Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Ӕртӕ фарстайы мын мӕ цард фӕивтой

Ӕртӕ фарстайы мын мӕ цард фӕивтой
  • РАЙГУЫРД: 1949 АЗ

  • БӔСТӔ: АИШ

  • РАЗДӔР: ХЪУЫДЫ КОДТА, АДӔЙМАГ ЦӔМӔН ЦӔРЫ, УУЫЛ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз схъомыл дӕн гыццыл горӕт Анкрамы (штат Нью-Йорк, АИШ). Уыцы горӕты уыди бирӕ ӕхсыры фермӕтӕ ӕмӕ дзы хъуццытӕ цас уыд, адӕм дзы уыйбӕрц нӕ уыд.

Горӕты уыди иу аргъуан ӕмӕ-иу нӕ бинонтӕ цыдысты уырдӕм. Мӕ фыдыфыд-иу мын алы хуыцаубон дӕр райсомӕй мӕ дзабыртӕ сӕрттивын кодта, ӕмӕ-иу дины скъоламӕ араст дӕн, мӕ фыдымад-иу мӕм цы гыццыл урс Библи радта, уыимӕ. Мӕ хо ӕмӕ мӕ ме ’фсымӕримӕ нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кодтой кусын, сыхӕгты нымайын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ нын цы уыди, уымӕн аргъ кӕнын.

Куы сыстыр дӕн, уӕд хӕдзарӕй ӕндӕр ранмӕ ацыдтӕн ӕмӕ скъолайы ахуыргӕнӕгӕй кусын райдыдтон. Бирӕ фарстатӕ мӕм уыди Хуыцау ӕмӕ царды тыххӕй. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ хорз ахуыр кодтой. Иннӕтӕн та кӕд ахуыр кӕнын зын уыди, уӕддӕр тынг архайдтой. Чидӕр сӕ уыди рынчын, кӕмӕйдӕр та ӕппындӕр ницы рысти. Мӕнмӕ уый раст нӕ касти. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕй хорз чи нӕ ахуыр кодта, уыдоны ныййарджытӕй-иу хатт фехъусӕн уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцау ӕй афтӕмӕй радта, ӕмӕ цы бакӕнон». Фӕлӕ йӕ уӕддӕр не ’мбӕрстон, Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй рынчын сывӕллӕттӕ гуыра. Гыццыл сывӕллон ӕвзӕрӕй цы хъуамӕ сараза!

Стӕй ма хъуыды кодтон: «Мӕ цард цӕмӕн снывонд кӕнон?» Ӕмбӕрстон, цард тынг тагъд кӕй тӕхы. Ӕз схъомыл дӕн диссаджы бинонты ’хсӕн, хорз ахуырад райстон, ӕмӕ мӕ куыст дӕр уарзтон. Фӕлӕ мӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ касти, уымӕй мӕ зӕрдӕ нӕ ради. Хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, алцыдӕр хорз куы уа, уӕд смой кӕндзынӕн, уыдзӕн мын аив хӕдзар ӕмӕ цот, цалынмӕ пенсийы нӕ ацӕуон, уӕдмӕ кусдзынӕн ӕмӕ ӕппынфӕстаг зӕрӕдты хӕдзармӕ бахаудзынӕн. Фӕлӕ мӕ фӕндыд базонын, цымӕ адӕймаг ӕрмӕст уый тыххӕй цӕры?

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Иу хатт сӕрды иннӕ ахуыргӕнджытимӕ Европӕмӕ ацыдыстӕм ӕмӕ цалдӕр бӕстӕ федтам. Уыдыстӕм Вестминстеры аббатствойы, Парижы Мадымайрӕмы кувӕндоны ӕмӕ Ватиканы, стӕй ма уыдыстӕм бирӕ гыццыл аргъуанты дӕр. Кӕдӕмфӕнды ма бацыдаиккам, алы ран дӕр лӕвӕрдтон, чи мӕ тыхсын кодта, уыцы фарстатӕ. Фӕстӕмӕ нӕхимӕ Слотсбергмӕ (штат Нью-Йорк) куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд ма ноджы цалдӕр аргъуанмӕ бацыдтӕн. Фӕлӕ мын мӕ фарстатӕн уӕддӕр дзуапп ничи радта.

Иу бон мӕм мӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу, 12-аздзыд чызг, бацыд ӕмӕ мӕм радта ӕртӕ фарстайы. Фыццаг мӕ бафарста, зӕгъгӕ йӕ зоныс, ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн. Ӕз ын загътон: «О». Стӕй та мӕ бафарста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй дӕ фылдӕр базонын нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Ӕз та йын загътон: «О». Фӕстагмӕ мӕ бафарста, кӕм цӕрын, уымӕй. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй сыхӕгтӕ уыдыстӕм. Уӕд ӕй зонгӕ дӕр нӕ кодтон, уыцы гыццыл чызджы ӕртӕ фарстайы мын мӕ цард цӕхгӕр кӕй фӕивдзысты.

Цасдӕры фӕстӕ мӕм чызг велосипедыл ӕрбацыд ӕмӕ мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕз уымӕ дӕр радтон, раздӕр сауджынтӕм цы фарстатӕ лӕвӕрдтон, уыдон. Дины кусджытӕй уӕлдай мын ацы чызг мӕхи Библийы мӕ фарстатӕн бӕлвырд дзуаппытӕ равдыста – мӕхӕдӕг сӕ никуы бафиппайдтон!

