Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис?

Зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис?

Адӕм хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарынц ӕмӕ сын сӕ бон кӕрон скӕнын цӕуылнӕ у, уый цӕмӕй базонӕм, уый тыххӕй уал хъуамӕ базонӕм, хабар афтӕ цӕмӕн у, уый. Кӕд уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ ис, уӕддӕр бузныг стӕм, Библи нын сӕ кӕй ӕргом кӕны, уый тыххӕй. Ацы статьяйы дзы ӕркӕсдзыстӕм фондзмӕ. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ хъус-ма ӕрдар, адӕм уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарынц, уый бамбарынӕн нын Библи куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ (2 Тимофеймӕ 3:16).

ӔВЗӔР ХИЦӔУТТӔ

Библийы фыст ис: «Фыдгӕнӕг хицау куы вӕййы, уӕд... адӕм удхар кӕнынц» (Ӕмбисӕндтӕ 29:2).

Адӕмӕн уыд бирӕ ӕгъатыр хицӕуттӕ, ӕмӕ-иу сын амӕй-ай фыддӕр митӕ кодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хицӕуттӕ иууылдӕр иухуызон не сты. Кӕйдӕрты дзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕфӕнды сӕ адӕмӕн сӕ цард фӕхуыздӕр кӕнын. Фӕлӕ бартӕ сӕ къухы куы бафтынц, уӕд ӕй бамбарынц, сӕ бон алцы кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕдзух фӕхъӕуы сӕ барты тыххӕй тох кӕнын. Кӕнӕ та, чи зоны, адӕмыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц, фӕлӕ сӕ бартӕй фӕпайда кӕнынц, сӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, афтӕ. АИШ-ы раздӕры госсекретарь Генри Киссинджер загъта: «Истори у радзырд, дзӕгъӕлы чи фесты, уыцы фыдӕбӕтты тыххӕй ӕмӕ, чи нӕ сӕххӕст, уыцы бӕллицты тыххӕй».

Библи ма ноджыдӕр зӕгъы: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23). Адӕймагмӕ уыйбӕрц зонд нӕй ӕмӕ йӕ бон алцыдӕр рагацау базонын нӕу, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр хорз уайой. Ӕмӕ кӕд адӕмӕн сӕ къахдзӕфтыл сӕ бар нӕ цӕуы, уӕд ӕнӕхъӕн адӕмыхаттӕн разамынд куыд хъуамӕ дӕттой? Уӕдӕ йӕ ӕмбарыс, хицӕуттӕн сӕ бон цӕуылнӕ у адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын? Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый арӕхдӕр вӕййы хицӕутты аххос!

МӔНГ ДИНТӔ

«Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат»,– загъта Йесо Чырысти (Иоанны 13:35).

Алы дины разамонджытӕ дӕр дзурынц уарзондзинад ӕмӕ иудзинады тыххӕй. Фӕлӕ хабар уый мидӕг ис, ӕмӕ сӕ адӕмӕн ӕппындӕр не ’ххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы ахӕм уарзондзинад сӕвзӕра, ӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй макӕмӕ кӕсой. Уарзондзинадыл ахуыр кӕныны бӕсты адӕмы ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй макӕимӕ фидауой, сӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдонӕй се сӕфт уыной ӕмӕ адӕмы ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзи ныхмӕ кӕной. Диниртасӕг Ханс Кюнг йӕ чиныджы кӕронбӕттӕны ныффыста, зӕгъгӕ, дины аххосӕй чи рауайы, уыцы быцӕутӕ вӕййынц ӕппӕты ӕгъатырдӕр (Christianity and the World Religions).

Уымӕй уӕлдай, бирӕ динты разамонджытӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, дыууӕ нӕлгоймаджы кӕнӕ дыууӕ сылгоймаджы лӕг ӕмӕ усы цард куы фӕкӕнынц, уымӕ ӕмӕ хӕтындзинадмӕ. Уый ӕркӕны алыхуызон низтӕм, аборттӕм, бирӕтӕ, нӕ сӕ фӕфӕнды, афтӕмӕй басывӕрджын вӕййынц, бинонты цард фехӕлы, ӕмӕ уыдӕттӕ та ӕрхӕссынц стыр маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ.

ӔНӔХХӔСТДЗИНАД ӔМӔ ХИУАРЗОН ФӔНДТӔ

«Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ» (Иаковы 1:14, 15).

