Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ТАМАКО ДЫМЫНМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Наокойӕн, фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймагӕн, йӕ тамако ныууадзынӕн цы баххуыс кодта? «Мӕ бон мӕ цард аивын сси, Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый кӕй базыдтон, уый фӕрцы»,– загъта Наоко. Уыдӕттӕ базыдта Библийӕ. Ӕмӕ кӕд Библийы тамакойы кой ӕппындӕр нӕй, уӕддӕр дзы нӕ бон у базонын, Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый *. Раст уый фӕрцы фӕзынд бирӕтӕм тыхтӕ, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр ахуырыл ма ныххӕцыдаиккой кӕнӕ та йӕ ныууагътаиккой (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, тамако дымын зиан цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы хӕссы, уымӕ ӕмӕ фенӕм, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис.

АДӔЙМАГ ТАМАКОЙЫЛ ТЫНГ САХУЫР ВӔЙЙЫ

Тамакойы ис, адӕймаг ӕппӕты тынгдӕр кӕуыл сахуыр вӕййы, ахӕм наркотик – никотин. Никотины фӕрцы лӕг схъӕлдзӕг вӕййы кӕнӕ та ӕрсабыр вӕййы. Адӕймаг куы фӕдымы, уӕд никотин уайтагъд магъзы смидӕг вӕййы. Тамако цал хатты сдымынц, никотин магъзмӕ уал дозӕйы бацӕуы. Уӕдӕ бон иу тамакойы къопп чи дымы, уыдон иу бонмӕ сулӕфынц иу-200 дозӕйы – ахӕм стыр дозӕ буармӕ ӕндӕр никӕцы наркотикӕй ис бауадзӕн. Тамако дымгӕйӕ магъзмӕ никотин афтӕ арӕх кӕй фӕхӕццӕ вӕййы, афтӕ тынг дӕр ыл уый тыххӕй сахуыр вӕййынц. Йӕ къӕппӕджы чи бахауы, уымӕн йӕ буары никотин фаг куы нӕ вӕййы, уӕд тынг фӕтыхсы.

«Кӕй коммӕ кӕсут, уымӕн йӕ цагъартӕ... стут» (Ромӕгтӕм 6:16)

Кӕд тамакойы «цагъар» дӕ, уӕд Хуыцауы коммӕ кӕсын дӕ бон уыдзӕн?

Библи нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Уым фыст ис: «Нӕ йӕ зонут, ӕмӕ кӕд уӕхи искӕмӕн коммӕгӕс цагъартау дӕттут, уӕд сымах, кӕй коммӕ кӕсут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут?» (Ромӕгтӕм 6:16). Адӕймаджы тамако афтӕ тынг куы фӕхъӕуы, ӕмӕ йӕ хъуыдытыл ӕмӕ йӕ митыл йӕ бар куы нал фӕцӕуы, уӕд цыбыр рӕстӕгмӕ свӕййы, сӕфтмӕ йӕ чи кӕны, уыцы ахуыры цагъар. Фӕлӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сӕрибар уӕм, ӕрмӕст не ’нӕниздзинадӕн нӕ, фӕлӕ нын нӕ зондӕн дӕр зиан чи хӕссы, уыцы хъуыддӕгтӕй (Псалом 83:18; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Уӕдӕ адӕймаг Йегъовӕйы цас хуыздӕр базоны, уыйас дзы тынгдӕр бузныг вӕййы ӕмӕ йын тынгдӕр фӕаргъ кӕны. Уымӕй уӕлдай ма ӕмбарын райдайы, Йегъовӕ уый аккаг кӕй у, цӕмӕй, хуыздӕрӕй йӕм цы ис, уый йын дӕтта. Стӕй бамбары, цалынмӕ уыцы мӕлӕтхӕссӕг ахуыры уацары ис, уӕдмӕ уый йӕ къухы кӕй нӕ бафтдзӕн. Адӕймаг уыдӕттӕ куы базоны, уӕд ӕм йе ’взӕр фӕндты ныхмӕ фӕлӕууынӕн тыхтӕ фӕзыны.

