Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | КӔРОН ӔВВАХС У?

Кӕроны рӕстӕг бирӕтӕ фервӕздзысты. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у

Кӕроны рӕстӕг бирӕтӕ фервӕздзысты. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у

Библи нӕ фӕдзӕхсы, кӕроны рӕстӕг бирӕ адӕм кӕй фесӕфдзӕн: «Уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх... Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр уой, уӕд ничи фервӕздзӕн» (Матфейы 24:21, 22). Фӕлӕ нын Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, бирӕтӕ кӕй фервӕздзысты: «Дуне... фӕивгъуыйы... Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17).

Цы хъуамӕ саразай, цӕмӕй ацы дуне куы аивгъуыйа, уӕд ӕнустӕм цӕргӕйӕ баззайай? Мыййаг, хъуамӕ хӕринаг ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзауматӕ ӕмбырд кӕнын райдайай кӕнӕ дӕхицӕн ӕмбӕхсӕн бынат аразай? Нӕ. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕм тырнӕм. Мах кӕсӕм: «Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд-ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ алкӕддӕр уӕ зӕрдыл даргӕйӕ!» (2 Петры 3:10–12). Контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй, чи ныппырх уыдзӕн, «ӕппӕт уыдӕттӕ» сты, ацы фыддунейы хицӕуттӕ ӕмӕ, Хуыцауы хицаудзинады фарс нӕ, фӕлӕ уыцы хицӕутты фарс чи лӕууы, уыдон. Бӕрӕг у, нӕхицӕн мулк куы ӕмбырд кӕнӕм, уӕд нӕ уый уыцы бӕллӕхӕй нӕ бахъахъхъӕндзӕн.

Уӕдӕ, цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм, нӕхи куыд дарӕм ӕмӕ цы аразӕм, уымӕй (Софони 2:3). Адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕстӕ нӕ цӕудзыстӕм ӕмӕ, цы ахсджиаг рӕстӕг цӕрӕм, уый цы нысӕнттӕй бӕрӕг у, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм, фӕлӕ «Йегъовӕйы боны ӕрцыд... алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын Библийӕ равдисдзысты, дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыцы бон фервӕзай.