Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 ЗАРӔГ

Нӕ ном макуы фӕчъизи кӕнӕм

Нӕ ном макуы фӕчъизи кӕнӕм

(Исай 43:10–12)

  1. 1. Кадджын Йегъовӕ, ӕнусон Хуыцау дӕ,

    Стыр у дӕ хъомыс, ӕгӕрон – дӕ уарзт.

    Ды дӕ рӕстаг Хицау, ’ппӕт зонды суадон,

    Алы хъуыддаг дӕр ды аразыс раст.

    Мах дын зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм алкӕд,

    Хорз хабар цингӕнгӕ хъусын кӕнӕм.

    БАЗАРД

    Стӕм дын Ӕвдисӕнтӕ, махӕн уый кад у.

    Ацы ном макуы фӕчъизи кӕнӕм!

  2. 2. Дарддӕр лӕггад кӕнӕм, архайӕм иумӕ,

    Фарн ӕмӕ ’нувыд уарзт мах ныр бӕтты.

    Тауӕм дӕ рӕстдзинад, кадджын кӕнӕм дӕу.

    Уый фӕрцы хъӕлдзӕг нӕ зӕрдӕтӕ сты.

    Мах, о Йегъовӕ, дӕ номӕй кӕй зонынц,

    Уый фадат у, ’мӕ дӕуӕн кад хӕссӕм.

    БАЗАРД

    Стӕм дын Ӕвдисӕнтӕ, махӕн уый кад у.

    Ацы ном макуы фӕчъизи кӕнӕм!