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ арӕх рӕдийӕм ӕмӕ нӕ хъӕуы тох кӕнын «нӕ буары фӕндты» ныхмӕ (Ефесӕгтӕм 2:3). Фӕлӕ нын не ’взӕр фӕндтимӕ тох кӕнын уӕлдай зын уӕд вӕййы, сӕ сӕххӕст кӕнынӕн нын хорз фадат куы фӕзыны, уӕд. Не ’взӕр фӕндты коммӕ куы бакӕсӕм, уӕд нын уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕм стыр зиан ӕрхӕсса, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй.

Фыссӕг Ф. Д. Мехтӕ ныффыста: «Арӕхдӕр фӕхъизӕмар кӕнӕм нӕхи ӕвзӕр фӕндты аххосӕй, стӕй, ирхӕфсӕнтӕй ӕфсис кӕй нӕ фӕзонӕм, нӕхицӕн „нӕ“ кӕй ницӕмӕй фӕдзурӕм, зыд ӕмӕ кадуарзаг кӕй стӕм, уый тыххӕй». Адӕймаг ӕмхиц цӕмӕ вӕййы, уыдӕттӕ – нозт, наркотиктӕ, ӕхцайыл хъазын, ӕнӕгъдау цард ӕмӕ афтӕ дарддӕр – бирӕ «кадджын адӕмы» фесӕфтой ӕмӕ сын сӕ бинонты, се ’мбӕлтты ӕмӕ иннӕты масты хай бакодтой. Адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сразы уыдзыстӕм Библийы ныхӕстимӕ: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй... дзыназынц ӕмӕ... удхар кӕнынц абоны онг дӕр» (Ромӕгтӕм 8:22).

ФЫДГӔНӔГ ТЫХТӔ

Библийы ӕргом фыст ис, Хӕйрӕг кӕй у «ацы цардӕвӕрды хуыцау» ӕмӕ ма йемӕ кӕй сты фыдгӕнӕг тыхтӕ, дӕлимонтӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:4; Раргомад 12:9).

Хӕйрӕгау дӕлимонтӕ дӕр тынг архайынц, цӕмӕй адӕмы зондыл ӕндавой ӕмӕ сӕ сайой. Уый кой кодта апостол Павел дӕр, афтӕ куы загъта: «Нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ хицауӕдты ныхмӕ, сӕргълӕуджыты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12).

Кӕд дӕлимонтӕн ӕхсызгон у адӕмы удхарӕй марын, уӕддӕр сӕ сӕйраг нысан уый нӕу. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй адӕмы Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ скӕной (Псалом 83:18). Дӕлимонтӕ пайда кӕнынц астрологийӕ, стӕй, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны ӕмӕ, цы уыдзӕн, уый рагацау чи фӕдзуры, уыдонӕй, цӕмӕй адӕмы сайой ӕмӕ сыл сӕ бар цӕуа. Уый тыххӕй нӕ фӕдзӕхсы Йегъовӕ уыдӕттӕй ӕмӕ, Хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕлимонты ныхмӕ чи лӕууы, уыдоны хъахъхъӕны (Иаковы 4:7).

МАХ ЦӔРӔМ «ФӔСТАГ БОНТЫ»

Иу-дыууӕ мин азы размӕ Библийы фыст ӕрцыд: «Зон, ӕмӕ фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг».

Ацы рӕстӕг уӕззау цӕмӕн у, уый тыххӕй дзы афтӕ фыст ис: «Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд... бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ». Уӕдӕ адӕм сӕйрагдӕр хъизӕмар кӕнынц, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй (2 Тимофеймӕ 3:1–4).

Цы хабӕртты кой ракодтам, уыдонӕй бӕрӕг у, адӕмы кӕд тынг фӕнды, уӕддӕр хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын сӕ бон цӕуылнӕ у, уый. Уӕдӕ уӕд ӕххуыс кӕм агурӕм? Мах хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм не Сфӕлдисӕгмӕ. Уый нын ныфс ӕвӕры, «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ [кӕй] фехалдзӕн» ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдоны кӕй фесафдзӕн (1 Иоанны 3:8). Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Хуыцау цы сараздзӕн, цӕмӕй, адӕм кӕй аххосӕй хъизӕмар кӕнынц, уыцы хъуыддӕгтӕй иу дӕр мауал уа.