Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

89 ЗАРӔГ

Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай

Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай

(Лукайы 11:28)

  1. 1. Кӕй хъусӕм Йесомӕ, уый царды ’вдисӕм.

    Йӕ ныхас амоны махӕн фӕндаг.

    Цы хъусӕм, уый кӕд нӕ зӕрдӕмӕ исӕм,

    Уыдзӕн нӕ цард уӕд ыстыр хӕрзтӕй дзаг.

    БАЗАРД

    Байхъус, ’мӕ арфӕгонд уай,

    Амондджын цард уа дӕ хай.

    Хъуамӕ, цы зонай, уый ’ххӕст дӕр кӕнай.

    Байхъус, ’мӕ арфӕгонд уай.

  2. 2. Ӕдас уыдзӕни нӕ «хӕдзары» махӕн,

    Кӕд «змисыл» нӕ, фӕлӕ «хохыл» лӕууа.

    Мах хъусӕм Йесойы амындтӕм алкӕд,

    Цӕмӕй нӕ царды мӕсыг фидар уа.

    БАЗАРД

    Байхъус, ’мӕ арфӕгонд уай,

    Амондджын цард уа дӕ хай.

    Хъуамӕ, цы зонай, уый ’ххӕст дӕр кӕнай.

    Байхъус, ’мӕ арфӕгонд уай.

  3. 3. Нӕ Фыд Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм,

    Бӕласау уидаг куы ауадзӕм арф

    Ӕмӕ йӕ афоныл хорз дыргъ куы хӕссӕм,

    Нӕ хай уыдзӕн уӕд ӕнӕкӕрон цард.

    БАЗАРД

    Байхъус, ’мӕ арфӕгонд уай,

    Амондджын цард уа дӕ хай.

    Хъуамӕ, цы зонай, уый ’ххӕст дӕр кӕнай.

    Байхъус, ’мӕ арфӕгонд уай.