Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлмӕн удыхъӕд – зондджын адӕймаджы миниуӕг

Фӕлмӕн удыхъӕд – зондджын адӕймаджы миниуӕг

Тонийӕн йӕ куыст у рынчынтӕм ӕмӕ ацӕргӕтӕм кӕсын. Иу бон, кӕмӕ каст, иу ахӕм ацӕргӕ сылгоймагмӕ куы ’рбацыд ӕмӕ дзӕнгӕрӕгыл куы бахӕцыд, уӕд ӕм йӕ 50-аздзыд чызг ракаст ӕмӕ йӕ уайдзӕфтӕ ӕмӕ хъӕры бын фӕкодта, зӕгъгӕ, дам, раздӕр цӕуылнӕ ӕрбацыдтӕ. Афтӕмӕй та Тони афоныл ӕрбацыд. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы сылгоймагӕй уӕзданӕй хатыр ракуырдта.

ИННӔ хатт дӕр та йыл уыцы сылгоймаг йӕ пырх акалдта. Цымӕ Тони куыд бакодта? Тони загъта: «Тынг зын мын уыд. Ницы аххосджын уыдтӕн, афтӕмӕй мӕ бафхӕрдта». Фӕлӕ та дзы уӕддӕр хатыртӕ ракуырдта ӕмӕ ма йын загъта, зӕгъгӕ дын куыд зын у, уый ӕмбарын.

Ды Тонийы бынаты куы уыдаис, уӕд куыд бакодтаис? Фӕлмӕнӕй дзуапп раттыныл бацархайдтаис? Ӕви дын зын уыдаид дӕхиуыл хӕцын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм уавӕрты хиуыл хӕцын ӕнцон нӕ вӕййы. Тыхст уавӕры куы вӕййӕм кӕнӕ нӕ исчи куы смӕсты кӕны, уӕд нын фӕлмӕн удыхъӕд равдисын свӕййы фӕлварӕн.

Фӕлӕ Библи чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сын уа фӕлмӕн удыхъӕд. Хуыцауы Ныхасӕй ма бӕрӕг у, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый кӕй ис зондджын схонӕн. Иаков ныффыста: «Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у? Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй – йӕ хорз ӕгъдауӕй ӕмӕ зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахастӕй» (Иак. 3:13). Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондыл дзурӕг у? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн уыцы арфӕйаг миниуӕгыл кусынӕн?

ФӔЛМӔН УДЫХЪӔД ЗОНДЫЛ ДЗУРӔГ ЦӔМӔН У

Фӕлмӕн дзуапп маст ссӕуын кӕны. «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудзы» (Ӕмб. 15:1).

Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат ӕмӕ куы рамӕсты уай, уӕд уымӕй уавӕр ноджы фыддӕр фӕуыдзӕн. Уый уыдзӕн, цыма арты сугтӕ ӕппарыс, афтӕ (Ӕмб. 26:21). Фӕлӕ фӕлмӕнӕй дзуапп куы раттай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕуа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн уа.

Тони уый йӕхи цӕстӕй федта. Йӕ фӕлмӕн дзуапп сылгоймаджы зӕрдӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ скуыдта. Стӕй йын бамбарын кодта, йӕхи зындзинӕдтӕй дӕр ӕмӕ сӕ бинонты уавӕрӕй дӕр йӕ хъуырмӕ кӕй сси. Тони йын Хуыцауы тыххӕй радзырдта, ӕмӕ стӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Цӕй фӕрцы? Тони ахӕм сабыр ӕмӕ фӕлмӕн кӕй разынд, уый фӕрцы.

Фӕлмӕн удыхъӕд нын куы уа, уӕд уыдзыстӕм амондджын. «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты» (Матф. 5:5).

Фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон амондджын цӕмӕн сты? Раздӕр тызмӕг, мӕстыгӕр чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ ацы миниуӕг сӕхиуыл уӕлӕдарӕсау скодтой, ӕмӕ ныр сты тынг амондджын. Сӕ цард бынтондӕр фӕивта, ӕмӕ йӕ зонынц, цы диссаджы фидӕн сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Кол. 3:12). Испанийӕ иу районон цӕстдарӕг, Адольфо, зӕгъгӕ, радзырдта, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ йӕ цард цыхуызӕн уыди, уый тыххӕй.

Адольфо дзуры: «Мӕ цард уыд афтид. Тынг мӕстыгӕр уыдтӕн, гыццыл исты, ӕмӕ-иу ӕррайы хуызӕн адӕн. Суанг мӕ ме ’мбӕлттӕй дӕр иуӕй-иутӕ тарстысты. Ӕппынфӕстаг иу хабар ӕрцыд, ӕмӕ ма тыххӕй аирвӕзтӕн. Кӕимӕдӕрты фӕхыл дӕн, ӕмӕ мӕ кардӕй ӕхсӕз хатты барӕхуыстой. Уыйбӕрц туг мӕ фӕцыд, ӕмӕ фӕцӕймардтӕн».

Ныр Адольфо иннӕты ахуыр кӕны, цӕмӕй сын фӕлмӕн удыхъӕд уа, ӕмӕ сын йӕхӕдӕг дӕр у фӕзминаг. Бирӕтӕ йӕ уарзынц йӕ фӕлмӕн удыхъӕды тыххӕй. Адольфойӕн йӕ бон фӕивын кӕй сси, ууыл тынг цин кӕны. Ӕмӕ йын Йегъовӕ кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг у.

Фӕлмӕн удыхъӕд нын куы уа, уӕд Йегъовӕ цин кӕндзӕн. «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмб. 27:11).

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн фидистӕ кӕны йӕ сӕйраг знаг – Хӕйрӕг. Ӕмӕ Йегъовӕ уый тыххӕй куы мӕсты кӕна, уӕддӕр раст уыдзӕн. Фӕлӕ Библийы фыст ис, «уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны», зӕгъгӕ (Рац. 34:6). Мах дӕр Йегъовӕйау мӕсты кӕнынмӕ тагъд куы нӕ кӕнӕм ӕмӕ нын уый хуызӕн фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд уый уыдзӕн зондыл дзурӕг, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Еф. 5:1).

Ацы дуне у карз, тызмӕг. Адӕмӕй бирӕтӕ сты «хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фауынц... иннӕты фыдкой кӕнынц, хиуыл хӕцын нӕ зонынц, сты ӕгъатыр» (2 Тим. 3:2, 3). Фӕлӕ уӕддӕр чырыстӕттӕ хъуамӕ фӕлмӕн удыхъӕдыл кусой. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» у «фарнуарзаг, ӕмбаргӕ» (Иак. 3:17). Фарнуарзаг ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауӕй ӕрцӕугӕ зондӕй хайджын кӕй стӕм. Ӕмӕ нӕ исчи куы смӕсты кӕна, уӕддӕр-иу уыцы зонды фӕрцы фӕлмӕнӕй дзуапп ратдзыстӕм. Стӕй ма уый фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм Йегъовӕмӕ – ӕнӕкӕрон зонды хицау чи у, уыцы Хуыцаумӕ.