Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

17 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

111 ЗАР Нӕ цийнӕдзийнадӕ

Ци «дзенети» цӕрӕн, уой макӕд ниууадзӕ!

Ци «дзенети» цӕрӕн, уой макӕд ниууадзӕ!

«Цийнӕ кӕнтӕ ӕма уӕ зӕрдӕ ӕносмӕ игъӕлдзӕг уӕд, ци кӕнун, уой туххӕй» (ИС. 65:18).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Мах радзубанди кӕндзиан, абони дӕр «дзенети» ке ан, е нӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуй ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй иннети дӕр бафӕндӕуа еци «дзенетмӕ» ӕрбацӕун.

1. Абони зӕнхӕбӕл цӕхуӕн «дзенет» ес ӕма си ка цӕруй, уони ци фӕндуй?

 АБОНИ зӕнхӕбӕл ес «дзенет». Уоми цӕрунцӕ милиуангай фарнӕуарзагӕ адӕн ӕма се ’гасдӕр хуарз гъуддӕгти архайунцӕ. Ка си цӕруй, уони фӕндуй, цӕмӕй ӕносмӕ дӕр уоми уонцӕ. Уомӕй уӕлдай ба ма еци дзенетмӕ иннети дӕр хонунцӕ. Цума еци дзенет ци ӕй? Е ӕй, Йегови лӕггадгӕнгутӕ ци дзенети цӕрунцӕ, е. Уоми уогӕй мах фӕрнӕй ӕма еудзийнади цӕрӕн Йегови хӕццӕ, удта ӕ лӕггадгӕнгути хӕццӕ.

2. Абони ци «дзенети» цӕрӕн, е дессаг цӕмӕн ӕй?

2 Кӕд аци дуйне Сайтани къохи ӕй ӕма адӕн сӕ кӕрӕдземӕй се ’сӕфт уинунцӕ, удта ма фуддзийнадӕй дӕр идзаг ӕй, уӕддӕр Йеговӕ ӕ адӕнӕн искодта, ӕдас син кӕми ӕй, уӕхӕн бунат, цӕмӕй ин уоми цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ (1 Иоан. 5:19; Рарг. 12:12). Библимӕ гӕсгӕ еци дзенет ӕй, адӕймаг ӕхе кӕми баримӕхса ӕма, «донӕфсес дзӕхӕрай хузӕн» ка ӕй, уӕхӕн бунат (Ис. 4:6; 58:11). Йеговӕ еци дзенети цӕргутӕн арфӕ кӕнуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ аци фӕстаг бӕнтти рӕстӕг дӕр амондгун ӕнцӕ (Ис. 54:14; 2 Тим. 3:1).

3. Исаййи 65 сӕри ци пахампарадӕ финст ес, е фиццаг хатт кӕд исӕнхӕст ӕй?

3 Исаййи 65 сӕри Йеговӕ ци пахампарадӕ ниффинсун кодта, уомӕй нӕ бон ӕй базонун, еци «дзенети» цард цӕхуӕн уодзӕй, уой. Ци пахампарадӕ си финст ес, е фиццаг хатт исӕнхӕст ӕй нӕ эри размӕ 537 анзи. Еци анз дзиуиттӕгтӕ Вавилони уацарӕй исуӕгъдӕ ’нцӕ ӕма фӕстӕмӕ сӕ райгурӕн зӕнхӕмӕ раздахтӕнцӕ. Йеговӕ син райарфӕ кодта. Е син банхус кодта, цӕмӕй Йерусалим ӕма ковӕндонӕ нӕуӕгӕй исрӕвдзӕ кодтайуонцӕ ӕма бабӕй фӕззиндтайдӕ, ӕцӕг Хуцауӕн кӕми кувтайуонцӕ, уӕхӕн бунат (Ис. 51:11; Зах. 8:3).

4. Исаййи 65 сӕри ци пахампарадӕ ес, е нӕ рӕстӕги куд ӕнхӕст кӕнуй?

4 Дуккаг хатт Исаййи пахампарадӕ ӕнхӕст кӕнун райдӕдта нӕ рӕстӕги 1919 анзи. Уӕд Йегови лӕггадгӕнгутӕ Устур Вавилони уацарӕй исуӕгъдӕ ’нцӕ. Еци анзӕй фӕстӕмӕ «дзенети» арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕнун райдӕдтонцӕ. Паддзахади туххӕй хуарз хабар зингзӕрдӕй игъустгонд цудӕй, ӕма уой фӕрци берӕ нӕуӕг ӕмбурдтӕ фӕззиннидӕ. Еци «дзенети» ка цардӕй, етӕ сӕ уодигъӕди федар кодтонцӕ, сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хауй, уони. Кӕд еци нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ раздӕр ӕнӕхатир адтӕнцӕ ӕма ӕнӕгъдау цард кодтонцӕ, уӕддӕр нур ба сӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййивтонцӕ. «Еци уодигъӕдӕ конд ӕй Хуцауи фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:24). Исай ци арфӕдзийнӕдти кой кодта, уонӕй кӕцидӕртӕ комкоммӕ ӕрмӕстдӕр нӕуӕг дуйней исӕнхӕст уодзӕнцӕ. Фал еци арфӕдзийнӕдтӕй кӕцидӕртӕ абони дӕр нӕхебӕл ӕвзарӕн. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, абони ци «дзенети» цӕрӕн, е нӕ цардбӕл куд фӕззиннуй ӕма цӕмӕн гъӕуама архайӕн, цӕмӕй еци «дзенет» макӕд ниууадзӕн.

АБОНИ «ДЗЕНЕТИ» КА ЦӔРУЙ, ЕТӔ ЦӔХУӔН АРФӔДЗИЙНӔДТӔЙ ХАЙГИН ӔНЦӔ?

5. Исаййи 65:13 финст пахампарадӕ махбӕл куд ӕнхӕст кӕнуй?

5 Мах ан ӕфсес ӕма ӕнӕнез. Исаййи пахампарадӕй ирдӕй зиннуй, «дзенети» ка цӕруй, уони цард цӕмӕй хецӕн кӕнуй, ка си нӕ цӕруй, уони цардӕй. (Бакӕсӕ Исаййи 65:13.) Йеговӕ ӕй нӕ рӕдау Фидӕ. Е аллихузти архайуй, цӕмӕй ин ӕ рӕвдуд уинӕн. Е нин равардта сугъдӕг хъаурӕ, Библи, удта нин рӕдауӕй дӕттуй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ хуӕруйнаг, цӕмӕй нӕ бон уа «хуӕрун», «ниуазун» ӕма «цийнӕ кӕнун». (Рабарӕ Раргомадӕ 22:17.) Еци дзенети ка нӕ цӕруй, уонӕй ба ци ес зӕгъӕн? Етӕ ӕнцӕ «’стонг», «ӕдонуг», удта «фур ходуйнагӕй» сӕ «цӕсгон содзуй». Ӕма ӕгас еци бӕллӕхтӕ ӕвзарунцӕ, Хуцауи ке нӕ зонунцӕ, уой туххӕй (Амос 8:11).

6. Иоили 2:21–24 Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой абони куд ӕнхӕст кӕнуй?

6 Иоил ба ӕ пахампаради ракодта хуар, сӕнӕ ӕма оливи сойни кой. Етӕ адтӕнцӕ, израилӕгтӕ сӕйрагидӕр ке фӕрци цардӕнцӕ, еци хуӕруйнӕгтӕ. Уотемӕй Йеговӕ бавдиста, ӕ адӕнӕн алцидӕр ке кӕндзӕй, цӕмӕй маци гъӕуагӕ уонцӕ, нӕдӕр ӕнӕуой хуӕруйнаги ӕгъдауай, нӕдӕр ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй (Иоил 2:21–24). Абони ба Йеговӕ цӕхуӕн хуӕруйнӕгтӕ дӕттуй? Ес нин Библи, Библибӕл арӕзт публикацитӕ, нӕ сайт, не ’мбурдтӕ, удта конгресстӕ. Нӕ бон ӕй алли бон дӕр нӕхе ӕфсадун. Гъе уомӕ гӕсгӕ мах ан «ӕфсес» ӕма «ӕнӕнез».

7. Нӕ зӕрдӕ игъӕлдзӕг цӕмӕн ӕй? (Исай 65:14).

7 Мах ан амондгун ӕма цардӕй боз. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ «цийни гъӕр кӕнунцӕ», сӕ зӕрдӕ игъӕлдзӕг ке ӕй, уой туххӕй. (Бакӕсӕ Исаййи 65:14.) Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, рӕстдзийнадӕ нин ке базонун кодта, ӕ Дзурд Библий нин дессаги зӕрдӕвӕрдтӕ ке ниффинсун кодта ӕма нин Киристей нивонди фӕрци ци дессаги нифс фӕззиндтӕй, уой туххӕй. Еци дессаги арфӕдзийнӕдти туххӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ку фӕдздзорӕн, уӕд ӕй никки хуӕздӕр фӕллӕдӕрӕн, ӕцӕгӕйдӕр куд амондгун ан, уой (Пс. 34:8; 133:1–3).

8. Абони ци «дзенети» цӕрӕн, е сӕйрагидӕр цӕхуӕн дууӕ гъуддагемӕй хецӕн кӕнуй?

8 Абони ци «дзенети» цӕрӕн, е сӕйрагидӕр дууӕ гъуддагемӕй хецӕн кӕнуй – Хуцауи адӕни ’хсӕн ес уарзондзийнадӕ ӕма еудзийнадӕ. Нур дӕр ма нӕ бон кӕми ӕй кӕрӕдзей уарзун ӕма нӕ астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой гъӕуай кӕнун, уӕд нин нӕуӕг дуйней ба е цӕйбӕрцӕбӕл хуӕздӕр уайдзӕй! (Кол. 3:14). Еу хуӕрӕ радзурдта, фиццаг хатт Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ ку фембалдӕй, уӕд ӕ зӕрдӕмӕ ци фӕццудӕй, уой туххӕй. Е зӕгъуй: «Ӕз мӕхемӕ амондгун некӕд кастӕн, сауӕнгӕ ма мӕ бийнонти астӕу дӕр. Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ ’й фиццаг хатт фӕууидтон, адӕн ӕцӕгӕйдӕр кӕрӕдзей куд фӕууарзунцӕ, уой». Кӕд адӕни фӕндуй ӕцӕг амондгун ун ӕма зӕрдӕрохс цард кӕнун, уӕд сӕ гъӕуй, мах ци «дзенети» цӕрӕн, уордӕмӕ ӕрбацӕун. Аци дуйне Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй цийфӕнди ма дзора, уӕддӕр ӕй зонӕн, Хуцау ни арази ке ӕй. Зонӕн ӕй, ӕ цӕсти нин хуарз ном ке ес, удта ин зӕнхӕбӕл дӕр ӕма уӕлӕрвти дӕр кадӕриддӕр лӕггадӕ кӕнуй, уони цӕсти дӕр. Йеговӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ загъта, «ӕ лӕггадгӕнгутӕн... [ке] ратдзӕй ӕндӕр ном» (Ис. 65:15).

9. Исаййи 65:16, 17 нӕ зиндзийнӕдти туххӕй ци финст ес?

