Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тынг мӕ фӕндыди бафӕзмын Йеффайы чызджы

Тынг мӕ фӕндыди бафӕзмын Йеффайы чызджы

Радзырдта йӕ Джоаннӕ Соанс

Бынтон ӕвзонгӕй мӕ тынг фӕндыди Йеффайы чызджы бафӕзмын. Фӕнды мӕ радзурын, уыцы бӕллиц мӕм куыд фӕзынд ӕмӕ мӕ Йеффайы чызджы бафӕзмын цӕмӕн бафӕндыд, уый тыххӕй.

ЙЕГЪОВӔЙЫ Ӕвдисӕнты конгрессы Бомбейы (ныр хуыйны Мумбай, Инди). 1956 азы фыццаг хатт уыдтӕн ӕмӕ мын уыцы конгресс мӕ цард фӕивта. Йеффайы чызджы тыххӕй дзы цы раныхас уыди, уый мыл тынг бандӕвта.

Библийӕ зондзынӕ, Йеффайы чызг, ӕвӕццӕгӕн, бынтон ӕвзонгӕй кӕй сфӕнд кодта, кӕй не смой кӕндзӕн. Уый фӕрцы йӕ фыдӕн йӕ бон сси йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын. Йеффайы чызг цӕрӕнбонтӕм лӕггад кодта Йегъовӕйы хӕдзары, ома кувӕндоны. Уыцы кувӕндоны уый йеддӕмӕ сылгоймаг нӕ уыд (Тӕрхонгӕнджыты 11:28–40).

Цы тынг мӕ фӕндыд Йеффайы чызджы бафӕзмын! Фӕлӕ уый ӕнцон нӕ уыди. Уӕд Индийы ӕгадыл нымад уыд, сылгоймаг-иу куы нӕ смой кодтаид, уый.

Мӕ бинонтӕ

Ӕз райгуырдтӕн горӕт Удипийы, Индийы скӕсӕнырдыгӕй. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты Бенджамин ӕмӕ Марселинӕ Соанс. Уыди сын ӕхсӕз сывӕллоны, ӕмӕ ӕз уыдтӕн фӕндзӕм. Мӕ мадӕлон ӕвзаг у тулу. Уыцы ӕвзагыл дзуры дыууӕ милуан адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ Удипийы скъолатӕн сӕ фылдӕры ахуыр кӕнынц каннадӕ ӕвзаг.

Нӕ адӕммӕ алы хатт дӕр сӕйрагдӕр уыди бинонтӕ скӕнын ӕмӕ зӕнӕг рауадзын. Нӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ тулу ӕвзагыл уа ныхӕстӕ ӕнӕцыд, ӕнӕус, иунӕг кӕнӕ хӕдзар мысын. Раст цыма афтӕ ӕппындӕр никуы уыди, уыйау. Нӕ хӕдзары ма цардысты нӕ ныййарджыты ныййарджытӕ, нӕ ныййарджыты мадызӕнджытӕ ӕмӕ сӕ бирӕ цот!

Махмӕ сывӕллӕттӕ сӕ мады мыггагыл фыст вӕййынц. Ӕмӕ бынтӕн сӕ фылдӕр хай чызджытӕн баззайы. Тулу ӕвзагыл чи дзуры, уыдонмӕ ис ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ сӕм чызг чындзы куы ацӕуы, уӕд сиахс мидӕгмоймӕ ӕрбацӕуы.

Нӕ бинонтӕ чырыстон дин кӕй райстой, уымӕ гӕсгӕ иннӕ адӕмӕй цӕмӕйдӕрты хицӕн кодтам. Алы изӕр дӕр-иу нӕ фыдыфыд нӕ бинонты ӕрӕмбырд кодта, скуывта-иу ӕмӕ-иу тулу ӕвзагыл Библи хъӕрӕй касти. Йӕ зӕронд Библи-иу куы байгом кодтам, уӕд-иу мӕм афтӕ каст, цыма алыхуызон хӕзнатӕ кӕм уыд, ахӕм къопп байгом кодта. Бынтон хорз не ’мбӕрстон 23 псаломӕй 1 стих: «Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн». Арӕх-иу хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, Йегъовӕ чи у ӕмӕ йӕ фыййау цӕмӕн хонынц.

