Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Кӕд уӕззау рынчын дӕн, уӕд цы саразон? (1 хай)

Кӕд уӕззау рынчын дӕн, уӕд цы саразон? (1 хай)

 Уӕззау рынчын чи у, ахӕм ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызджы зоныс? Кӕнӕ, чи зоны, дӕхӕдӕг цӕмӕйдӕр рынчын дӕ кӕнӕ дӕ буары уӕнгтӕй искӕцы сахъат у, ӕмӕ уый тыххӕй дӕ бон нӕу, де ’мгӕрттӕ цы аразынц, уыдӕттӕ аразын?

 Кӕд хабар афтӕ у, уӕд, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕхимӕ кӕй ныхъхъусыс, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ нын дыууӕ хъуыдыйы Библийӕ ныфс дӕттынц.

  •   Де Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ зоны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уый. Уымӕй уӕлдай, Хуыцау «тыхсы дӕуыл» (1 Петры 5:7).

  •   Йегъовӕ Хуыцау ныфс ӕвӕры, адӕм рынчын кӕй нал кӕндзысты! Уый тыххӕй дӕ бон у бакӕсын Библийы, Исайы 33:24 ӕмӕ Раргомады 21:1–4.

 Уӕззау рынчын чи у, бирӕ ахӕм лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ бамбӕрстой, Хуыцауыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндынц, уый сын стыр ӕххуыс кӕй у. Ӕркӕсӕм цыппар цӕвиттонмӕ.

 ЙЕМИ

 11 азӕй фӕстӕмӕ дӕн инвалидты коляскӕйы. Мӕ бон хуымӕтӕг цыдӕртӕ аразын дӕр нӕу, зӕгъӕм, исты рог дзаума сисын.

 5 азы мыл куы цыд, уӕд мын дохтыртӕ загътой, мӕ хӕцъӕфтӕ сабыргай кӕй лӕмӕгъ кӕндзысты ӕмӕ мӕ тых кӕй сӕтдзӕн (мышечная дистрофия). Уыцы низӕн бауромӕн нӕй, ӕмӕ мӕ цы фӕнды, уый аразын мӕ бон нӕу. Хатт мӕ ныфс бынтондӕр асӕтты, уымӕн ӕмӕ ме ’мгӕрттӕ цы фӕаразынц, уый мӕнӕн мӕ бон аразын нӕу. Фӕлӕ мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ мын ӕмбырды цы ’мбӕлттӕ ис, уыдон мын ӕнӕуи дӕр ӕххуыс кӕнынц, ныфс дӕр мӕ бауадзынц ӕмӕ мын мӕ уырнындзинад дӕр бафидар кӕнынц. Мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй фӕныхас кӕнын ӕмӕ, ме ’мбырды чи ис, уыдон арӕх мемӕ фӕцӕуынц, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ.

 Йесо загъта, алы бонӕн дӕр йӕхи катӕйттӕ фаг кӕй сты (Матфейы 6:34). Уымӕ гӕсгӕ архайын, цӕмӕй сомбоныл ма тыхсон ӕмӕ, мӕ бон аразын цы у, уымӕй фылдӕрмӕ ма тырнон. Ӕз тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Хуыцауы ног дуне кӕд ралӕудзӕн, уыцы бонмӕ. Уӕд мӕ низӕй фервӕздзынӕн ӕмӕ «ӕцӕг цардӕй» цӕрдзынӕн (1 Тимофеймӕ 6:19).

  Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Йемийӕн тынг ӕххуыс кӕны, йӕ бон саразын цы у, уымӕй фылдӕрмӕ кӕй нӕ тырны, уый. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысӕнттӕ ӕвӕрын? (1 Коринфӕгтӕм 9:26).

 МАТТЕО

 Мӕ фӕсонтӕ риссын райдыдтой, ӕхсӕз азы мыл куы цыд, уӕд. Дохтыртӕ фыццаг дзырдтой, ӕгӕр тагъд кӕй рӕзын, уый тыххӕй мын кӕй риссынц. Фӕлӕ иу азы фӕстӕ рабӕрӕг, мӕ рагъыстӕджы фӕрсмӕ рак кӕй ис.

 Операци мын скодтой, фӕлӕ хирург ракӕн йӕ 40 проценты йеддӕмӕ нӕ ралыг кодта – ӕндӕр ын йӕ бон ницы баци. Дыууӕ мӕйы фӕстӕ та рак ногӕй сси, цӕйас уыди, уыйас. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыйбӕрц анализтӕ радтон, уал хатты мӕ дзӕбӕх кодтой, ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр нал кӕнын. Фӕлӕ-иу алы хатт дӕр фыдӕнхъӕл фӕдӕн.