9 Нӕ зӕрдитӕ ӕнцӕ сабур ӕма ан нифсгун. «Дзенети» цӕрун ке нӕ фӕндуй, уони туххӕй Исаййи 65:14 уӕхӕн дзурдтӕ финст ес: «Гъӕр кӕндзиайтӕ уӕ зӕрди ристӕй ӕма гъарӕнгӕ кӕндзиайтӕ, уӕ нифс бустӕгидӕр ке басӕтдзӕй, уой туххӕй». Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ дӕр абони зиндзийнӕдтӕй хизт нӕ ’нцӕ. Фал ӕй мах уӕддӕр федарӕй зонӕн: «Раздӕри зиндзийнӕдтӕ феронх уодзӕнцӕ ӕма... [Хуцауи] цӕстити разӕй фесӕфдзӕнцӕ». (Бакӕсӕ Исаййи 65:16, 17.) Йеговӕ не ’гас зиндзийнӕдтӕн дӕр кӕрон искӕндзӕй. Ӕма еци зинти туххӕй ци риститӕ бавзурстан, етӕ нӕ зӕрди ’фтуйгӕ дӕр нӕбал ӕркӕндзӕнцӕ.

10. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу ке дӕ, уой арфӕдзийнадӕбӕл цӕмӕн нимайис? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

10 Адӕймагӕн ӕ уод ӕрдзи куд бауолӕфуй, гъе уотӕ мах ба не ’мбурдти бауолӕфӕн. Уоми нӕ бон фӕууй нӕ тухститӕ ӕма нӕ зиндзийнӕдтӕ феронх кӕнун. Фал ма нӕ бон ӕй архайун, цӕмӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр ӕмбурдтӕ уодӕнцойни хуасӕ уонцӕ. Кутемӕй? Хуцауи сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хаунцӕ, уони ку ’вдесӕн, уӕд. Зӕгъӕн, уарзондзийнадӕ, цийнӕ, фарнӕ, хӕларзӕрдӕдзийнадӕ, фӕлмӕн уодигъӕдӕ (Гал. 5:22, 23). Ци амондгун ан, Хуцауи организаций ке ан! «Дзенет» ка нӕ ниууадза, етӕ сӕхе цӕститӕй фӕууиндзӕнцӕ, Йеговӕ «нӕуӕг арв ӕма нӕуӕг зӕнхи» туххӕй ӕ зӕрдӕвӕрд куд исӕнхӕст кӕндзӕй, уой.

Йегови бийнонти хӕццӕ «дзенети» цӕрай, уомӕй хуӕздӕр неци ес! (кӕсӕ 10 абзац) b


11. Исаййи 65:18, 19 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йегови «дзенети» ке цӕрӕн, е нӕбӕл куд рабӕрӕг уй?

11 Мах ан боззӕрдӕ ӕма цийнӕ кӕнӕн. Идарддӕр Исай балӕдӕрун кодта, «дзенети» цӕргӕй нӕ бон цӕмӕн ӕй цийнӕ кӕнун, уой. Еци «дзенетӕн» е ’скӕнӕг ӕй Йеговӕ. (Бакӕсӕ Исаййи 65:18, 19.) Йеговӕ мах фӕрци адӕнӕн ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй рацӕуонцӕ, хорсугъд ӕдзӕрӕг будури хузӕн ка ӕй, еци организацитӕй ӕма бацӕуонцӕ, дидинӕг ка кӕнуй, уӕхӕн рӕсугъд дзенетмӕ. Рӕстдзийнадӕ ке базудтан ӕма уой фӕрци берӕ арфӕдзийнӕдтӕй ке исхайгин ан, уой туххӕй Йеговӕй хъӕбӕр боз ан. Ӕма нӕ фӕндуй еци арфӕдзийнӕдти туххӕй иннетӕн дӕр дзорун (Йер. 31:12).

12. Исаййи 65:20–24 ци зӕрдӕвӕрдтӕ финст ес, уонӕй дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр кӕцитӕ цӕунцӕ ӕма цӕмӕн?