Олаф, иу нӕлгоймаг Германийӕ, тамако дымын райдыдта 12-аздзыдӕй ӕмӕ дымдта 16 азы. Олаф зӕгъы: «Фыццаг тамако вӕййы гыццыл миты къуыбары хуызӕн – исты зиан дын ракӕндзӕн, уымӕй нӕ тӕрсыс. Фӕлӕ азтӕ куыд фӕцӕуынц, афтӕ свӕййы стыр зӕйы хуызӕн. Иухатт мӕм тамако нал уыд, ӕмӕ, ӕртхутӕгдоны цыдӕриддӕр ӕрдӕгсыгъд тамакотӕ уыд, уыдонӕн сӕ махоркӕ ракалдтон ӕмӕ йӕ газеты гӕбазы батыхтон. Ныр дӕр ӕй куы ӕрымысын, уӕд мӕм худинаг ӕркӕсы». Уӕдӕ йын цы баххуыс кодта? «Сӕйрагдӕр уый, ӕмӕ мӕ фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Йегъовӕ адӕмы кӕй  уарзы ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый куы базыдтон, уӕд мын уый тых радта, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр ахуырӕй фӕрвӕзтаин»,– загъта Олаф.

ТАМАКО ДЫМЫН ЗИАН ХӔССЫ ӔНӔНИЗДЗИНАДӔН

«Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй тамако дымын адӕймагӕн сахъат кӕны, зӕгъӕн ис, йӕ буары алы уӕнг дӕр, стӕй арӕхдӕр фӕрынчын кӕны ӕмӕ йын амӕлынӕй дӕр тӕссаг тынгдӕр вӕййы»,– фыст ис иу журналы (The Tobacco Atlas). Иууылдӕр ӕй зонынц, тамако дымынӕй кӕй фӕзыны, хӕцгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм низтӕ, зӕгъӕм, рак, зӕрдӕйы ӕмӕ рӕуджыты низтӕ. Фӕлӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, хӕцгӕ низтӕй дӕр, зӕгъӕм, туберкулёзӕй, чи амӕлы, уыдонӕн сӕ фылдӕр амӕлынц, тамако кӕй фӕдымынц, уый аххосӕй.

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37)

Дӕ буар дын чи чъизи кӕны, ахӕм митӕ куы кӕнай, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ дын ӕй чи радта, уыцы Хуыцауы уарзыс ӕмӕ йын аргъ кӕныс?

Библийы уылты нын Йегъовӕ зӕгъы, цӕмӕй раст цӕстӕй кӕсӕм нӕ цардмӕ, не ’нӕниздзинадмӕ ӕмӕ нӕ курдиӕттӕм. Йӕ Фырт Йесо дӕр уый кой кодта, афтӕ куы загъта, уӕд: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37). Бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ цард ӕмӕ не ’нӕниздзинадӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнӕм. Йегъовӕйы ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый куы базыдтам, уӕд ӕй уарзын райдыдтам ӕмӕ, мах тыххӕй цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй йын аргъ кӕнӕм. Уый нын тыхтӕ дӕтты, цӕмӕй нын нӕ буар цы чъизи кӕны, уыдӕттӕй нӕхи хизӕм.

Иу индийаг дохтыр, Джаявант, тамако дымдта 38 азы. Уый зӕгъы: «Медицинон журналтӕй зыдтон, тамако дымын тӕссаг цӕмӕй у, уый. Мӕ рынчынтӕн бӕргӕ дзырдтон, ма дымут, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ мӕхи бон ныууадзын нӕ уыд, кӕд фондз ӕви ӕхсӕз хатты фӕлвӕрдтон, уӕддӕр». Уӕдӕ йын цы баххуыс кодта? Джаявант зӕгъы: «Мӕ тамако ныууагътон, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд. Баххуыс мын кодта, Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын мӕ кӕй фӕндыд, уый».

ТАМАКО ДЫМЫН ЗИАН ХӔССЫ ИННӔТӔН

Тамако чи фӕдымы, уый кӕй раулӕфы, уыцы фӕздӕг ӕмӕ судзӕгӕ тамакойӕ фӕздӕг тынг тӕссаг сты. Чи сӕ фӕулӕфы, уыдонмӕ, гӕнӕн ис, фӕзына рак кӕнӕ ӕндӕр низтӕ. Стӕй, йӕхӕдӕг чи нӕ дымы, фӕлӕ ӕдзух тамакойы фӕздӕг чи улӕфы, уыдонӕй алы аз дӕр амӕлы 600 000 адӕймаджы, сӕ фылдӕр вӕййынц сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци фӕдзӕхсы: «Тамакойы фӕздӕг адӕймагӕн мацы зиан ракӕна, уымӕн гӕнӕн нӕй».

«Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матфейы 22:39)

Тамако куы дымай, ӕмӕ йӕ фӕздӕгӕй дӕ бинонты ӕмӕ иннӕты ӕнӕниздзинад куы сахъат кӕнай, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ сӕ уарзыс?

Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй иннӕты – нӕ бинонты, не ’мбӕлтты ӕмӕ, нӕ алыварс чи ис,  уыдоны – уарзынӕй тынгдӕр уарзын хъӕуы ӕрмӕстдӕр Хуыцауы. «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»,– загъта Чырысти (Матфейы 22:39). Не ’ввахс адӕмӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, ахӕм истӕуыл куы фӕцахуыр уӕм, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Иннӕты зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд кӕндзыстӕм, Библийы куыд фыст ис, афтӕ: «Алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24).

Арменийы цӕрӕг нӕлгоймаг, Армен, зӕгъгӕ, зӕгъы: «Тамако кӕй дымдтон, уый мӕ бинонты дӕр хъыгдардта, ӕмӕ мын лӕгъстӕ кодтой, мауал дым, зӕгъгӕ. Фӕлӕ кӕй дымын, уый сын се ’нӕниздзинадӕн зиан кӕй хӕссы, уый бамбарын мӕ нӕ фӕндыд». Уӕдӕ йӕ зондахаст цӕй фӕрцы аивта? «Библийӕ цы базыдтон ӕмӕ Йегъовӕйы уарзын кӕй райдыдтон, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ тамако ныууагътаин ӕмӕ бамбӕрстаин, уый ӕрмӕст мӕнӕн кӕй нӕ хӕссы зиан, фӕлӕ, мӕ алыварс чи ис, уыдонӕн дӕр»,– загъта Армен.

ТАМАКО НИКУЫ НИЧИУАЛ ДЫМДЗӔН!

Олаф, Джаявант ӕмӕ Армен Библийӕ цы базыдтой, уый сын баххуыс кодта, цӕмӕй фервӕзтаиккой, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан чи хаста, уыцы ӕвзӕр ахуырӕй. Уый сӕ бон сси, тамако дымын зиан кӕй хӕссы, уый кӕй зыдтой, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы кӕй бауарзтой ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕндыд, уый фӕрцы. Уарзондзинад куыд ахсджиаг у, уый бӕрӕг у 1 Иоанны 5:3 стихӕй: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ адӕймаг Хуыцауы тынг куы уарза, уӕд ын йӕ коммӕ кӕсын зын нӕ уыдзӕн.

Йегъовӕйы фӕрцы абон йӕ лӕггадгӕнджытӕ адӕмӕн цы амонынц, уый сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тамако дымынӕй фервӕзой кӕнӕ тамако дымыныл ма бафтой (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Тагъд йӕ Паддзахады уылты – йӕ Фырт Йесо Чырысти йӕ сӕргъы кӕмӕн ис, уыцы уӕларвон хицауады уылты – Йегъовӕ фесафдзӕн, милуангай адӕм тамакойы цагъартӕ кӕй аххосӕй систы, уыцы ӕнӕфсис коммерцион системӕ. Тамако никуы ничиуал дымдзӕн, ӕмӕ адӕм буарӕй дӕр ӕмӕ зондӕй дӕр суыдзысты ӕххӕст (Исай 33:24; Раргомад 19:11, 15).

Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй тамако мауал дымай, фӕлӕ дын нӕ уайы, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕйы куы уарзай ӕмӕ тамако дымынмӕ уый цӕстӕй куы кӕсай, уӕд ӕй дӕ бон ныууадзын бауыдзӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕ базонай ӕмӕ дӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразай. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дын Йегъовӕ баххуыс кӕна, ӕмӕ тамако дымынӕй фервӕзай, уӕд дызӕрдыг ма кӕн, фаг тыхтӕ ӕмӕ дын хъарутӕ кӕй ратдзӕн (Филиппӕгтӕм 4:13).

^ 3 абз. Дзырд «дымын» ацы статьяйы амоны, адӕймаг тамакойы фӕздӕг сигаретӕй, сигарӕйӕ ӕмӕ лулӕйӕ куы фӕулӕфы, уымӕ. Фӕлӕ дзы дзырд цы уагӕвӕрдтыл цӕуы, уыдон ӕрмӕст тамако дымынмӕ ахӕссӕн нӕй, фӕлӕ ма ӕууилгӕ, стӕй смудгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм махоркӕмӕ, никотин кӕм ис, ахӕм электрон сигаретӕтӕм ӕмӕ ӕндӕр цӕмӕдӕрты.