Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн сарӕх сты?

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн сарӕх сты?

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн сарӕх сты?

НОГ хабӕртты тынг арӕх фехъусӕн вӕййы ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй. Уыдоны аххосӕй нӕ рӕстӕджы цас адӕм фесӕфы, уыйбӕрц никуы. Бельгийы цы ӕрдзон бӕллӕхтӕ иртасӕн центр ис, уый бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕрмӕст 2010 азы ӕрцыд 373 алыхуызон ӕрдзон бӕллӕхы, мӕлгӕ та дзы акодта ӕппынкъаддӕр 296 000 адӕймаджы.

Фӕстаг азты ӕрдзон бӕллӕхты нымӕц дзӕвгар фӕфылдӕр. Зӕгъӕм, 1975 азӕй 1999 азмӕ ӕрдзон бӕллӕхты нымӕц алы аз дӕр хӕццӕ кодта 300-мӕ. Фӕлӕ 2000 азӕй 2010 азмӕ та-иу алы аз дӕр ӕрцыд 400 бӕллӕхы бӕрц. Чи зоны дӕумӕ дӕр фӕзынд фарста: «Абон уыйбӕрц бӕллӕхтӕ цӕмӕн цӕуы?»

Кӕд бирӕтӕ уыцы бӕллӕхты Хуыцауы аххосджын кӕнынц, уӕддӕр уый афтӕ нӕу. Нӕ рӕстӕджы ахӕм бӕллӕхтӕ кӕй цӕудзӕн, уый Библийы раджы ӕрцыд фыст. Зӕгъӕм, Матфейы 24:7, 8 стихты фыст сты Чырыстийы ныхӕстӕ: «Куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан». Цымӕ, ацы хабӕртты тыххӕй Чырысти рагацау цӕмӕн загъта ӕмӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

Чырысти уыцы хабӕртты кой ракодта, куы йӕ бафарстой, «ацы цардӕвӕрды кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн», зӕгъгӕ, уӕд (Матфейы 24:3). Ацы фарстайӕн дзуапп дӕтгӕйӕ Чырысти ранымадта, цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдон. Иуӕй-иутӕ дзы сты, уӕлдӕр цы бӕллӕхты тыххӕй дзырдтам, уыдон. Стӕй загъта мӕнӕ ацы ахсджиаг ныхӕстӕ: «Уӕдӕ куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг» (Лукайы 21:31). Уӕдӕ абон ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, тагъд рӕстӕджы цард тынг кӕй фӕивдзӕн.

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцӕуынц?

Фӕлӕ ма уӕддӕр, чи зоны, исчи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, кӕд ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауы аххосӕй нӕ цӕуынц, уӕд чи у аххосджын? Ацы фарстайӕн дзуапп дӕтты Библи: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, абоны фыдуавӕрты Хуыцау кӕй нӕу аххосджын. Бӕллӕхтӕн сӕ фылдӕры аххосджын у йе знаг – «Фыдбылыз», Библи ма йӕ хоны «Хӕйрӕг» дӕр (Раргомад 12:9, 12).

Хӕйрӕг, Хуыцауы знаг, ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕм адӕм нымады дӕр не сты. Ацы дуне йӕ къухы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ адӕмы дӕр йӕхи зондыл аразы. Уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, Библийы цалдӕр мин азы размӕ цы ныхӕстӕ фыст ӕрцыд, уыдонӕй: «Адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд» (2 Тимофеймӕ 3:1, 2). Уӕдӕ диссаг нӕу, Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕм ахӕм ӕвзӕр миниуджытӕ кӕй ис. Хӕйрӕг алцыдӕр аразы, цӕмӕй адӕм хиуарзон ӕмӕ зыдгӕнаг уой ӕмӕ ӕрдзыл дӕр ма ауӕрдой. Уый аххосӕй та адӕмыл цӕуы стыр зиӕнттӕ.

Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ зыд ӕмӕ кӕрӕфдзинады аххосӕй ӕрцӕуынц? Иугонд Нациты Организаци ӕрдзон бӕллӕхты фӕдыл цы документ рауагъта, уым фыст уыд: «Бирӕтӕ цӕрынц тӕссаг рӕтты, зӕгъӕм, донивылдтӕ арӕх кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Уымӕй уӕлдай ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы, хъӕдтӕ кӕй цӕгъдынц ӕмӕ цъымараджын бынӕттӕ кӕй хус кӕнынц, уый аххосӕй. Уымӕй фыддӕр та уый у, ӕмӕ адӕмы архайды аххосӕй уӕлдӕфы цы алыхуызон газтӕ ӕмбырд кӕнынц, уыдон азӕй-азмӕ фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ уый тыххӕй климӕт ивы ӕмӕ денджызты дӕттӕ фылдӕр кӕнынц». Кӕд бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, «адӕмы архайды» фӕрцы экономикӕ размӕ цӕуы, уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, адӕм зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй сты, зӕхх уый тыххӕй кӕй ӕрцыд ахӕм уавӕрмӕ.

Уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕндтӕй дӕр бирӕтӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕрдзон бӕллӕхтӕ стырдӕр зиан уый тыххӕй кӕй ӕрхӕссынц, ӕмӕ адӕм ӕрдзыл нӕ ауӕрдынц. Зӕгъӕн ис, адӕм Хӕйрӕджы куыроймӕ дон уадзынц, ома зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй сты, уый аххосӕй фылдӕр бӕллӕхтӕ цӕуы ӕмӕ адӕм тынгдӕр хъизӕмар кӕнынц, ӕмӕ Хӕйрӕджы та ӕндӕр ницы хъӕуы.

Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕрдзон бӕллӕхтӕ арӕх ӕрцӕуынц, адӕм ӕрдзыл кӕй нӕ ауӕрдынц, уый тыххӕй. Иуӕй-иу ӕрдзон бӕллӕхты уыйбӕрц адӕм нӕ фесӕфтаид, ӕндӕр ран-иу куы ’рцыдаиккой, уӕд. Кӕнӕ-иу бирӕ рӕтты ӕрдзон бӕллӕхтӕ уыйбӕрц зиан не ’рхӕссиккой, иуӕй-иутӕ зыд ӕмӕ кӕрӕф куы нӕ уаиккой, уӕд. Уымӕй уӕлдай, бирӕтӕ мӕгуыр кӕй сты, уый тыххӕй цӕрынц, ӕрдзон бӕллӕх ӕрцӕуынӕй тӕссаг кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕуылдӕр ӕрдзон бӕллӕх цавӕрдӕр адӕймаджы аххосӕй не ’рцӕуы, фӕлӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн [кӕй] ничи ницы зоны», уый тыххӕй (Екклесиаст 9:11).

Зӕгъӕм, кӕм цӕрыс, уым цыдӕр бӕллӕх ӕрцыд, уӕд дын ахӕм уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн? Дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

[Ныв 5 фарсыл]

Иуӕй-иу рӕтты ӕгӕр бирӕ адӕм цӕры

[Ныв барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]

© Mark Henley/​Panos Pictures

[Ныв 5 фарсыл]

Хъӕдтӕ цӕгъдынц

[Ныв барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]

© Jeroen Oerlemans/​Panos Pictures

[Ныв 5 фарсыл]

Ӕрдз чъизи кӕнынц