Псалом 120:1—7

Зарӕг, горӕтмӕ цӕугӕйӕ. 120  Йегъовӕмӕ сдзынӕзтон зын сахат+,Ӕмӕ мын дзуапп радта+.   О Йегъовӕ, мӕ уд мын фервӕзын кӕн мӕнг ӕвзагӕй+,Хин ӕвзагӕй+.   Цы дыл сӕмбӕлдзӕн, цы дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы,О хин ӕвзаг?+   Тыхджын адӕймаджы цыргъ фаттӕ+Ӕмӕ къутӕрбӕласы судзгӕ зынгтӕ+.   Мӕгуыр мӕ бон! Ӕз дӕн ӕрцӕуӕггаг Мешехы+.Цӕрын Кедары цатырты ’хсӕн+.   Ӕгӕр дӕр ма фӕцардтӕн+,Сабыр цард чи нӕ уарзы, уыдоны ’хсӕн+.   Мӕн фӕнды сабырӕй цӕрын+, фӕлӕ исты куы сдзурын,Уӕд сӕхи тохмӕ ӕрцӕттӕ кӕнынц+.

Фиппаинӕгтӕ