Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ КӔСДЖЫТӔ ФӔРСЫНЦ...

Хуыцауы чи скодта?

Хуыцауы чи скодта?

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, фыд йӕ авдаздзыд лӕппуимӕ куыд ныхас кӕны ӕмӕ йын куыд дзуры: «Тынг-тынг раджы Хуыцау скодта зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ, стӕй ма скодта хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ». Лӕппу йӕ фыды ныхӕстыл иу гыццыл ахъуыды кодта ӕмӕ йӕ афарста: «Па, ӕмӕ Хуыцауы та чи скодта?»

«Хуыцауы ничи скодта»,– дзуапп ын радта фыд. Ныр уал уыцы хуымӕтӕг дзуаппӕй лӕппу разыйӕ баззад. Фӕлӕ куы фестырдӕр уа, уӕд ӕй уыцы фарста уӕддӕр хъуыдытыл ӕфтаудзӕн. Адӕймаджы зонд ӕй нӕ ахсы, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ кӕмӕндӕр райдиан ма уа, кӕд ма суанг Дун-дунейӕн дӕр уыд райдиан, уӕд. Ӕмӕ хъуыдытӕ кӕны: «Цымӕ Хуыцау куыд фӕзынд?»

Библи та ацы фарстайӕн цавӕр дзуапп дӕтты? Цыбыртӕй куы зӕгъӕм, уӕд нӕ цӕвиттоны фыд йӕ фыртӕн цы дзуапп радта, ахӕм дзуапп. Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисей ныффыста: «О Йегъовӕ... хӕхтӕ куы нӕма райгуырдысты, ӕмӕ зӕхх ӕмӕ дунейӕн... рухс куы нӕма фенын кодтай, уӕд дӕр ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау» (Псалом 90:1, 2). Пехуымпар Исай дӕр загъта: «Ау, нӕ йӕ зоныс? Ау, никуы йӕ фехъуыстай? Суанг зӕххы кӕрӕттӕ дӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау Йегъовӕ у ӕнусон Хуыцау» (Исай 40:28). Стӕй ма Иудӕ дӕр йӕ фыстӕджы ныффыста, Хуыцау кӕй уыд «ӕнусты размӕ дӕр» (Иудӕйы 25).

Ацы стихтӕ нын ӕвдисынц, Хуыцау кӕй у «ӕнусты Паддзах», апостол Павел дзы куыд загъта, афтӕ (1 Тимофеймӕ 1:17). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау алкӕддӕр уыди, суанг ӕнӕнымӕц мин-мин азты размӕ дӕр. Стӕй фидӕны дӕр алкӕддӕр уыдзӕн (Раргомад 1:8). Уӕдӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у ӕнусон Хуыцау.

Ууыл цымӕ адӕймаджы зонд цӕуылнӕ ӕххӕссы? Нӕ цард цыбыр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах рӕстӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый тынг хицӕн кӕны, Йегъовӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй. Хуыцау ӕнусон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕсты мин азы сты иу бон (2 Петры 3:8). Зӕгъӕм, ӕрмӕстдӕр 50 боны бӕрц чи цӕры, уыцы цъырцъыраг куыд хъуамӕ бамбара, адӕймаг 70 кӕнӕ 80 азы кӕй цӕры, уый? Ӕмӕ Библийы та фыст ис, не Сфӕлдисӕгимӕ абаргӕйӕ мах цъырцъырӕгтӕй уӕлдай кӕй не стӕм. Стӕй зондӕй дӕр уымӕй бирӕ дӕлдӕр лӕууӕм (Исай 40:22; 55:8, 9). Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕймагӕн Хуыцауы тыххӕй алцы йӕ бон бамбарын кӕй нӕу.

Хуыцау ӕнусон кӕй у, уый бамбарын нын кӕд зын у, уӕддӕр уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хуыцауы исчи куы сфӕлдыстаид, уӕд Сфӕлдисӕг уый уыдаид. Фӕлӕ Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у, «ӕппӕт дӕр... [чи] сфӕлдыста», уый (Раргомад 4:11). Уымӕй уӕлдай мах зонӕм, кӕддӕр Дун-дуне кӕй нӕ уыд (Райдиан 1:1, 2). Уӕдӕ кӕцӕй фӕзынд? Чи йӕ сфӕлдыста, уый хъуамӕ раздӕр ма уыдаид? Стӕй ма Сфӕлдисӕг хъуамӕ уыдаид, зӕгъӕм, йӕ иунӕггуырд Фырт ӕмӕ зӕдтӕ куы фӕзындысты, уымӕй раздӕр дӕр (Иов 38:4, 7; Колоссӕгтӕм 1:15). Уӕдӕ уый уыд ӕппӕты фыццаг. Ӕмӕ кӕд йӕхицӕй раздӕр ничи ӕмӕ ницы уыд, уӕд ӕй чи хъуамӕ сфӕлдыстаид?

Мах кӕй стӕм ӕмӕ Дун-дуне кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, ӕнусон Хуыцау кӕй ис. Не стыр Дун-дуне нын чи сфӕлдыста ӕмӕ йын закъӕттӕ чи сфидар кодта, уый хъуамӕ алкӕддӕр уыдаид. Ӕмӕ, удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны дӕр царды улӕфт ӕрмӕстдӕр уымӕн уыд йӕ бон бауадзын (Иов 33:4).