Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад

Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый макуы ныууадз!

Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый макуы ныууадз!

«Цин кӕнут, уӕ зӕрдӕ ӕнустӕм райӕд, цы аразын, уый тыххӕй» (ИС. 65:18).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Абон «дзӕнӕты» кӕй цӕрӕм, уый нын царды куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ бон куыд у иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыцы «дзӕнӕтмӕ» ӕрбацӕуой.

1. Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый цы у ӕмӕ нӕ цы нӕ фӕнды?

 АБОН зӕххыл ахӕсгӕ хуызы цы дзӕнӕт ис, уым цард цӕджджинагау фыцы. Ис дзы милуангай адӕм ӕмӕ хайджын сты ӕцӕг фарнӕй. Уыдоны нӕ фӕнды уыцы дзӕнӕт ныууадзын. Фӕлӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уырдӕм ноджы фылдӕр адӕм ӕрбацӕуа. Уый цавӕр дзӕнӕт у? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы дзӕнӕты сты, уый! Уыцы дзӕнӕты Йегъовӕимӕ дӕр ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр цӕрынц фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй.

2. Цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый диссаг цӕмӕй у?

2 Хӕйрӕг ацы дунейӕ сарӕзта тӕссаг бынат, йӕ адӕм сты ӕгъатыр, кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц (1 Иоан. 5:19; Рарг. 12:12). Ӕмӕ ахӕм дунейы астӕу Йегъовӕ йӕ адӕмӕн скодта сабыр бынат. Се ’хсӕн ис фарн ӕмӕ иудзинад. Уый диссаг куыннӕ у! Нӕ Хуыцау уыны, ацы дуне адӕмӕн цы зиан хӕссы, уый. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрцӕрын кодта ӕдас бынаты, цӕмӕй йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной. Библийы фыст ис, уыцы дзӕнӕты кӕй ис «бамбӕхсӕн» ӕмӕ кӕй у «донӕфсӕст цӕхӕрадоны хуызӕн» (Ис. 4:6; 58:11). Уыцы дзӕнӕты чи цӕры, уыдонӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы ацы фӕстаг уӕззау бонты дӕр сты амондджын (Ис. 54:14; 2 Тим. 3:1).

3. Исайы 65-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уый раджы заман куыд сӕххӕст?

3 Пехуымпар Исайы уылты Йегъовӕ бамбарын кодта, ахӕсгӕ хуызы дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыдонӕн сӕ цард цыхуызӕн уыдзӕн. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Исайы 65-ӕм сӕры. Уыцы пехуымпарад фыццаг хатт сӕххӕст н. э. размӕ 537 азы. Уӕд дзуттӕгтӕ ссӕрибар сты Вавилоны уацарӕй ӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй Иерусалим фӕстӕмӕ сарӕзтаиккой, ӕмӕ та суыдаид рӕсугъд горӕт. Стӕй ма сын баххуыс кодта, цӕмӕй кувӕндон дӕр ногӕй сарӕзтаиккой, ӕмӕ та суыдаид, ӕцӕг Хуыцауӕн кӕм куывтаиккой, ахӕм бынат (Ис. 51:11; Зах. 8:3).

4. Исайы 65-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уый нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕны?

4 Дыккаг хатт Исайы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта нӕ рӕстӕджы, 1919 азы. Уыцы аз Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ссӕрибар сты Стыр Вавилоны уацарӕй. Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕгас зӕххыл дӕр гыццылгай фӕзынд ахӕсгӕ хуызы дзӕнӕт. Хъусынгӕнджытӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой хорз хабар, ӕмӕ фӕзынд бирӕ ӕмбырдтӕ. Стӕй уыцы дзӕнӕты цӕрджытӕ сӕ удыхъӕды фидар кодтой, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ. Раздӕр ӕгъатыр чи уыд ӕмӕ ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ сӕ удыхъӕд ногмӕ раивтой – «уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:24). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Исайы чиныджы цы зӕрдӕвӕрдты кой ис, уыдонӕй бирӕтӕ комкоммӕ сӕххӕст уыдзысты фидӕны, ног дунейы. Фӕлӕ ныр дӕр цас хорздзинӕдтӕй стӕм хайджын! Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм уыцы хорздзинӕдтыл ӕмӕ, цы дзӕнӕты цӕрӕм, уый цӕуылнӕ хъуамӕ ныууадзӕм, ууыл.