Мӕ цӕстытӕ байгом сты

Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ цард уыди уӕззау, ӕмӕ алыгъдыстӕм Бомбеймӕ. Кӕм цардыстӕм, уырдыгӕй уырдӕм у 900 километры. Уым 1945 азы мӕ фыдимӕ дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны аныхас кодтой ӕмӕ йын радтой Библи ӕмбарынгӕнӕн брошюрӕ. Уыцы брошюрӕ йӕ зӕрдӕйы ахъардта, хус зӕххы къӕвдайы дон куыд ахъары, афтӕ. Ӕмӕ дзы цы бакаст, уый дзурын райдыдта, каннадӕ ӕвзагыл чи дзырдта, уыдонӕн. Бомбейы каннадӕ ӕвзагыл цы гыццыл къорд уыди, уымӕй 1950 азты райдианты рауади ӕмбырд.

Нӕ мад ӕмӕ нӕ фыд архайдтой, цӕмӕй Библи зӕрдиагдӕрӕй ахуыр кодтаиккам ӕмӕ йӕ иннӕтӕн хуыздӕр амыдтаиккам. Алы бон дӕр-иу рӕстӕг ссардтой, цӕмӕй немӕ куывтаиккой ӕмӕ Библи ахуыр кодтаиккой (Дыккаг закъон 6:6, 7; 2 Тимофеймӕ 3:14–16). Иу бон Библи куы кастӕн, уӕд мӕ цӕстытӕ байгом сты. Бамбӕрстон, Йегъовӕйы Библи фыййау цӕмӕн хоны, уый. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд дӕтты, ӕфсады сӕ ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны (Псалом 23:1–6; 83:18).

Йегъовӕ мын мӕ къухыл хӕцыд

Донаргъуыд райстон, 1956 азы Бомбейы цы диссаджы конгрессы уыдтӕн, уый фӕстӕ. Ӕхсӕз мӕйы куы рацыд, уӕд мӕ хистӕр ӕфсымӕр Прабхакарау ӕз дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтон. Тынг мӕ фӕндыд адӕмӕн Библийы тыххӕй дзурын, фӕлӕ-иу ныхас кӕнын куы райдыдтон, уӕд-иу мӕ дзых ныххус. Дзурын-иу нал арӕхстӕн ӕмӕ-иу мӕ хъӕлӕс зыр-зыр кӕнын райдыдта. Уӕд-иу мӕхицӕн дзырдтон: «Уыцы хъуыддаг мӕ къухы бафтдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы!»

Йегъовӕ мын баххуыс кодта канадӕйаг миссионертӕ Хомер ӕмӕ Рут Макейы уылты. Уыдон 1947 азы Нью-Йорчы (АИШ) каст фесты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты миссионерты скъола. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ мын мӕ къухыл хӕцыдысты, хорз хабар хъусын кӕнын куы райдыдтон, уӕд. Рут мын ӕххуыс кодта хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ адӕмимӕ ныхас райдайын. Зыдта, куыд мӕ ӕрсабыр кӕна, уый. Мӕ зыр-зыргӕнаг къухтыл мын-иу ныххӕцыд ӕмӕ мын-иу загъта: «Ма тыхс, мӕ хо. Цӕй, иннӕ дуар дӕр бахойӕм». Йӕ фӕлмӕн хъӕлӕсӕй-иу мын мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта.

Иу бон мын фӕхабар кодтой, кӕй мын ӕххуыс кӕндзӕн, Библи хорз чи зыдта, ахӕм ацӕргӕ фӕлтӕрдджын хо Элизабет Чакранарайан. Уый фехъусгӕйӕ загътон: «Куыд цӕрдзынӕн уыцы хоимӕ, мӕнӕй бирӕ хистӕр куы у!» Фӕлӕ Элизабет уыди, чи мӕ хъуыд, ахӕм ӕххуысгӕнӕг.

