Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи цы дзуры?

Библи цы дзуры?

Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?

ИУӔЙ-ИУТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд кӕй фӕцӕры ӕндӕр буары кӕнӕ ӕндӕр ран. Иннӕтӕ та зӕгъынц, мӕлӕты фӕстӕ кӕй ницыуал вӕййы. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Мӕрдтӕ ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Адӕймаг куы амӕлы, уӕд нал вӕййы, никуыуал фӕцӕры.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Фыццаг адӕймаг, Адам, куы амард, уӕд фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхт (Райдиан 2:7; 3:19). Уӕдӕ иннӕ адӕм дӕр куы амӕлынц, уӕд уыдон дӕр сыджытмӕ аздӕхынц (Екклесиаст 3:19, 20).

  • Чи амӕлы, уыдон сӕ тӕригъӕдты хӕсӕй ссӕрибар вӕййынц, ома сын хатыргонд ӕрцӕуынц (Ромӕгтӕм 6:7). Адӕймаг цы тӕригъӕдтӕ ракодта, уыдоны тыххӕй йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕфхӕрд нал баййафы.

Чи амард, уыдон ма искуы цардмӕ раздӕхдзысты?

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТИС?

  • О

  • Нӕ

  • Чи зоны

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН