Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй цӕуынц, уый фӕрцы фервӕздзысты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй цӕуынц, уый фӕрцы фервӕздзысты?

 Нӕ. Кӕд ӕдзух хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм, уӕддӕр нӕ ирвӕзындзинад уымӕй кӕнгӕ нӕу (Ефесӕгтӕм 2:8). Цӕуылнӕ?

 Ахъуыды-ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл: иу рӕдау ӕмӕ тынг хъӕздыг адӕймаг зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр бынатмӕ, уыцы ӕмӕ уыцы бон чи ӕрбацӕуа, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр скӕндзынӕн зынаргъ лӕвар. Ацы адӕймаджы ныхӕстыл куы баууӕндис, уӕд уыцы бынатмӕ нӕ ацӕуис? Куыннӕ! Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар де ’мбӕлттӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр радзурис, цӕмӕй уыдон дӕр уыцы лӕвар райсой. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы адӕймаджы ныхӕстӕм кӕй байхъуыстай, уыцы лӕвары аккаг уый тыххӕй дӕ. Лӕвар райсдзынӕ, уыцы адӕймаг дын ӕй кӕй дӕтты, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.

 Раст афтӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕууӕндынц, Хуыцау коммӕгӕс адӕмы ӕнусон цардӕй кӕй схайджын кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 6:23). Мах дӕр адӕмӕн хорз хабар дзурӕм, цӕмӕй уыдон дӕр хайджын уой, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй. Фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар кӕй дзурӕм, уымӕ гӕсгӕ ирвӕзындзинады аккаг стӕм (Ромӕгтӕм 1:17; 3:28). Иу адӕймаг дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхы аккаг никуы суыдзӕн. Библийы фыст ис: «Нӕ раст хъуыддӕгты тыххӕй нӕ, фӕлӕ [нӕ] йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ... фервӕзын кодта» (Титмӕ 3:5).