«Мах иунӕг никуы уыдыстӕм»

Фыццаг нӕ арвыстой зӕронд горӕт Аурангабадмӕ. Бомбейӕ йӕм ныгуылӕнырдӕм цӕуын хъӕуы 400 километры бӕрц. Царди дзы милуанмӕ ӕввахс адӕм. Уырдӕм куы ’рцыдыстӕм, уӕд уайтагъд бамбӕрстам, мах йеддӕмӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй нӕй. Уым райдыдтон маратхи ӕвзаг ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы ӕвзагыл дзырдтой.

Иуӕй-иу хатт мӕхи иунӕг хатыдтӕн. Сидзӕр сывӕллон иунӕгӕй куыд аззайы, уыйау-иу кӕуын райдыдтон. Фӕлӕ-иу мӕ Элизабет мадау барӕвдыдта ӕмӕ-иу мын афтӕ бакодта: «Хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ иунӕг стӕм, фӕлӕ иунӕг никуы вӕййӕм. Кӕд де ’мбӕлттӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕй дард дӕ, уӕддӕр Йегъовӕ алыхатт дӕр демӕ вӕййы. Де ’мбал куы суа, уӕд дӕхи иунӕг нал хатдзынӕ». Йӕ ныхӕстӕ йын суанг абоны онг дӕр мӕ зӕрдыл дарын.

Фӕндагаг ӕхца-иу нӕм бирӕ куы нал уыд, уӕд-иу алы бон дӕр 20 километртӕ къахӕй цыдыстӕм рыджы, цъыфы, тӕвды ӕмӕ уазалы. Сӕрды-иу арӕх уыди 40 градусы тӕвд. Къӕвдаты рӕстӕг-иу бӕстӕ цалдӕр мӕймӕ цъыф фестад. Фӕлӕ нын боныхъӕдӕй зындӕр уыди, адӕм цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон.

Уыцы ран сылгоймаг ӕнӕзонгӕ нӕлгоймагимӕ нӕ ныхас кодта ӕмӕ йын зонд дӕр нӕ амыдта. Уый тыххӕй ныл адӕм худтысты ӕмӕ нӕм хыл кодтой. Фыццаг ӕхсӕз мӕйы алы къуыри дӕр цы ӕмбырдтӕ арӕзтам, уым нӕ дыууӕйы йеддӕмӕ ничи уыди. Фӕлӕ нӕм сабыргай-сабыргай адӕм цӕуын райдыдтой, ӕмӕ дзы рауади гыццыл къорд. Стӕй дзы чидӕртӕ немӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуын дӕр райдыдта.

«Архай, цӕмӕй дӕ хорз тӕлмацгӕнӕг рауайа»

Дыууӕ аз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд нӕ фӕстӕмӕ Бомбеймӕ рарвыстой. Елизабет дарддӕр хъусын кодта, мӕнӕн та загътой, цӕмӕй мӕ фыдӕн ӕххуыс кодтаин. Уыцы рӕстӕг мӕ фыд иунӕгӕй тӕлмац кодта нӕ литературӕ каннадӕ ӕвзагмӕ. Мӕ фыд тынг бацин кодта, тӕлмац кӕнынмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзынӕн, ууыл, уымӕн ӕмӕ ӕмбырды бирӕ хъуыддӕгтӕ арӕзта.

1966 азы мӕ ныййарджытӕ аздӕхтысты Удупимӕ, раздӕр цы хӕдзары цардысты, уырдӕм. Мӕ фыд Бомбейӕ куы цыд, уӕд мын загъта: «Мӕ чызг, архай, цӕмӕй дӕ хорз тӕлмацгӕнӕг рауайа. Афтӕ тӕлмац кӕн, цӕмӕй дӕ тӕлмац уа хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Дӕхицӕй ныфсджын ма у ӕмӕ сӕрныллӕг у. Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл». Уый уыди йӕ фӕстаг уынаффӕ, уымӕн ӕмӕ Удупимӕ куы ’рцыди, уӕд бирӕ нал ацард. Абоны онг тӕлмацы куыст кӕнгӕйӕ мӕ фыды ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын.

