Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Бирӕ ӕвзӕр миниуджытӕ мӕм уыд»

«Бирӕ ӕвзӕр миниуджытӕ мӕм уыд»
  • РАЙГУЫРД: 1960 АЗ

  • БӔСТӔ: ФИНЛЯНДИ

  • РАЗДӔР: РОК-МУЗЫКАНТ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз схъомыл дӕн наулӕууӕн горӕт Туркуйы, сау куыст чи кӕны, уыдон кӕм цӕрынц, уыцы районы. Мӕ фыд хӕцыд боксӕй ӕмӕ уыд чемпион. Мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕмӕ ӕз дӕр цыдыстӕм боксмӕ. Скъолайы ахуыр кӕнгӕйӕ-иу иннӕтимӕ арӕх хыл кодтон. Гыццыл куы фестырдӕр дӕн, уӕд фыдуаг лӕппутимӕ сбӕндӕн дӕн ӕмӕ-иу ноджы карздӕр хылты бахаудтӕн. Уымӕй уӕлдай ма бауарзтон хеви-метал, ӕмӕ мӕ бафӕндыд, цӕмӕй рок-музыкант суыдаин ӕмӕ мӕ ном дӕрдтыл айхъуыстаид.

Цалдӕр барабаны балхӕдтон, музыкалон къорд скодтон ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр къорды солист сдӕн. Сценӕйы ӕрра митӕ кӕнын тынг уарзтон. Фыдзонд кӕй уыдыстӕм, стӕй нын адӕм ӕрмӕст нӕ хуызӕй дӕр кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ нӕ кой айхъуыст. Нӕ концертты-иу афтид бынӕттӕ нал уыд. Цалдӕр альбомы ныффыстам, фӕстаг альбом адӕмы зӕрдӕмӕ уӕлдай тынгдӕр фӕцыд. 1980 азты кӕрон ацыдыстӕм Америкӕйы Иугонд Штаттӕм, цӕмӕй уым дӕр нӕхицӕн ном скодтаиккам. Цалдӕр концерты нын уыд Нью-Йорчы ӕмӕ Лос-Анджелесы ӕмӕ цалынмӕ фӕстӕмӕ Финляндимӕ не ’рцыдыстӕм, уӕдмӕ зындгонд музыканттӕй кӕимӕдӕрты базонгӕ стӕм.

Цы куыстон, уый кӕд мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, уӕддӕр мын царды цыдӕр нӕ фаг кодта. Музыканттӕ размӕ рацӕуыны тыххӕй кӕрӕдзийыл куыд нӕ ауӕрстой ӕмӕ кӕрӕдзи сӕртыл куыд лӕгӕрстой, уый куы федтон, уӕд фыдӕнхъӕл фӕдӕн. Мӕ царды уагӕй мӕ зӕрдӕ нал рухс кодта. Мӕхимӕ тынг ӕвзӕр адӕймаг кастӕн ӕмӕ тарстӕн, зындоны арты куы хъизӕмар кӕнон, уымӕй. Мӕ фарстатӕн дзуапп агуырдтон алыхуызон дины чингуыты. Ӕмӕ кӕд афтӕ хъуыды кодтон, Хуыцауы зӕрдӕ мӕ никуы барухс уыдзӕн, уӕддӕр ӕм зӕрдиагӕй куывтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Цӕмӕй мӕхи дарынхъом уыдаин, уый тыххӕй куыстон почтӕйы. Иу бон куы уыд, уӕд базыдтон, ме ’мкусджытӕй иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у. Мӕ алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп лӕвӕрдта Библийӕ. Йӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг бахъардтой, ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уымӕй цалдӕр къуырийы фӕстӕ нӕ музыкалон къордӕн фадат фӕзынд хорз контракт скӕнынӕн. Куы сразы уыдаиккам, уӕд ма Америкӕйы альбом дӕр ныффыстаиккам. Ӕмбӕрстон ӕй, ахӕм фадат царды иу хатт йеддӕмӕ кӕй нӕ вӕййы.

Мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уымӕн загътон, уыцы альбом ма кӕй ныффысдзынӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ мӕ цард Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ аразын кӕй райдайдзынӕн. Зӕгъгӕ мын ницы кодта, фӕлӕ мын бакӕсын кодта Матфейы 6:24 стих. Уым фыст сты Чырыстийы ныхӕстӕ: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа». Йесо уымӕй цы зӕгъинаг уыд, уый куы бамбӕрстон, уӕд цавддурау фӕдӕн. Фӕлӕ цалдӕр боны фӕстӕ та, мемӕ чи ахуыр кодта, уый фӕци цавддурау – загътон ын, Чырыстийы фӕдыл цӕуын мӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй мӕ къорд кӕй ныууагътон.

Библи цыма кӕсӕн уыд, уыйау дзы мӕ хъӕндзинӕдтӕ ирдӕй уыдтон (Иаковы 1:22–25). Бамбӕрстон, бирӕ ӕвзӕр миниуджытӕ мӕм кӕй уыд: сӕрбӕрзонд ӕмӕ хъал. Уымӕй уӕлдай ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтон, иннӕтимӕ-иу хыл кодтон, тамако дымдтон ӕмӕ нозтӕй ӕфсис нӕ зыдтон. Хуыцауы цӕстӕй кӕсгӕйӕ куыд хъуамӕ цардаин, уымӕй мӕ цард куыд тынг хицӕн кодта, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мӕ никуы ницы рауайдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ цард аивынмӕ цӕттӕ уыдтӕн (Ефесӕгтӕм 4:22–24).

«Нӕ уӕларвон Фыд фӕлмӕнзӕрдӕ у ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ сдзӕбӕх кӕны»

Райдианы мын бынтон зын уыд, уымӕн ӕмӕ мӕ раздӕры царды тыххӕй мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл худт. Фӕлӕ Библи мемӕ чи ахуыр кодта, уый мын тынг баххуыс кодта, равдыста мын Исайы 1:18 стих: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты». Ацы стихы ӕмӕ ма ӕндӕр стихты фӕрцы базыдтон, нӕ уӕларвон Фыд фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ сдзӕбӕх кӕны.

Йегъовӕйы хорз куы базыдтон ӕмӕ йӕ куы бауарзтон, уӕд ын дзырд радтон, амӕй фӕстӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзынӕн (Псалом 40:8). 1992 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнадӕмон конгрессы Санкт-Петербурджы, Уӕрӕсейы, донаргъуыд райстон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн мын бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ фӕзынд. Иуӕй-иу хатт иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм ӕмӕ фӕцӕгъдӕм рӕсугъд, зӕрдӕмӕдзӕугӕ музыкӕ – уый у Йегъовӕйы диссаджы лӕвар ӕмӕ йын тынг аргъ кӕнӕм (Иаковы 1:17). Ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад та мын у мӕ уарзон цардӕмбал Кристинӕ. Мӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, уый йын радзурын, радзурын ын мӕ цин дӕр ӕмӕ мӕ хъыг дӕр.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы не суыдаин, уӕд афонмӕ ӕгас дӕр нал уаин. Раздӕр-иу ӕдзух цыдӕр хабӕртты бахаудтӕн. Фӕлӕ ныр мӕ цардӕй ӕцӕгдӕр райгонд дӕн, алцыдӕр, куыд хъуамӕ уа, афтӕ у.