12 «Дзенети» цӕргӕй ма никкидӕр боз цӕй туххӕй ан ӕма нӕ бон цӕбӕл ӕй цийнӕ кӕнун? Махӕн ес нӕуӕг дуйней цӕруни нифс. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цард цӕхуӕн дессаг уодзӕй, уой. Библий финст ӕй: «Уоми нӕбал уодзӕй, цалдӕр бонемӕй ӕндӕр ка нӕ фӕццардӕй, уӕхӕн нӕуӕгигурд сувӕллон, нӕдӕр, ӕ царди бонтӕ ӕнхӕстӕй ка нӕ фӕццардӕй, уӕхӕн зӕронд лӕг... Адӕн хӕдзӕрттӕ кӕндзӕнцӕ ӕма си цӕрдзӕнцӕ, садздзӕнцӕ сӕнӕфсердӕнттӕ ӕма син сӕ рӕзӕ хуӕрдзӕнцӕ». Нӕ хъиамӕт дзӕгъӕли некӕд уодзӕй, уомӕн ӕма нин Йеговӕ арфӕ кӕндзӕй. Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, тӕссаг нин ке нецӕмӕй уодзӕй ӕма амондгун, удта зӕрдӕрохс цард ке кӕндзиан. Йеговӕ нин не ’гас фӕндтӕ дӕр зондзӕй, коргӕ дӕр си нецима ракӕндзиан, уотемӕй. Е алкӕмӕндӕр ратдзӕй, «ӕ зӕрдӕ ци зӕгъуй, уой» (Ис. 65:20–24; Пс. 145:16).

13. Исаййи 65:25 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ, адӕн сӕ цард куд раййевунцӕ, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку райдайунцӕ, уӕд?

13 Мах ан фарнӕуарзагӕ ӕма нин «дзенети» тӕссаг нецӕмӕй ӕй. Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци нӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивтан. Раздӕр ни беретӕ адтӕнцӕ фудзӕрдӕ ӕма ӕнӕхатир, удта берӕ аллихузи хӕран гъуддӕгтӕ кодтонцӕ. (Бакӕсӕ Исаййи 65:25.) Фал еци лӕгъуз менеугутӕй фӕд дӕр нӕбал байзадӕй (Ром. 12:2; Еф. 4:22–24). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, нур дӕр ма ӕнӕнхӕст ан, ӕма уомӕ гӕсгӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ рарӕдуйӕн. Кӕд хъӕбӕр фӕйнӕхузи ан, уӕддӕр нӕ Йеговӕ ӕрбайеу кодта ӕма нӕ астӕу ес уарзондзийнадӕ, удта фарнӕ (Тит. 2:11). Уӕхӕн устур дессаг искӕнун ӕрмӕстдӕр Алцигъон Хуцауи бон адтӕй!

14. Исаййи 65:25 финст дзурдтӕ раст ке ’нцӕ, е еу ӕнсувӕри хабарӕй куд зиннуй?

14 Цума уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй адӕймаг ӕ уодигъӕдӕ раййева? Ӕркӕсӕн еу цӕветтонмӕ. Еу ӕригон биццеу адтӕй хъӕбӕр ӕнӕхатир, бауорамӕнтӕ ин нӕ фӕууидӕ. 20 анзи дӕр ибӕл нӕма цудӕй, уотемӕй ахӕстдони цалдӕр хатти бадтӕй. Ис ӕй бадун кӕниуонцӕ, кедӕр машинӕ ке радавидӕ, кедӕр хӕдзӕрттӕ ке никъкъахидӕ ӕма ма берӕ ӕндӕр уӕхӕн фудгъуддӕгти туххӕй. Удта ма хъӕбӕр хилӕгӕнагӕ адтӕй. Фал фӕстӕдӕр еци биццеу Библий рӕстдзийнади хӕццӕ базонгӕ ’й ӕма Йегови Ӕвдесӕнти ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдӕдта. Гъема ин фӕззиндтӕй, цӕй туххӕй цӕра, е – Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун «дзенети». Донаргъуди фӕсте арӕх фӕссагъӕс кӕнидӕ Исаййи 65:25 финст дзурдтӕбӕл. Еци дзурдтӕ хуарз ӕвдистонцӕ, ӕ уодигъӕдӕ куд раййивта, уой. Ӕцӕгӕйдӕр, берӕгъи хузӕн адӕймагӕй рауадӕй уӕриккӕ!