АБОН ДЗӔНӔТЫ ЧИ ЦӔРЫ, УЫДОНӔН СӔ ЦАРД ЦЫХУЫЗӔН У?

5. Исайы 65:13 стихы куыд загъд уыд, афтӕмӕй абон дзӕнӕты цӕмӕй стӕм хайджын?

5 Стӕм ӕнӕниз ӕмӕ ӕфсӕст. Исайы пехуымпарадӕй зыны, куыд тынг хицӕн кӕны, дзӕнӕты чи ис, уыдоны цард, дзӕнӕты ӕддейӕ чи ис, уыдоны цардӕй. (Бакӕс Исайы 65:13.) Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр ӕввахс уой. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын рӕдауӕй дӕтты. Радта нын йӕ Ныхас – Библи, хайджын нӕ кӕны йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ нын парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Гъемӕ «хӕрӕм», «дон нуазӕм» ӕмӕ «цин кӕнӕм». (Абар Раргомад 22:17.) Нӕ дзӕнӕты ӕддейӕ чи ис, уыдон та сты «ӕххормаг», «дойныйӕ мӕлынц» ӕмӕ «фырхудинагӕй... [сӕ] цӕсгом судзы». Уыдон Хуыцауы нӕ зонынц (Амос 8:11).

6. Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уый тыххӕй Иоилы 2:21–24 стихты цы фыст ис ӕмӕ нын уыдӕттӕ цы пайда хӕссынц?

6 Иоил йӕ пехуымпарады кӕны хоры, сӕны ӕмӕ оливӕйы сойы кой. Уымӕй равдыста, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн рӕдауӕй кӕй дӕтты, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ, уыимӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕр (Иоил 2:21–24). Уымӕ хауынц Библи, Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ, нӕ сайт, стӕй не ’мбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ. Уыцы «хӕринагӕй» нӕ бон у нӕхи алы бон дӕр ӕфсадын. Ӕмӕ уый фӕрцы стӕм ӕфсӕст ӕмӕ ӕнӕниз.

7. Нӕ зӕрдӕтӕ цӕмӕй райынц? (Исай 65:14).

7 Стӕм амондджын ӕмӕ райгонд. Хуыцауы адӕм «цины хъӕр кӕнынц», уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй тынг бузныг сты. (Бакӕс Исайы 65:14.) Хуыцауы Ныхасы цы ахуырӕдтӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын нӕ зӕрдӕ фидар кӕнынц ӕмӕ нӕ ныфс уадзынц, стӕй нын Чырыстийы нывонды фӕрцы ис фидар ныфс. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй нӕ зӕрдӕтӕ райынц! Уыцы арфӕдзинӕдтыл нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы (Пс. 34:8; 133:1–3).

8. Абон цы дзӕнӕты цӕрӕм, уый уӕлдай тынгдӕр цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй хицӕн кӕны?

8 Йегъовӕйы адӕм уӕлдай тынгдӕр хицӕн кӕнынц, се ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ иудзинад ис, уымӕй (Кол. 3:14). Уый фӕрцы нӕ бон у иу гыццыл нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Уым кӕрӕдзи ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ ноджы ӕнгомдӕр уыдзыстӕм. Иу хо радзырдта, фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл куы фембӕлд, уӕд цы банкъардта: «Амондджын никуы уыдтӕн, суанг мӕхи бинонты ’хсӕн дӕр. Адӕм кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр куыд уарзынц, уый фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм федтон». Кӕд адӕмы фӕнды, цӕмӕй ӕцӕгдӕр уой амондджын ӕмӕ цардӕй райгонд, уӕд сӕ хъӕуы нӕ дзӕнӕтмӕ ӕрбацӕуын. Чи зоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕвзӕр цыдӕртӕ фехъуыстой. Фӕлӕ ацы дунейы адӕм цыфӕнды ма дзурой,– Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ис хорз ном Йегъовӕйы раз ӕмӕ йын чидӕриддӕр лӕггад кӕны, уыдоны раз (Ис. 65:15).

9. Исайы 65:16, 17 стихты зындзинӕдты тыххӕй цы фыст ис?

