Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Библи мын куыд баххуыс кӕндзӕн? 1 хай. Ӕмбӕхст хӕзнатӕ агурын сахуыр у

Библи мын куыд баххуыс кӕндзӕн? 1 хай. Ӕмбӕхст хӕзнатӕ агурын сахуыр у

 «Библи кӕсын афӕлвӕрдтон. Фӕлӕ ахӕм стыр у, ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй бакӕсон, уымӕ мӕ ныфс нӕ хӕссын» (Брианӕ, 15 азы).

 Кӕд ды дӕр Библи кӕсынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн.

 Библи кӕсын цӕмӕн хъӕуы?

 Чи зоны дын Библи кӕсын зын у. Ӕмӕ уый диссаг нӕу. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс: «Библи у ставд чиныг ӕмӕ лыстӕг фыст, стӕй дзы нывтӕ дӕр нӕй. Уый ӕмӕ дын телевизор ӕмӕ интернет!»

 Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: зӕгъӕм, ссардтай стыр зӕронд хӕзнадон. Йӕ хуылфы цы ис, уый базонын дӕ нӕ фӕндид?

 Библи у ахӕм хӕзнадоны хуызӕн. Цы хӕзнатӕ дзы ис, ома зондджын уынаффӕтӕ, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй...

  •   алкӕддӕр, раст цы у, уый аразай;

  •   дӕ ныййарджытимӕ фидауай;

  •   хорз ӕмбӕлттӕ ссарай;

  •   къаддӕр тыхсай.

 Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ахӕм рагон чиныджы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон абон дӕр пайда уой? Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон сты, Дун-дунейы ӕппӕты зондджындӕр чи у, уый уынаффӕтӕ.

Библи у хӕзнадон – йӕ уынаффӕтӕ зынаргъ хӕзнатӕй уӕлдай не сты

 Куыд ис Библи кӕсӕн?

 Фыццаг, дӕ бон у Библи райдианӕй кӕронмӕ бакӕсын. Уый фӕрцы базондзынӕ, Библийы дзырд цӕуыл цӕуы, уый. Библи ис алыхуызӕтты кӕсӕн.

  •    Дӕ бон у Библийы 66 чиныджы фӕд-фӕдыл бакӕсын, Райдианӕй Раргомадмӕ.

  •    Дӕ бон у, Библийы цы хабӕртты кой ис, уыдон, фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ кӕсын.

 Уынаффӕ. Брошюрӕйы «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 4 хайы фӕд-фӕдыл фыст сты Йесойы зӕххон царды ахсджиаг цаутӕ.

 Дыккаг, дӕ бон у бакӕсын, дӕ уавӕры дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм скъуыддзаг. Зӕгъӕм:

  •   Чи зоны дӕ фӕнды хорз ӕмбӕлттӕ ссарын. Бакӕс Ионафан ӕмӕ Давиды хабар (1 Самуилы, 18–20 сӕртӕ). Ахъуыды кӕн: Давидмӕ цавӕр миниуджытӕ уыд ӕмӕ уыцы миниуджыты фӕрцы Ионафанимӕ хорз ӕмбӕлттӕ куыд систы?

  •   Чи зоны дӕ фӕнды, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууай. Бакӕс, Иосиф фӕлварӕны фидар куыд фӕлӕууыд, уый тыххӕй (Райдиан, 39 сӕр). Ахъуыды кӕн: Иосифӕн фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта?

  •   Чи зоны дӕ фӕнды базонын, Хуыцаумӕ кувын цӕмӕн хъӕуы, уый. Бакӕс Неемийы хабар (Нееми, 2 сӕр). Уый фӕстӕ скӕн хӕслӕвӕрд «Хуыцау ын йӕ куывд фехъуыста», цӕмӕй базонай, уыцы хабарӕй дӕ бон зондӕн райсын цы у, уый.

 Уынаффӕ. Библи куы кӕсай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй дӕ мачи хъыгдара ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ ма дзӕгъӕлтӕ кӕной.

 Ӕртыккаг, Библийӕ иу скъуыддзаг кӕнӕ псалом бакӕс ӕмӕ стӕй ахъуыды кӕн, пайда дын цӕмӕй уыдзӕн, ууыл. Библийӕ скъуыддзаг куы бакӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, зӕгъӕм, ахӕм фарстатыл:

  •    Йегъовӕ ацы скъуыддзаг Библийы цӕмӕн ныффыссын кодта?

  •    Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй ӕмӕ куыд фӕархайы, уый тыххӕй дзы цы базыдтон?

  •    Цы бакастӕн, уый мӕ цымӕ мӕ царды кӕм бахъӕудзӕн?

 Уынаффӕ. Дӕ разы нысан сӕвӕр. Ныффысс, Библи дӕ кӕд фӕнды графикмӕ гӕсгӕ кӕсын райдайын. График ис сайты jw.org.