«Кӕдмӕ баддзынӕ?»

Индийы ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн бинонты хъуыддаг бакӕнынц тынг раджы ӕмӕ сӕ фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй цот уадзой. Уымӕ гӕсгӕ мӕ арӕх фарстой: «Кӕдмӕ баддзынӕ? Зӕрондӕй дӕм чи кӕсдзӕн? Иунӕгӕй нӕ тыхсыс?»

Уыцы ныхӕстӕ-иу мын арӕх куы дзырдтой, уӕд-иу нынкъард дӕн. Фӕлӕ уый иннӕты раз не ’вдыстон, ӕмӕ-иу иунӕгӕй куы аззадтӕн, уӕд-иу мӕ зӕрдӕйы зӕгъинӕгтӕ Йегъовӕйӕн раргом кодтон. Зыдтон, кӕй нӕ смой кодтон, уый тыххӕй мӕ къаддӕр кӕй нӕ уарзта, ӕмӕ мӕ уый ныфс уагъта. Мӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууын кодтон, кӕй сфӕнд кодтон Хуыцауӕн мӕ хъарутӕ иууылдӕр раттын. Уӕд-иу хъуыды кодтон Йеффайы чызгыл ӕмӕ Йесо Чырыстийыл. Уыдон дӕр бинонтӕ не скодтой ӕмӕ сӕ цард иууылдӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ сарӕзтой (Иоанны 4:34).

Йегъовӕйы лӕвар

Элизабетимӕ хорз ӕмбӕлттӕ уыдыстӕм 50 азы бӕрц. Элизабет амард 2005 азы, цыди йыл 98 азы. Фӕстаг азты йӕ бон Библи кӕсын нал уыди, уымӕн ӕмӕ цӕстӕй хорз нал уыдта. Уый тыххӕй алы бон дӕр бирӕ рӕстӕг Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куывта. Хатт-иу мӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ уаты Библийы тыххӕй кӕимӕдӕр ныхас кӕны, фӕлӕ-иу ӕм куы бацыдтӕн, уӕд-иу федтон, Йегъовӕимӕ кӕй ныхӕстӕ кӕны. Йегъовӕ йын уыди удӕгас Хуыцау, раст цыма йӕ фарсмӕ уыди, афтӕ. Ӕз бамбӕрстон, уый ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй мӕ бон уа Йеффайы чызгау Хуыцауӕн фӕндфидарӕй лӕггад кӕнын. Ӕз Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, ӕрыгонӕй мын мӕ зындзинӕдты рӕстӕг кӕй радта ацӕргӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын хо, цӕмӕй мӕ ахуыр кодтаид ӕмӕ мӕ ныфс уагътаид (Екклесиаст 4:9, 10).

Йегъовӕйӕн Йеффайы чызгау кӕй лӕггад кодтон, уый тыххӕй бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕн! Кӕй не смой кодтон ӕмӕ Библийы уынаффӕмӕ кӕй хъуыстон, зӕгъгӕ, Чырыстийӕн «лӕггад кӕнут, мацы уӕ хъыгдара, афтӕмӕй», уый фӕрцы дӕн амондджын ӕмӕ зӕрдӕрухс (1 Коринфӕгтӕм 7:35).

[Ныв 28 фарсыл]

Мӕ фыд раныхасы рӕстӕг Бомбейы, 1950 аз

[Ныв 28 фарсыл]

Элизабетимӕ йӕ мӕлӕты размӕ

[Ныв 29 фарсыл]

Бомбейы адӕмы хонӕм раныхасмӕ, 1960 аз

[Ныв 29 фарсыл]

Кӕимӕ кусын, уыцы тӕлмацгӕнджытӕ