Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

136 ЗАРӔГ

Йегъовӕ дын дӕ хорздзинад «ӕххӕстӕй бафидӕд»

Йегъовӕ дын дӕ хорздзинад «ӕххӕстӕй бафидӕд»

(Руф 2:12)

  1. 1. Хуыцау у рӕстзӕрдӕ, нӕ рох кӕны уый

    Йӕ адӕмы ’нувыд лӕггад.

    Сӕ удуӕлдай царды Хуыцауы тыххӕй

    Зындзинӕдтӕ баййафынц хатт.

    Кӕд бахъуыд дӕу искӕй ныууадзын, уӕд зон:

    Дӕ зын дын ӕмбары Хуыцау.

    Дӕтты дын ӕмбӕлттӕ, ӕфсымӕртӕ уый

    ’Мӕ ’нӕкӕрон диссаджы цард.

    БАЗАРД

    Стыр хӕрзтӕй дын Йегъовӕ хай кӕнӕд,

    Ӕххӕстӕй раарфӕ кӕнӕд дӕуӕн.

    Дӕхи йӕ дӕлбазыр бакӕн ды –

    Хуыцау у ӕнувыд, ӕххуыс дын кӕндзӕн.

  2. 2. Хатт царды зындзинӕдтӕй сфӕлмӕцӕм мах,

    ’Мӕ не уӕнгты нал вӕййы тых.

    Фӕкӕсы нӕм уӕд, цыма ’гӕр ыстыр уаргъ

    Ӕрӕнцади не уӕхсчытыл.

    Рох ма кӕн, Йегъовӕ дӕ фарсмӕ кӕй ис.

    Уый хъусы дӕ алы куывд дӕр.

    Йӕ Ныхас, йӕ тых ӕмӕ де ’мбӕлттӕ сты

    Дӕ ныфс ӕмӕ ’нцой алкӕддӕр.

    БАЗАРД

    Стыр хӕрзтӕй дын Йегъовӕ хай кӕнӕд,

    Ӕххӕстӕй раарфӕ кӕнӕд дӕуӕн.

    Дӕхи йӕ дӕлбазыр бакӕн ды –

    Хуыцау у ӕнувыд, ӕххуыс дын кӕндзӕн.

(Ноджыдӕр кӕс Тӕрх. 11:38–40; Ис. 41:10.)