Библийӕ цы базыдтон, уый мын мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг кодта ӕмӕ мын удӕнцой ӕрхаста. Дисы мӕ бафтыдтой 1 Иоанны 5:19 стихы фыст ныхӕстӕ: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы». Тынг мын фенцондӕр, куы базыдтон, нӕ алыварс цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоны Хуыцау кӕй нӕу аххосджын, фӕлӕ Хӕйрӕг, ӕмӕ Хуыцау алцыдӕр хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивдзӕн (Раргомад 21:3, 4). Федтон, Библи ӕнцонӕмбарӕн кӕй у, хорз дын ӕй куы ӕмбарын кӕной, уӕд. Кӕд мемӕ 12-аздзыд чызг ахуыр кодта, уӕддӕр хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, рӕстдзинад рӕстдзинад у, ӕмӕ дын ӕй чи дзуры, уый уӕлдай нӕу.

Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕндыд базонын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дзургӕ цы кӕнынц, цӕргӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕнынц ӕви нӕ. Мӕ гыццыл ахуыргӕнӕг-иу мын арӕх дзырдта, зӕгъгӕ, дам, ӕцӕг чырыстӕттӕ сты хиуылхӕцгӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕд мӕхицӕн загътон, гъа-ма, афӕлварон ӕй, кӕддӕра йӕм уыцы миниуджытӕ ис. Иухатт ахуырмӕ барӕй байрӕджы кодтон. Хъуыды кодтон: «Цымӕ мӕм банхъӕлмӕ кӕсдзӕн? Кӕд о, уӕд мӕм цымӕ не смӕсты уыдзӕн?» Хӕдзары цурмӕ машинӕйыл куы бацыдтӕн, уӕд чызг къӕсӕрыл бадти. Куы мӕ ауыдта, уӕд мӕм ӕрбалыгъд ӕмӕ мын загъта: «Хъуамӕ нӕхимӕ ацыдаид ӕмӕ мамӕйӕн загътаин, цӕмӕй горӕты рынчындӕттӕм ӕмӕ пъӕлицӕмӕ фӕдзырдтаид. Ахуырмӕ никуы байрӕджы кодтай, ӕмӕ дын тынг фӕтарстӕн!»

Ӕндӕр хатт та йӕм барӕй радтон, 12-аздзыд чызг дзуапп кӕмӕн нӕ радтаид, ахӕм фарста. Фӕндыд мӕ базонын, дзуапп ын кӕй нӕ зоны, ууыл басӕтдзӕн ӕви истытӕ райдайдзӕн мысын. Чызг мӕм комкоммӕ ӕрбакаст ӕмӕ мын загъта: «Уый зын фарста у. Мӕхимӕ йӕ ныффысдзынӕн ӕмӕ хӕдзары мӕ ныййарджыты бафӕрсдзынӕн». Иннӕ хатт мын ӕрбахаста журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Уым уыди дзуапп мӕ фарстайӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин мӕ зӕрдӕмӕ уый тыххӕй фӕцыди – сӕ публикациты мӕ алы фарстайӕн дӕр уыди дзуапп. Уыцы чызгимӕ нӕ ахуыр адарддӕр кодтам, ӕмӕ иу азы фӕстӕ донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн *.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Мӕ фарстатӕн иууылдӕр дзуапп куы ссардтон, уӕд мӕ бафӕндыд, цы базыдтон, уый алкӕмӕн дӕр радзурын (Матфейы 12:35). Мӕ бинонтӕ фыццаг мӕ ныхмӕ рацыдысты, фӕлӕ фӕстӕдӕр фӕфӕлмӕндӕр сты. Мӕ мад йӕ мӕлӕты размӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕмӕ йын кӕд донаргъуыд райсын нӕ бантыст, уӕддӕр мӕ уырны, зӕрдӕйӕ йӕ кӕй фӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

1978 азы мӕ цард баиу кодтон Элайас Казанимӕ, уый дӕр уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. 1981 азы нӕ Элайасимӕ фӕхуыдтой Америкӕйы Иугонд Штатты Вефилмӕ *. Фӕлӕ цыппар азы фӕстӕ Элайас амарди. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ мӕ лӕггад Вефилы нӕ ныууагътон. Ӕмӕ уым кӕй лӕггад кодтон, уый фӕрцы уыцы уӕззау рӕстӕг мӕ ныфс нӕ асаст ӕмӕ удӕнцой ссардтон.

2006 азы смой кодтон Ричард Элдредмӕ, уый дӕр лӕггад кодта Вефилы. Ӕмӕ нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, абоны онг дӕр Вефилы кӕй лӕггад кӕнӕм. Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд ӕрмӕст мӕ фарстатӕн нӕ базыдтон дзуапп, фӕлӕ ма адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый дӕр – алцыдӕр та райдыдта гыццыл чызджы ӕртӕ фарстайӕ.

^ 16 абз. Ацы чызг ӕмӕ йӕ хистӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ ахуыргӕнджытӕй фондзимӕ Библи ахуыр кодтой, ӕмӕ уыдон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы.

^ 18 абз. «Вефил» нысан кӕны «Хуыцауы хӕдзар». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ хонынц, ӕгас дунейы дӕр сын цы филиалтӕ ис, уыдон (Райдиан 28:17, 19, фиппаинаг). Вефилы бинонтӕ кӕнынц алыхуызон куыстытӕ ӕмӕ афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырадон куыстӕн.