15. Цӕмӕн нӕ фӕндуй, цӕмӕй никки фулдӕр адӕн нӕ бийнонтӕмӕ ӕрбайеу уонцӕ ӕма уой туххӕй нӕ бон ци ӕй кӕнун?

15 Исаййи 65:13 райдайуй уӕхӕн дзурдтӕй: «Уотӕ зӕгъуй Дуйнедарӕг Хуцау Йеговӕ». 25 стихи кӕрон ба уӕхӕн дзурдтӕ финст ес: «Зӕгъуй Йеговӕ». Хуцау зӕрдӕ цӕмӕй байвӕруй, уой алкӕддӕр исӕнхӕст кӕнуй (Ис. 55:10, 11). Нур дӕр зӕнхӕбӕл ес «дзенет». Аллихузи адӕнӕй Хуцау искодта еу бийнонтӕ, ӕма ӕндӕр уӕхӕн адӕн нӕййес. Сӕ астӕу нин ӕй хуарз, удта иссирдтан уодӕнцойнӕ ӕма нин ӕй ӕдас (Пс. 72:7). Гъе уомӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕндуй, цӕмӕй никки фулдӕр адӕн нӕ бийнонтӕмӕ ӕрбайеу уонцӕ. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй игъосун кӕнун ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун (Матф. 28:19, 20).

НӔ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН, ЦӔМӔЙ ИННЕТИ ДӔР БАФӔНДӔУА «ДЗЕНЕТМӔ» ӔРБАЦӔУН?

16. Адӕни «дзенетмӕ» ӕрбацӕун цӕмӕн бафӕндуй?

16 Алке бон дӕр ни ӕй архайун, цӕмӕй иннети дӕр бафӕндӕуа, абони ци «дзенети» цӕрӕн, уордӕмӕ ’рбацӕун. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй Йегови фӕнзун. Е адӕни ӕ организацимӕ тухӕй нӕ кӕнуй. Уой фӕндуй, цӕмӕй адӕни сӕхе бафӕндӕуа ӕрбацӕун (Иоан. 6:44; Йер. 31:3). Гъема кӕдзосзӕрдӕ адӕн ку базонунцӕ, Йеговӕ цӕхуӕн фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау ӕй, уӕд имӕ сӕхуӕдтӕ ӕрбахӕстӕг унцӕ. Махӕн ба куд ӕй нӕ менеугутӕй ӕма нӕ гъуддӕгтӕй еци «дзенет» рӕсугъд кӕнун, цӕмӕй имӕ иннети дӕр бафӕндӕуа ӕрбацӕун?

17. Не ’мбурдтӕмӕ ка ’рбацӕуй, еци адӕн ци фӕууинунцӕ?

17 Адӕймаг ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕуй, уӕд ӕй фиццагидӕр фӕууинуй, кӕрӕдзей куд берӕ уарзӕн ӕма куд хӕларзӕрдӕ ан, уой. Мах фӕндуй, цӕмӕй уой фӕууингӕй, адӕни бафӕндӕуа рагон Коринфи цӕргути хузӕн зӕгъун: «Ӕцӕгӕйдӕр, Хуцау уӕ хӕццӕ ӕй» (1 Кор. 14:24, 25; Зах. 8:23). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма гъӕуама идарддӕр дӕр архайӕн Библий унаффӕмӕ гӕсгӕ: «Кӕрӕдзей хӕццӕ фӕрнӕй цӕретӕ» (1 Фес. 5:13).

18. Адӕни Йегови организацимӕ ӕрбацӕун цӕмӕн бафӕндуй?