9 Нӕ зӕрдӕтӕ сты сабыр ӕмӕ ӕгӕр нӕ мӕт кӕнӕм. Нӕ дзӕнӕтмӕ бацӕуын кӕй нӕ фӕнды, уыдоны тыххӕй Исайы 65:14 стихы фыст ис: «Хъӕр кӕндзыстут уӕ зӕрдӕйы рыстӕй ӕмӕ ӕрдиаг кӕндзыстут, уӕ ныфс бынтондӕр кӕй асӕтдзӕн, уый тыххӕй». Ӕмӕ сӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у. Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис, Хуыцауы адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны тыххӕй та? Ӕппынфӕстаг «раздӕры зындзинӕдтӕ ферох уыдзысты ӕмӕ... [Хуыцауы] цӕстыты разӕй фесӕфдзысты». (Бакӕс Исайы 65:16, 17.) Йегъовӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ цы маст, цы рыст бавзӕрстам, уый нӕ ӕппынфӕстаг бынтондӕр ферох уыдзӕн.

10. Дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕй вӕййыс, уый арфӕдзинадыл цӕмӕн нымайыс? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Ӕмбырдтӕм куы ’рбацӕуӕм, уӕд нын уый фӕрцы ныр дӕр фенцондӕр вӕййы. Уым нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр вӕййынц ӕмӕ, ацы фыддунейы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон нӕ айрох вӕййынц. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ кӕй ӕвдисӕм, зӕгъӕм, уарзондзинад, циндзинад, фарн, хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд, уый фӕрцы иннӕтӕн дӕр нӕ дзӕнӕты ноджы ӕхсызгондӕр вӕййы цӕрын (Гал. 5:22, 23). Хуыцауы организацийы кӕй стӕм, уый тыххӕй дзы афтӕ бузныг стӕм, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Ӕмӕ уыцы дзӕнӕты чи баззайа, уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕронмӕ куыд сӕххӕст кодта ӕмӕ «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» куыд скодта, уый.

Хуыцауы бинонтӕй уай ӕмӕ, цы дзӕнӕт скодта, уым цӕрай, уымӕй хуыздӕр ницы ис! (кӕс 10 абзац) b


11. Исай 65:18, 19 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы цы дзӕнӕт скодта, уым цӕргӕйӕ цы ӕнкъарӕм?

11 Бузныг стӕм йӕ хорздзинӕдты тыххӕй ӕмӕ цин кӕнӕм. Уый фӕстӕ Исай ӕмбарын кӕны, цӕмӕн хъуамӕ цин кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ райа. Уыцы дзӕнӕт Йегъовӕ скодта. (Бакӕс Исайы 65:18, 19.) Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах уылты адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы хурсыгъд зӕронд дунейы организацитӕй рацӕуой ӕмӕ бацӕуой нӕ рӕсугъд дидинӕгкалгӕ дзӕнӕтмӕ. Цы арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдоныл афтӕ цин кӕнӕм, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Нӕ циндзинад нӕ риуы нӕ цӕуы, ӕмӕ нӕ тынг фӕнды иннӕтӕн дӕр уыдӕтты тыххӕй дзурын (Йер. 31:12).

12. Исайы 65:20–24 стихты цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы цӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

12 Йегъовӕйӕ ма бузныг стӕм, цы ныфс нын ис, уый тыххӕй дӕр. Ног дунейы цы диссаджы цард уыдзӕн! Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Уым нал уыдзӕн, цалдӕр боны йеддӕмӕ чи нӕ фӕцард, ахӕм ноггуырд сывӕллон, нӕдӕр, йӕ царды бонтӕ ӕххӕстӕй чи нӕ фӕцард, ахӕм зӕронд лӕг». Хӕдзӕрттӕ араздзыстӕм ӕмӕ дзы цӕрдзыстӕм, садздзыстӕм сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзыстӕм. Нӕ «фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн», уымӕн ӕмӕ уыдзыстӕм «Йегъовӕйӕ арфӕгонд байзӕддаг». Йегъовӕ нын зӕгъы, тӕссаг нын кӕй ницӕмӕй уыдзӕн, нӕ цардӕй райгонд кӕй уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ цард афтид кӕй никуыуал уыдзӕн. Нӕма-иу ӕм фӕдзурдзыстӕм, афтӕ-иу зондзӕн, алкӕй дӕр нӕ цы хъӕуы, уый. Ӕмӕ «алкӕмӕн дӕр ратдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Ис. 65:20–24; Пс. 145:16).

13. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдон куыд фӕивынц, уый тыххӕй Исайы 65:25 стихы цы фыст ис?

