Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 3 2021 | Амондджын фидӕнмӕ куыд ис фӕндаг ссарӕн?

Дӕ бон кӕм у амондджын фидӕнмӕ фӕндаг ссарын? Ацы журналы цы статьятӕ ис, уыдонӕй базондзынӕ, адӕм цы аразынц, цӕмӕй уый сӕ къухы бафта. Стӕй ма базондзынӕ, цӕмӕй адӕймаг рухс фидӕн фена, уымӕн ӕрмӕстдӕр иу мадзал кӕй ис.

 

Алчидӕр бӕллы амондджын фидӕнмӕ

Царды ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуы цавӕрдӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ. Ахӕм уавӕрты нӕ бон кӕм вӕййы ссарын, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уынаффӕтӕ?

Дӕ фидӕн цӕмӕй кӕнгӕ у?

Астрологийӕ чи пайда кӕны, йӕ фыдӕлтӕн чи кувы, къамтӕй чи фӕрсы кӕнӕ реинкарнацийыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ фидӕн ӕнӕуынгӕ тыхтӕй кӕнгӕ у.

Рухс фидӕн уӕлдӕр ахуырадӕй ӕмӕ ӕхцайӕ кӕнгӕ у?

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕм уӕлдӕр ахуырад куы уа ӕмӕ хъӕздыг куы уой, уӕд сӕм рухс фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ фӕфыдӕнхъӕл сты.

Хорз адӕймаг уай, уый фаг у, цӕмӕй рухс фидӕн фенай?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз адӕймаг уай, уый ахсджиаг у. Фӕлӕ уый фаг нӕу, цӕмӕй рухс фидӕн фенай.

Амондджын фидӕнмӕ фӕндаг цӕй фӕрцы ссардзынӕ?

Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ арӕх ӕххуыс ракурӕм, нӕхицӕй хистӕр ӕмӕ зондджындӕр чи у, уыдонӕй. Ӕмӕ нын рухс фидӕнмӕ дӕр фӕндаг амоны, махӕй бирӕ фылдӕр чи цӕры ӕмӕ бирӕ зондджындӕр чи у, уый.

Цавӕр фидӕн равзардзынӕ?

Нӕ бон цы у равзарын?

Амондджын фидӕнмӕ фӕндаг

Куыд хъуыды кӕныс, амондджын фидӕнмӕ цавӕр фӕндаг кӕны?