 Хатт мӕ рыстытӕ ахӕм тынг вӕййынц, раст цыма мӕ исчи кардӕй фӕрӕхойы. Ӕппӕты тынгдӕр фӕриссынц мӕ фӕсонтӕ ӕмӕ мӕ риу. Фӕлӕ архайын, цӕмӕй ӕдзух мӕ низыл ма хъуыды кӕнон. Мӕхицӕн фӕдзурын, иннӕтӕ дӕр стыр фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ ныфс сӕттын кӕй нӕ уадзынц. Цӕмӕй мӕ ныфс ма асӕтта, уый тыххӕй мын ӕппӕты тынгдӕр ӕххуыс кӕны, фидарӕй мӕ кӕй уырны, уыцы рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ нал уыдзӕн (Раргомад 21:4).

  Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Хуыцау ныфс цӕмӕй бавӕрдта, ууыл хъуыды кӕнын дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕуӕн дӕр Маттеойау дӕ ныфс ма сӕтта? (Исай 65:17).

 БРУНӔ

 Куы мӕм ӕрбакӕсай, уӕд дӕ уырнгӕ дӕр бакӕндзӕн, рынчын кӕй дӕн. Уый тыххӕй кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ зивӕггӕнаг дӕн. Фӕлӕ мӕ низ ахӕм у, ӕмӕ мын алцыдӕр тынг зын у аразын – хӕдзары куыстытӕ, ахуыр кӕнын, стӕй райсомӕй сынтӕгӕй рабадын дӕр.

 16 азы мыл куы цыди, уӕд сбӕрӕг кодтой, уӕззау низ мӕм кӕй ис (рассеянный склероз). Уыцы низ адӕймагӕн йӕ хъарутӕ хӕры ӕмӕ йӕ уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ бон нӕу, цас мӕ фӕнды, уыйбӕрц кусын дӕр ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр. Ногӕй ӕмӕ ногӕй бакӕсын 1 Петры 5:7 стих. Уым фыст ис: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл». Йегъовӕ алкӕуыл дӕр хицӕнӕй кӕй тыхсы, уыцы хъуыды мӕ тынг бафидар кодта ӕмӕ мӕ суанг абоны онг дӕр тыхтӕ уадзы.

  Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Брунӕйау де ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бар куы бакӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? (Псалом 55:22).

 АНДРЕ

 Чидӕртӕ мемӕ афтӕ фӕныхас кӕнынц, цыма мыл 10 азы йеддӕмӕ нӕ цӕуы. Фӕлӕ сӕм нӕ фӕмӕсты кӕнын, уымӕн ӕмӕ мын мӕ бакастмӕ гӕсгӕ ӕндӕр нӕ ратдзынӕ.

 Дыууӕ азы мыл куы цыд, уӕд мӕм ссардтой, арӕх чи не ’мбӕлы ахӕм рак – астӕумагъзы райдыдта ӕмӕ сӕры магъзы онг ссыд. Дохтыртӕ мӕ сдзӕбӕх кодтой, фӕлӕ мыл низ уӕддӕр йӕ фӕд ныууагъта – мӕ буар нал рӕзы. Ныр мӕ бӕрзӕнд у 1 метр ӕмӕ 37 сантиметры. Куы фӕзӕгъын, 18 азы мыл цӕуы, уӕд бирӕты нӕ бауырны!

 Ӕмбырды мын иууылдӕр аргъ кӕнынц. Скъолайы мыл сывӕллӕттӕ куыд худтысты, афтӕ мыл ам ничи худы. Архайын, цӕмӕй мӕ ныфс ма асӕтта. Адӕймаджы царды ӕппӕты амондджындӕр хабар схонӕн цы ис, уый мыл ӕрцыд – ӕз базыдтон Йегъовӕйы. Цыфӕнды зындзинӕдтӕ мӕм ма ӕнхъӕлмӕ кӕса разӕй, мӕн фидарӕй уырны, Йегъовӕ мыл алкӕддӕр кӕй батыхсдзӕн. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы диссаджы ног дунейӕ ӕвӕры, ууыл кӕй фӕхъуыды кӕнын, уый мын мӕ ныфс фидар кӕны (Исай 33:24).

  Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Андре афтӕ цӕмӕн загъта, ӕмӕ «адӕймаджы царды ӕппӕты амондджындӕр хабар» у Йегъовӕйы базонын? (Иоанны 17:3).