Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

РАЙХЪАЛ УТ! № 2 2018 | Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? 12 уынаффӕйы

Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? 12 уынаффӕйы

Мах арӕх фехъусӕм, бинонтӕн сӕ цард цӕй аххосӕй фехӕлы, уый тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы вӕййынц?

  • 1990 азӕй 2015 азмӕ АИШ-ы, 50 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уыдоны нымӕц фӕфылдӕр дыууӕ хатты, 65 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыдонӕй йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уыдоны нымӕц та – ӕртӕ хатты.

  • Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕной, уый нал зонынц: эксперттӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, сывӕллӕттӕй ӕдзух ӕппӕлын кӕй хъӕуы, иннӕтӕ та зӕгъынц, семӕ цас тызмӕгдӕр уай, уыйас хуыздӕр, зӕгъгӕ.

  • Сывӕллӕттӕй бирӕтӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд цардмӕ цӕттӕ нӕ вӕййынц.

Фӕлӕ уӕддӕр:

  • Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой ӕмӕ цӕрӕнбонты кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой.

  • Ныййарджытӕн сӕ бон у, ӕмӕ сахуыр уой сӕ сывӕллӕттӕн зонд амонын ӕмӕ сӕ кӕй уарзынц, уый ӕргом ӕвдисын.

  • Ӕрыгӕттӕн сӕ бон у, царды сӕ чи бахъӕудзӕн, уыцы миниуджытӕ сӕ удыхъӕды фидар кӕнын.

Куыд? Ацы номыры ссардзыстут 12 уынаффӕйы. Уыдон уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ бинонтӕ амондджын уой.

 

1. Кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут

Ӕртӕ хорз уынаффӕйы уын баххуыс кӕндзысты уӕ бинонты цард хъахъхъӕнынӕн.

2. Ӕмвӕндӕй архайут

Мыййаг, дӕ цардӕмбалмӕ ӕцӕгӕлоны цӕстӕй кӕсыс?

3. Кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнут

Базон, дӕ цардӕмбалӕн кӕй аргъ кӕныс, уый дӕ бон куыд у дӕ ныхӕстӕй ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисын.

4. Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнут

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ цардӕмбалы хъӕндзинӕдтӕ мацӕмӕ дарай?

5. Ӕргом ныхас кӕнут

Ӕртӕ уынаффӕйы уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттимӕ ӕнгомдӕр уат.

6. Уӕ сывӕллӕттӕн зонд амонут

Уӕ сывӕллонӕн зонд куы амонат, уӕд йӕхицӕн ӕцӕгдӕр нал аргъ кӕндзӕн?

7. Уӕ сывӕллӕтты хорз миниуджытыл ахуыр кӕнут

Уӕ сывӕллӕтты цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕнат?

8. Уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг ут

Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм уӕ сывӕллӕттӕ хъусой, уӕд дзургӕ цы кӕнут, аразгӕ дӕр уый хъуамӕ кӕнат.

9. Цавӕр адӕймаг дӕ

Ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндынц, ууыл фидар хӕцой?

10. Ӕууӕндӕн дыл уӕд

Цӕмӕй дӕм дӕ ныййарджытӕ сывӕллоны цӕстӕй ма кӕсой, уый тыххӕй дыл хъуамӕ ӕууӕндой.

11. Куыстуарзаг у

Ӕрыгонӕй кусын куы сахуыр уай, уӕд дын уый царды алкӕддӕр пайда уыдзӕн.

12. Дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр

Адӕймаг цавӕрдӕр нысӕнттӕм куы фӕтырны, уӕд фӕныфсджындӕр вӕййы, йе ’мбӕлттимӕ ноджы тынгдӕр балымӕн вӕййы ӕмӕ амондджындӕр вӕййы.

Фылдӕр уынаффӕтӕ бинонтӕн

Библийы уынаффӕтӕ уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ бинонты цардӕй райгонд уат ӕмӕ амондджын уат.