13 Стӕм фарнуарзаг ӕмӕ нӕ дзӕнӕт у ӕдас бынат. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ раздӕр уыдысты тугдзых сырдты хуызӕн. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы афтӕ фӕивтой, ӕмӕ сӕ базонӕн нал ис. (Бакӕс Исайы 65:25.) Се ’взӕр миниуджытӕй фервӕзтысты (Ром. 12:2; Еф. 4:22–24). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр нырма ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ сты, ӕмӕ ӕнӕрӕдигӕ не сты. Фӕлӕ Йегъовӕ «алыхуызон адӕмы» баиу кодта, кӕрӕдзийыл сӕ бабаста фарны ӕмӕ уарзондзинады тӕгтӕй, ӕмӕ сын атонӕн нӕй (Тит. 2:11). Ахӕм стыр диссаг ӕрмӕстдӕр ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы бон уыд саразын!

14. Иу ӕфсымӕры хабарӕй куыд зыны, Исай 65:25 стихы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый?

14 Цымӕ адӕмӕн ӕцӕгдӕр у сӕ бон фӕивын? Иу хабармӕ ӕркӕсӕм. Иу 20-аздзыд лӕппу кодта тынг ӕнӕгъдау цард, уыд ӕгъатыр. Уӕдмӕ цалдӕр хатты бадт ахӕстоны. Ахст уыд, машинӕ кӕй адавта, стӕй та кӕйдӕр хӕдзар кӕй фӕкъахта, уый тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр фыдракӕндты тыххӕй. Уыди хылмондаг адӕймаг, хыл ракъахынмӕ-иу гӕппӕввонгӕй лӕууыд. Фӕлӕ стӕй фехъуыста, Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Ӕмӕ уӕд бамбӕрста, цӕй тыххӕй цӕра, уый кӕй ссардта – Йегъовӕ абон кӕй скодта, уыцы дзӕнӕт. Донаргъуыд куы райста, уӕд-иу уый фӕстӕ арӕх хъуыды кодта, Исай 65:25 стихы ныхӕстӕ йӕ царды куыд сӕххӕст сты, ууыл. Тугдзых бирӕгъы хуызӕн адӕймаг сси уӕрыччы хуызӕн сабыр ӕмӕ фарнуарзаг адӕймаг.

15. Цӕмӕн нӕ фӕнды иннӕты дӕр нӕ дзӕнӕтмӕ хонын ӕмӕ уый нӕ бон куыд у аразын?

15 Исай 65:13 стих райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ». 25-ӕм стихы кӕрон та ис ахӕм ныхӕстӕ: «Зӕгъы Йегъовӕ». Йӕ ныхӕстӕ алкӕддӕр сӕххӕст вӕййынц (Ис. 55:10, 11). Ныр дӕр зӕххыл ацы фыддунейы астӕу ахӕсгӕ хуызы ис дзӕнӕт. Йегъовӕ алыхуызон адӕмӕй скодта иу бинонтӕ, ӕмӕ ӕндӕр ахӕм адӕм нӕй. Се ’хсӕн нын у хорз, уым ссарӕм удӕнцой ӕмӕ стӕм ӕдас (Пс. 72:7). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды ноджы фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй нӕм ӕрбаиу уой. Уый та аразӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ (Матф. 28:19, 20).

НӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН, ЦӔМӔЙ ИННӔТЫ ДӔР БАФӔНДА НӔ ДЗӔНӔТМӔ ӔРБАЦӔУЫН?

16. Адӕмы цӕмӕн бафӕнды нӕ дзӕнӕтмӕ ӕрбацӕуын?

16 Махӕй алкӕй бон дӕр у цыдӕр аразын, цӕмӕй иннӕты дӕр бафӕнда нӕ дзӕнӕтмӕ ӕрбацӕуын. Уый тыххӕй хъуамӕ фӕзмӕм Йегъовӕйы. Уый адӕмы йӕ организацимӕ тыххӕй нӕ ласы. Фӕлӕ сӕ йӕхимӕ фӕлмӕнӕй ӕрбакӕны (Иоан. 6:44; Йер. 31:3). Хорз зӕрдӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕм Йегъовӕйы уарзондзинады ӕмӕ йӕ иннӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй куы базонынц, уӕд сӕхи бафӕнды ахӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уӕдӕ нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын, цӕмӕй-иу адӕмы бафӕнда нӕ дзӕнӕтмӕ ӕрбацӕуын?

17. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу иннӕты дӕр бафӕнда нӕ дзӕнӕтмӕ ӕрбацӕуын?

17 Адӕм куы уыной, кӕрӕдзи кӕй уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уӕд-иу сӕ бафӕнддзӕн нӕ дзӕнӕтмӕ ӕрбацӕуын. Фыццаг хатт ӕмбырдмӕ чи ’рбацӕуы, уыдон дзы цы фенынц? Мах фӕнды, цӕмӕй-иу зӕгъой, 1 ӕнусы Коринфы ӕмбырдмӕ чи ’рбацыд, уыдон куыд загътой, афтӕ: «Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уемӕ ис» (1 Кор. 14:24, 25; Зах. 8:23). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алкӕддӕр архайӕм ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Уӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут» (1 Фес. 5:13).

18. Кӕйдӕрты цӕмӕн бафӕнды Хуыцауы организацимӕ ӕрбацӕуын?

18 Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм хъуамӕ алкӕддӕр кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Мах архайӕм, цӕмӕй сын фылдӕр уынӕм сӕ хорз миниуджытӕ, сӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕ, фӕлӕ. Уыцы хъӕндзинӕдтӕй ӕппынфӕстаг фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Не ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд нӕ бон у цыфӕнды дӕр уарзондзинады фӕрцы банывыл кӕнын. Хъуамӕ алкӕддӕр архайӕм ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут... кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:32). Ӕмӕ уӕд, кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ афтӕ уарзой, уыцы адӕмы дӕр бафӕнддзӕн нӕ дзӕнӕты ӕрцӕрын a.

АБОН ЦЫ ДЗӔНӔТЫ ДӔ, УЫРДЫГӔЙ МА РАЦУ

19. а) Нӕ дзӕнӕтмӕ фӕстӕмӕ чи ’рбаздӕхт, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цы дзурынц? (Кӕс рамкӕ « Ацыдысты, фӕлӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты».) б) Дарддӕр дӕр цы фӕнд кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

19 Абон цы дзӕнӕты цӕрӕм, уый нын тынг зынаргъ у! Ныры хуызӕн рӕсугъд никуы уыд, ӕмӕ дзы никуы уыд ныры хуызӕн бирӕ цӕрджытӕ. Уыдон иууылдӕр кадджын кӕнынц Йегъовӕйы! Ӕнустӕм дӕр ын бузныг дзурдзыстӕм, ахӕм дзӕнӕты нӕ кӕй ӕрцӕрын кодта, уый тыххӕй! Дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй уай ӕнӕниз ӕмӕ ӕфсӕст, амондджын ӕмӕ райгонд, дӕ зӕрдӕ уа сабыр ӕмӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнай? Уӕд табуафси, мидӕмӕ нӕ дзӕнӕтмӕ! Ӕмӕ куы ’рбацӕуай, уӕд ӕй макуы ныууадз. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Хӕйрӕг алы мадзӕлттӕй архайы, цӕмӕй нӕ уырдыгӕй расайа (1 Пет. 5:8; Рарг. 12:9). Ма йын бакомӕм сайын. Цӕй ӕмӕ нӕ рӕсугъд, нӕ сыгъдӕг ӕмӕ нӕ фӕрнӕйдзаг дзӕнӕт хъахъхъӕнӕм!

Абон цы дзӕнӕты цӕрӕм, уым чи баззайа, уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, фидӕны ӕнӕхъӕн зӕхх дзӕнӕт куыд суыдзӕн, уый (кӕс 19 абзац)


ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Абон цы дзӕнӕты цӕрӕм, уый цы у?

  • Нӕ дзӕнӕты цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын?

  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иннӕты дӕр бафӕнда нӕ дзӕнӕтмӕ ӕрбацӕуын?

144 ЗАРӔГ Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

a Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Ныр куыд цӕрынц? Алена Житникова. Мӕ бӕллиц мӕ къухы бафтыд». Иу хо дзуры, абон дзӕнӕты цӕргӕйӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын, уый тыххӕй.

b НЫВ. Паддзахады залы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ныхӕстӕ кӕнынц. Бӕрӕг у, уый сын ӕхсызгон кӕй у. Фӕлӕ иу ӕфсымӕр хибарӕй сбадт ӕмӕ никӕимӕ ныхас кӕны.