нӕ пълӕнттӕ гыццыл аргъӕвын бахъуыд, фӕлӕ нӕ фӕнд нӕ аивтам». Каролин дӕр загъта: «Мах фӕндыд, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕ уыдаиккой миссионерты, вефилӕгты ӕмӕ сӕрмагонд пионерты ’хсӕн ӕмӕ сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цины хос уыдаид».

ӔНДӔР РАНМӔ АЦӔУЫНМӔ ЦӔТТӔ КӔНГӔЙӔ

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн?» (Лук. 14:28). Уӕдӕ бинонтӕ дӕр иу ранӕй иннӕ ранмӕ ацӕуын куы фӕнд кӕной, уӕд хъуамӕ алцыдӕр хорз спълан кӕной. Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

УЫРНЫНДЗИНАД. «Мах фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕн лӕггад кодтаиккам ӕмӕ уаргъ макӕмӕн уыдаиккам,– загъта Бенджамин.– Гъемӕ, цалынмӕ нӕ ацыдыстӕм, уӕдмӕ бацархайдтам, цӕмӕй нӕ уырнындзинад бафидар кодтаиккам. Уымӕй уӕлдай ма фылдӕр архайдтам хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты».

Гыццыл раздӕр кӕй кой скодтам, уыцы ӕфсымӕр Джейкоб загъта: «Цалынмӕ Норфолкы сакъадахмӕ нӕ ацыдыстӕм, уӕдмӕ „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ ӕмӕ „Райхъал ут!“-ы бакастыстӕм, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ чи ацыд, ахӕм бинонты биографитӕ. Стӕй-иу ныхас кодтам, уыцы бинонтӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта, ууыл». Йӕ 11-аздзыд хо, Скай, загъта: «Йегъовӕмӕ бирӕ фӕкуывтон – мӕхӕдӕг дӕр, стӕй мамӕ ӕмӕ папӕимӕ дӕр!»

ЗОНДАХАСТ. Реней загъта: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕ кӕм сты ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ кӕм цыди, уыцы ран баззайын мын ӕнцондӕр уыдаид. Фӕлӕ цы ныууагътон, уыдӕттыл сагъӕс кӕныны бӕсты хъуыды кодтон, ног ранмӕ ацӕуын нӕ бинонтӕн цы пайда фӕуыдзӕн, ууыл».

ӔГЪДӔУТТӔ. Бирӕ бинонтӕ ӕндӕр ранмӕ ацӕуыны размӕ уыцы бынаты тыххӕй фылдӕр базонынц. Марк загъта: «Нулунбайы тыххӕй бакастыстӕм, цыдӕриддӕр ссардтам, уый. Уыцы ран цы ’фсымӕртӕ цӕры, уыдон дӕр нын газеттӕ ӕрӕрвыстой, цӕмӕй бынӕттон адӕм ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй фылдӕр базыдтаиккам».

Норфолкы сакъадахмӕ чи ацыд, уыцы ӕфсымӕр Шейн загъта: «Ӕппӕты тынгдӕр архайдтон, цӕмӕй мӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кодтаин. Ӕз ӕй зыдтон, сыгъдӕгзӕрдӕ, фӕлмӕн ӕмӕ ӕнӕхин куы уон, стӕй куыстӕй куы нӕ тӕрсон, уӕд мӕ бон кӕмфӕнды дӕр кӕй бауыдзӕн лӕггад кӕнын».

ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ ӔМБӔЛГӔЙӔ

Хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм чи ацыд, уыдон куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, адӕймаг ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд ын бирӕ ӕнцондӕр вӕййы, ног уавӕртыл ахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ куы вӕййы ӕмӕ алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй куы фӕкӕсы, уӕд. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр цӕвиттонмӕ.

Реней загъта: «Ӕз сахуыр дӕн иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ ӕндӕрхуызон аразын. Зӕгъӕм, денджыз тынг куы фӕабухы, уӕд наутӕн сӕ бон нӕ вӕййы Норфолкы сакъадахмӕ бацӕуын, ӕмӕ уый тыххӕй дуканиты хӕринаг къаддӕр вӕййы ӕмӕ алцыдӕр сзынаргъ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ сахуыр дӕн, цы нӕм ис, уымӕй хӕринаг кӕнын». Йӕ цардӕмбал, Шейн, загъта: «Стӕй ма фӕархайӕм, цӕмӕй, иу къуырийы хӕрдзтӕн цы ӕхца рахицӕн кӕнӕм, уый нын фаг кӕна».

Сӕ фырт Джейкоб та ӕндӕр зындзинадыл сӕмбӕлд: «Нӕ ног ӕмбырды махӕй фӕстӕмӕ уыди ӕрмӕстдӕр авд адӕймаджы – ӕмӕ уыдон дӕр мӕнӕй бирӕ хистӕр. Мӕ карӕн дзы ничи уыди! Фӕлӕ семӕ уацамынды кӕй цыдтӕн, уый руаджы цыбыр рӕстӕгмӕ хорз ӕмбӕлттӕ систӕм».

Джимыл ныр цӕуы 21 азы, ӕмӕ уый дӕр ахӕм зындзинадыл сӕмбӕлд: «Нулунбайы ӕмбырдмӕ ӕппӕты ӕввахсдӕр чи у, уыцы ӕмбырдмӕ хъӕуы 725 километры, уымӕ гӕсгӕ конгресстӕн тынг аргъ кӕнӕм. Гъемӕ раздӕр ӕрбацӕуӕм ӕмӕ бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ адджынӕн фӕныхӕстӕ кӕнӕм. Афӕдзы мидӕг нын уыцы фембӕлдтӕ вӕййынц бӕрӕгбӕтты хуызӕн!»

«КУЫД ХОРЗ У, АРДӔМ КӔЙ ӔРЦЫДЫСТӔМ!»

Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг» (Ӕмб. 10:22). Ӕгас зӕххыл дӕр, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уырдӕм чи ацыд, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕхицӕй базыдтой, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты.

«Цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр у, ӕндӕр ранмӕ кӕй ацыдыстӕм, уыцы хъуыддаг нӕ сывӕллӕттыл куыд фӕзынд, уый,– загъта Марк.– Нӕ дыууӕ хистӕр сывӕллоны ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕ ӕнӕмӕнг кӕй батыхсдзӕн, йӕ Паддзахады хъуыддаг царды фыццаг бынаты кӕмӕн ис, уыдоныл. Ӕмӕ ахӕм зондахастӕн балхӕнӕн нӕй».

Шейн загъта: «Мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ сывӕллӕттимӕ ноджы ӕнгомдӕр систӕм. Йегъовӕ сын куыд арфӕ кӕны, уый тыххӕй куы фӕдзурынц, уӕд мын тынг ӕхсызгон вӕййы». Йӕ фырт Джейкоб дӕр загъта: «Ам мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Куыд хорз у, ардӕм кӕй ӕрцыдыстӕм!»

^ 3 абз. Кӕс 2004 азы 15 декабры «Сторожевая башня», 8–11 фӕрстӕ, статья «Друзья Бога на островах Дружбы».

^ 3 абз. 2012 азы Австрали ӕмӕ Ног Зеландийы филиалтӕ баиу кодтой, ӕмӕ ныр у Австралазийы филиал.