Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

134 ЗАРӔГ

Сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар

Сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар

(Псалом 127:3–5)

  1. 1. Фыд йӕ цотӕй у сӕрыстыр,

    Мад йӕ хъӕбулты цӕрайӕ цӕры.

    Фӕлӕ сӕ зӕрдыл хъуамӕ дарой:

    Хуыцауы раз хӕсджын ысты.

    Хъӕбул Хуыцауы стыр лӕвар у.

    Йегъовӕ цард ’мӕ уарзты суадон у.

    Ныййарӕг кӕд йӕ зондмӕ хъуса,

    Уыдзӕн уӕд алкӕд йӕ цотӕй буц.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ уын стыр кад ыскодта –

    Рӕзгӕ уд бакодта уӕ бар.

    Ныр у уӕ хӕс, цӕмӕй уӕ хъӕбул

    Ысуа Хуыцауы ’ввахс хӕлар.

  2. 2. Уарзут алкӕддӕр Хуыцауы,

    ’Мӕ йӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕты уӕнт,

    Ӕмбарын сӕ кӕнут уӕ цотӕн –

    Уый уын сӕйрагдӕр алкӕд уӕд.

    Хуыцауы раст закъоныл дзурут

    Хӕдзары дӕр ӕмӕ фӕндагыл дӕр,

    Цӕмӕй Ӕцӕг Хуыцауы уарзой

    Ӕмӕ уой арфӕгонд алкӕддӕр.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ уын стыр кад ыскодта –

    Рӕзгӕ уд бакодта уӕ бар.

    Ныр у уӕ хӕс, цӕмӕй уӕ хъӕбул

    Ысуа Хуыцауы ’ввахс хӕлар.