Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХӔЙРӔГ ӔЦӔГДӔР ИС?

Хӕйрӕг ахӕсгӕ хуызы ӕвзӕрдзинадмӕ амоны?

Хӕйрӕг ахӕсгӕ хуызы ӕвзӕрдзинадмӕ амоны?

Библи кӕны Хӕйрӕджы кой. Ӕмӕ Хӕйрӕджы тыххӕй куы кӕсӕм, уӕд ӕнцонтӕй ис зӕгъӕн, ахӕсгӕ хуызы ӕвзӕрдзинадмӕ кӕй амоны. Фӕлӕ цымӕ Библи ӕцӕгдӕр ууыл ахуыр кӕны? Кӕд о, уӕд дзы цӕмӕн ис фыст, Хӕйрӕг Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ ма суанг Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ дӕр кӕй ныхас кодта? Ӕркӕсӕм уыцы бынӕттӕм Библийӕ.

ХӔЙРӔГ ЙЕСОИМӔ КУЫ НЫХАС КОДТА

Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕй Хӕйрӕг ӕртӕ хатты фӕлвӕрдта. Фыццаг хатт Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Йесо, Хуыцау ын цы тых радта, уымӕй йӕ хиуарзон фӕндты тыххӕй спайда кодтаид ӕмӕ йӕхицӕн хӕринаг самал кодтаид. Стӕй Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Йесо сарӕзтаид, йӕ цардӕн тӕссаг чи уыд, ахӕм хъуыддаг ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы ’ргом йӕхимӕ раздӕхтаид. Ӕртыккаг хатт та Хӕйрӕг Йесойӕн лӕвӕрдта ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ дӕр, ӕрмӕст ын хъуамӕ иу хатт бакуывтаид. Йесо уыцы хинӕйдзаг ныхӕстӕн ӕртӕ хатты дӕр фидарӕй «нӕ» загъта ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр спайда кодта Фыстадӕй (Матфейы 4:1–11; Лукайы 4:1–13).

Уӕдӕ уӕд Йесо кӕимӕ ныхас кодта? Мыййаг, йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтимӕ? Фыстад зӕгъы, зӕгъгӕ, Йесо «фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта» (Дзуттӕгтӕм 4:15). Библийы ма ноджыдӕр фыст ис: «Уый иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр никуы схауд» (1 Петры 2:22). Йесо ӕххӕст адӕймагӕй баззад, ӕмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта. Йесо иу ӕвзӕр миниуӕгӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы бынат не скодта. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтимӕ кӕй нӕ ныхас кодта, фӕлӕ ӕцӕг удгоймагимӕ.

Уӕлдӕр цы цӕвиттон ӕрхастам, уый ма ноджы иу бӕлвырдгӕнӕн у, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис, уымӕн.

  • Ӕрхъуыды-ма кӕн, Хӕйрӕг Йесойӕн кӕй лӕвӕрдта ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ дӕр, ӕрмӕст ын хъуамӕ иу хатт бакуывтаид (Матфейы 4:8, 9). Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр куы нӕ уыдаид, уӕд ацы ныхӕсты тых нӕ уыдаид. Уымӕй уӕлдай ма, Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, Хӕйрӕгмӕ уыйбӕрц бартӕ нӕй.

  • Йесо фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууыд, «уӕд ӕй [Хӕйрӕг] ныууагъта, ӕндӕр хорз фадат ын кӕд фӕуыдзӕн, уӕдмӕ» (Лукайы 4:13). Куыд зӕгъис, ацы уавӕры Хӕйрӕг ӕнӕуи ӕвзӕрдзинад у ӕви ӕцӕгдӕр чи ис, ахӕм фыдызнаг?

  • Дӕ хъус-ма ӕрдар, «Йесомӕ [кӕй] фӕзындысты зӕдтӕ ӕмӕ йын [кӕй] лӕггад кодтой» (Матфейы 4:11). Цымӕ уыцы зӕдтӕ ӕцӕг уыдысты, Йесойӕн йӕ фарсмӕ чи ’рбалӕууыд ӕмӕ йын чи баххуыс кодта, ахӕм уӕларвон удгоймӕгтӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о. Уӕдӕ уӕд Хӕйрӕджы ӕцӕг уӕларвон удгоймагыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цӕуылдӕр цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

ХӔЙРӔГ ХУЫЦАУИМӔ КУЫ НЫХАС КОДТА

Дыккаг хабар баст у Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовимӕ. Уыцы скъуыддзаджы фыст ис, Хӕйрӕг ӕмӕ Хуыцау куыд ныхас кодтой, дыууӕ ахӕм хабары тыххӕй. Дыууӕ хатты дӕр Хуыцау Иовӕй йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раппӕлыд. Хӕйрӕг загъта, Иов Хуыцауӕн цыдӕр ӕнхъӕлӕй кӕй лӕггад кӕны, стӕй, дам ын Хуыцау хорздзинад аразы ӕмӕ, дам, ыл Иов иузӕрдион уый тыххӕй у. Ӕндӕр ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ Хӕйрӕг Иовы Хуыцауӕй хуыздӕр зыдта. Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн бар радта, цӕмӕй йын йӕ мулк байстаид, йӕ сывӕллӕтты йын амардтаид ӕмӕ йыл уӕззау низ бафтыдтаид *. Цасдӕры фӕстӕ рабӕрӕг, Йегъовӕ Иовы Хӕйрӕгӕй хуыздӕр кӕй зыдта ӕмӕ Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕдзырдта. Хуыцау Иовӕн йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта (Иов 1:6–12; 2:1–7).