18 Мах фӕндуй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ Йегови цӕстӕй кӕсун. Уомӕ гӕсгӕ фӕййархайӕн, цӕмӕй син фиццагидӕр сӕ хуарз менеугутӕ уинӕн, лӕгъузӕй сӕмӕ ци ес, уой нӕ, фал. Уомӕн ӕма рӕстӕг ку рацӕуа, уӕд еци лӕгъуз менеугутӕй фӕд дӕр нӕбал байзайдзӕй. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уотӕ фӕууй, ӕма кӕрӕдзей нӕ балӕдӕрӕн. Фал уӕддӕр фӕййархайӕн, цӕмӕй нӕ астӕу уа уарзондзийнадӕ, уӕн хӕларзӕрдӕ, кӕрӕдзей зин лӕдӕрӕн ӕма зӕрдӕй хатир кӕнӕн (Еф. 4:32). Ӕма кӕрӕдземӕ уӕхӕн зӕрдӕ ке дарӕн, уой иннӕ адӕн дӕр фӕууинунцӕ ӕма сӕ бафӕндуй, цӕмӕй етӕ дӕр, мах ци «дзенети» цӕрӕн, уомӕ ӕрбацӕуонцӕ a.

ЦИ «ДЗЕНЕТИ» ЦӔРӔН, УОЙ МАКӔД НИУУАДЗӔН!

19. а) «Дзенетмӕ» ка ӕрбаздахтӕй, етӕ ци зӕгъунцӕ? (Кӕсӕ рамкӕ « Етӕ ӕрбаздахтӕнцӕ „дзенетмӕ“».) б) Ци «дзенети» цӕрӕн уомӕн ке аргъ кӕнӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

19 Абони ци «дзенети» цӕрӕн, е нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй. Бонӕй-бонмӕ рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕнуй ӕма, Йегови ка кадгин кӕнуй, уӕхӕн адӕн фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ. Йеговӕ нин уӕхӕн дессаги лӕвар ке искодта, уой туххӕй си алкӕддӕр боз уодзиан! Еци дзенетмӕ ку ӕрбацӕуӕн, уӕд исуӕн амондгун, зӕрдӕрохс, иссерӕн уодӕнцойнӕ, нӕ зӕрдитӕ фӕуунцӕ сабур ӕма нӕ нӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй еци «дзенет» ескӕд ниууадзӕн. Фал гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, уомӕн ӕма Сайтан аллихузти архайуй, цӕмӕй нӕ еци «дзенетӕй» расайа (1 Пет. 5:8; Рарг. 12:9). Фал ӕй нӕхе сайун нӕ бауадздзиан. Гъӕйдӕ мадта нӕ рӕсугъд «дзенет», удта си ци кӕдзосдзийнадӕ ӕма фарнӕ ес, уой не ’гас хъауритӕй гъӕуай кӕнӕн!

«Дзенет» ка нӕ ниууадза, етӕ федӕни дӕр зӕнхӕбӕл дзенети цӕрдзӕнцӕ (кӕсӕ 19 абзац)


ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?

  • Рахӕсгӕ хузи ци дзенети цӕрӕн, е ци ӕй?

  • Ци «дзенети» цӕрӕн, уоми цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй хайгин ан?

  • Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй иннети дӕр бафӕндӕуа «дзенети» цӕрун?

144 ЗАР Дӕ цӕстити рази уӕд лӕвар!

a Сайти jw.org кӕсӕ видеороликмӕ «Как сложилась их жизнь? Алена Житникова. Сбылась моя мечта» ӕма ’й базонӕ, аци хуӕрӕ «дзенети» ке ӕй, уомӕн цӕмӕн аргъ кӕнуй, уой.

b ХУЗӔ. Паддзахади зали хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ игъӕлдзӕгӕй хабӕрттӕ кӕнунцӕ, еу ӕнсувӕр ба еуварс исбадтӕй ӕма ’й дзорун неке хӕццӕ фӕндуй.