Псалом 73:1—28

Асафы зарӕг+. 73  Хуыцау бирӕ хӕрзты цӕуы Израилӕн, йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг кӕмӕн у, уыдонӕн+.   Мӕн та мӕ къах иннӕрдӕм фӕцӕйхаста+,Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ къӕхтӕ фӕбырыдаиккой+.   Уымӕн ӕмӕ, фыдгӕнджыты фӕрнӕйдзаг цард уынгӕйӕ+,Ӕз бахӕлӕг кодтон, йӕхицӕй чи ’ппӕлы, уыдонмӕ+.   Уыдон мӕлгӕ дӕр ӕнӕ тухӕнтӕй кӕнынц+.Стыр гуыбынтӕ рауагътой+.   Хуымӕтӕг адӕймаг цӕуыл тыхсы, уый нӕ зонынц+,Ӕмӕ сыл иннӕтау бӕллӕхтӕ нӕ цӕуы+.   Уый тыххӕй сын сӕрбӕрзонддзинад у хъуырылдаргӕ рӕхысау+,Тыхми сын у уӕлӕдарӕсау+.   Сӕ цӕстытӕ фырнардӕй ӕддӕмӕ рабырыдысты+.Сӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕл куыд нӕ уыдысты, афтӕ хорз цӕуынц сӕ хъуыддӕгтӕ+.   Уыдон кӕнынц ӕлхыскъ ныхас, дзурынц фыдхъуыддӕгтыл+,Цӕстфӕлдахӕн митӕй ӕппӕлынц+.   Се ’ппӕлӕн ныхӕстӕ суанг арвмӕ хӕццӕ кӕнынц+,Се ’взаг зӕххыл разил-базил кӕны+. 10  Йӕ адӕмы дӕр уый тыххӕй ӕрбакӕны фӕстӕмӕ ардӕм,Ӕмӕ сын дон ис парахатӕй. 11  Уыдон дзурынц: «Кӕцӕй йӕ базондзӕн Хуыцау?+Бӕрзондылбадӕг уыдӕттӕ зоны?»+ 12  Афтӕ сты фыдгӕнджытӕ, цӕрӕнбонты кӕнынц ӕнӕмӕт цард+.Сӕ мулк фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц+. 13  Уӕдӕ ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодтон+,Дзӕгъӕлы ӕхсадтон мӕ къухтӕ ӕнаххосдзинады+. 14  Алы бон дӕр мыл цӕуы бӕллӕхтӕ+,Алы райсом дӕр мыл ӕмбӕлы уайдзӕфтӕ+. 15  Афтӕ куы загътаин, ӕз дӕр афтӕ дзурдзынӕн, зӕгъгӕ,Уӕд дын дӕ фырттыл се ’ппӕтыл дӕрГадзрахатӕй рацыдаин+. 16  Ӕмӕ ӕз ууыл хъуыды кодтон, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаин+,Фӕлӕ йӕ мӕ бон нӕ уыд бамбарын, 17  Цалынмӕ Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ нӕ бацыдтӕн, уӕдмӕ+.Фӕндыди мӕ сӕ фидӕн базонын+. 18  Ды сӕ ӕцӕгдӕр сӕвӕрдтай бырынцъаг ран+.Сӕфтмӕ сӕ ӕркодтай+. 19  Цӕстыфӕныкъуылдмӕ диссагӕн дзуринаг куыд фесты!+Куыд бабын сты, бӕллӕхы ӕвиппайды куыд фесӕфтысты! 20  Адӕймаг куы райхъал вӕййы, уӕд йӕ фын куыд ницӕмӕ ӕрдары, о Йегъовӕ+,Афтӕ сӕ ды дӕр ницӕмӕ ӕрдардзынӕ, куы сыстай, уӕд+. 21  Мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй дзаг+,Мӕ хуылф* дудгӕ рыст кодта+. 22  Ӕз уыдтӕн ӕнӕмбаргӕ, ницы зыдтон+.Дӕ цӕсты сдӕн ӕнӕмбаргӕ цӕрӕгойы хуызӕн+. 23  Фӕлӕ ӕз ӕдзухдӕр демӕ дӕн+,Ды мын хӕцыс мӕ рахиз къухыл+. 24  Ды мӕ кӕндзынӕ дӕ уынаффӕйы фӕрцы+,Ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ скадджын кӕндзынӕ+. 25  Чи мын ис уӕлӕрвты?+Ӕмӕ мын зӕххыл дӕр дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр цин нӕй+. 26  Мӕ буар ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ныллӕмӕгъ сты+.Хуыцау у мӕ зӕрдӕйы ныфс* ӕмӕ мӕ хай ӕнустӕм+. 27  Йӕхи дӕ дард чи ласы, уыдонӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн+.Гадзрахатӕй дыл чи рацӕуы ӕмӕ дӕ чи ныууадзы*, уыдоны фесафдзынӕ+. 28  Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын+.Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг+,Цӕмӕй йын йе ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй хъусын кӕнон+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Мӕ уыргтӕ».
Комк. «къӕдзӕх».
Кӕнӕ «Хӕтаг адӕймагау чи архайы ӕмӕ дӕ чи ныууадзы».