Хуыцау ӕмӕ Хӕйрӕджы ’хсӕн цы ныхас уыди, уымӕй цымӕ афтӕ уайы, ӕмӕ Йегъовӕ, йӕ зӕрдӕйы цы ӕвзӕрдзинад уыд, уыимӕ ныхас кодта? Библийы фыст ис: «Ӕцӕг Хуыцауы фӕндаг у ӕххӕст» (2 Самуилы 22:31). Хуыцауы Ныхасы ма фыст ис: «Сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у Йегъовӕ Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» (Раргомад 4:8). Сыгъдӕг нысан кӕны ӕнӕфау, табуйаг ӕмӕ тӕригъӕдӕй сӕрибар. Йегъовӕ у ӕххӕст Хуыцау ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ӕппындӕр ницӕмӕй ис. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ йӕм исты ӕвзӕр миниуӕг уа.

Хӕйрӕг Хуыцауимӕ кӕй ныхас кодта, уый фӕзынд Иовы цардыл

Чи зоны, чидӕртӕ дзурой, Иов ӕцӕг кӕй нӕ царди, ӕмӕ уӕд уыцы ныхӕстӕ дӕр ӕрымысгӕ кӕй сты. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст у? Библийы ӕндӕр стихтӕй дӕр бӕрӕг у, Иов ӕцӕг адӕймаг кӕй уыд. Зӕгъӕм, Иаковы 5:7–11 фыст ис, Иов чырыстӕттӕн фӕзминаг кӕй у, зын рӕстӕджыты фидар лӕууын куыд хъӕуы, уымӕй. Стӕй-ма нын ацы ныхӕстӕ ныфсы хос сты, Йегъовӕ ахӕм фидардзинадӕн арфӕ дӕр кӕй кӕны. Иов ӕцӕг куы нӕ цардаид ӕмӕ йӕ Хӕйрӕг куы нӕ фӕлвӕрдтаид, уӕд ацы цӕвиттон цы пайда уыдаид? Уымӕй уӕлдай-ма, Йезекилы 14:14, 20 фыст ис Иов, Ной ӕмӕ Данелы тыххӕй – се ’ртӕ дӕр уыдысты иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ. Ной ӕмӕ Данелау Иов дӕр ӕцӕгдӕр цард ӕмӕ уыди фидар уырнындзинады хицау. Уӕдӕ кӕд Иов ӕцӕгдӕр цард, уӕд ӕй чи ӕфхӕрдта ӕмӕ йӕ зындзинӕдты аххосджын чи уыд, уый ӕцӕг нӕ уыди?

Бӕрӕг у, Библи кӕй дзуры, Хӕйрӕг ӕцӕг уӕларвон удгоймаг кӕй у. Ӕмӕ дӕм уӕд ахӕм фарста куыннӕ фӕзындзӕн: «Мыййаг, Хӕйрӕгӕн йӕ бон у мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕн дӕр исты зиан ӕрхӕссын?»

НӔ РӔСТӔДЖЫ ТА ХАБАР КУЫД У?

Зӕгъӕм, уӕ горӕт ӕнӕнхъӕлӕджы фыдгӕнджытӕй байдзаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕд горӕты цӕрын тӕссаг уаид ӕмӕ ӕгъдау дӕр сӕфын тагъд райдаид. Ныр та ӕркӕсӕм ӕндӕр ахӕм хабармӕ: Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ – Хӕйрӕгау Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы уӕларвон удгоймӕгтӕ – ӕнӕнхъӕлӕджы зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты. Уый цӕмӕ ӕркодта? Ахъуыды-ма кӕн, уӕ бӕстӕйы ӕмӕ ӕппӕт дунейы дӕр цытӕ ӕрцӕуы, уыдӕттыл.

  • Кӕд адӕм ӕгас дунейы дӕр архайынц, цӕмӕй ӕгъатыр хъуыддӕгтӕн ӕмӕ фыдмитӕн кӕрон скӕной, уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Афтӕ нӕу?

  • Кӕд ныййарджытӕ уый ныхмӕ сты, уӕддӕр спиритизм кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ фылдӕр кӕнынц. Уый дӕхӕдӕг уыныс?

  • Адӕм ӕрдз сафынц, кӕд ӕй бирӕтӕ ӕппӕт тыхтӕй бахъахъхъӕнынмӕ хъавынц, уӕддӕр. Ды дӕр ӕй бафиппайдтай?

  • Афтӕ дӕм нӕ кӕсы, ӕмӕ адӕм цыдӕр кӕнынц – цыдӕр тых сӕ фыдбылызы кӕй ӕппары?

Дӕ хорзӕхӕй, дӕ хъус-ма ӕрдар, абоны зындзинӕдты аххосджын чи у, уый тыххӕй Библи цы дзуры: «Гъемӕ стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр. [...] Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:9, 12). Бирӕтӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕм куы ӕркастысты, уӕд бамбӕрстой, Хӕйрӕг ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр кӕй ӕндавы ӕмӕ тӕссаг кӕй у.

Чи зоны, ахъуыды кӕнай, ӕмӕ дзы уӕд мӕхи куыд бахизон, зӕгъгӕ. Уыцы фарстамӕ хуымӕтӕг цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуы, цы ис саразӕн, цӕмӕй Хӕйрӕгӕй нӕхи бахизӕм.

^ 12 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.