Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕвзӕгтӕ, ӕцӕгдӕр, «Вавилоны мӕсыг» куы арӕзтой, уӕд фӕзындысты?

Ӕвзӕгтӕ, ӕцӕгдӕр, «Вавилоны мӕсыг» куы арӕзтой, уӕд фӕзындысты?

«Йегъовӕ [сӕ] ныппырх кодта ӕгас зӕххы цъарыл, ӕмӕ сӕ горӕт аразын ныууагътой. Уый тыххӕй уыцы горӕт схуыдтой Вавилон, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уым схӕццӕ кодта, адӕм ӕгас зӕххыл дӕр цы ’взагыл дзырдтой, уый» (Райдиан 11:8, 9).

АЦЫ хабар ӕцӕг у? Адӕм алыхуызон ӕвзӕгтыл ӕцӕгдӕр уыцы иу рӕстӕг райдыдтой дзурын? Иуӕй-иуты нӕ уырны, ӕвзӕгтӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕ кӕй равзӕрдысты ӕмӕ кӕй апарахат сты, уый. Иу фыссӕг загъта: «Вавилоны мӕсыджы таурӕгъӕй худӕгдӕр хабарӕн ӕрхъуыды кӕнӕн нӕй». Суанг ма иу дзуттаг дины разамонӕг дӕр уыцы хабар схуыдта ӕрымысгӕ.

Вавилоны мӕсыджы хабар адӕмы цӕуылнӕ уырны? Сӕйраджыдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕ куыд равзӕрдысты, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ бынтон ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст сты. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ зӕгъынц, алыхуызон ӕвзӕгтӕ ӕвиппайды кӕй нӕ фӕзындысты, фӕлӕ сабыргай кӕй равзӕрдысты, фыццаг адӕм иууылдӕр цы ӕвзагыл дзырдтой, уымӕй. Иннӕты та уырны, цалдӕр фыццаг ӕвзаджы кӕй равзӕрдысты, кӕрӕдзимӕ ницы бар дардтой, афтӕмӕй, хуымӕтӕг мыртӕй рауад вазыгджын ӕвзаг. Ацы фарстайы фӕдыл ахуыргӕндтӕм бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ разы сты профессор Фитчимӕ. Ӕвзӕгтӕ куыд равзӕрдысты, уый фӕдыл цы чиныг ныффыста, уым ис ахӕм ныхӕстӕ: «Разыйӕ кӕмӕй баззайӕм, ахӕм дзуапп нӕма ссардтам» (The Evolution of Language).

Ӕвзӕгтӕ куыд равзӕрдысты ӕмӕ куыд ивтой, уый тыххӕй археологтӕ ӕмӕ иртасджытӕ цы зӕгъынц? Цы сбӕрӕг кодтой, уыдон ахуыргӕндты хъуыдытӕ бӕлвырд кӕнынц, ӕви, Вавилоны мӕсыджы хабар раст кӕй у, ууыл дзурӕг сты? Цӕй уӕдӕ уал фыццаг Библийы фыст хабармӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

КӔМ ӔМӔ КӔД ӔРЦЫД УЫЦЫ ХАБАР?

Библийы фыст ис, ӕвзӕгтӕ кӕм схӕццӕ сты ӕмӕ кӕцӕй ахӕлиу сты, уый кӕй уыд «Сеннаары зӕхх», фӕстӕдӕр Вавилони кӕй схуыдтой, уый (Райдиан 11:2). Уыцы хабар кӕд ӕрцыд? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «зӕххыл адӕм ныддихтӕ сты» Фалекы заман. Фалек та райгуырд Авраамӕй 250 азы раздӕр. Уӕдӕ Вавилоны хабӕрттӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыдысты 4 200 азы размӕ (Райдиан 10:25; 11:18–26).

Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, нырыккон ӕвзӕгтӕ кӕй равзӕрдысты иу ӕвзагӕй – сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм иу-100 000 азы размӕ цы ӕвзагыл дзырдтой, уымӕй *. Иннӕтӕ та зӕгъынц, кӕй равзӕрдысты цалдӕр сӕйраг ӕвзагӕй, адӕм, ӕппынкъаддӕр, 6 000 азы размӕ кӕуыл дзырдтой, уыдонӕй. Фӕлӕ абон кӕуыл нал дзурынц, уыцы ӕвзӕгтӕ рӕстӕджы дӕргъы куыд ивтой, уый куыд базонынц? Иу журналы фыст уыди: «Уый тынг зын у. Биологтӕй уӕлдай, ӕвзӕгтӕ иртасыны куыст чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон зӕххы бынӕй скъахын нӕу, раздӕр цы уыд, уый кӕмӕ гӕсгӕ бамбарой, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ» (Economist). Дарддӕр ма дзы фыст ис, зӕгъгӕ, иу эволюционист, ӕвзӕгтӕ иртасӕг, цы хатдзӕгтӕм ӕрцыд, уыдон скодта, математикӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ йӕм раст куыд фӕкаст, уымӕ гӕсгӕ.

Фӕлӕ ис рагон фыстытӕ. Цымӕ цавӕр фыстытӕ сты ӕмӕ, ӕвзӕгтӕ куыд равзӕрдысты, уый тыххӕй цы ӕвдисынц? Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, ӕппӕты рагондӕр фыстытӕй кӕй ссардтой – ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы фыстытыл, цӕудзӕн ӕппӕты фылдӕр 4 000 кӕнӕ 5 000 азы (The New Encyclopædia Britannica). Ӕмӕ сӕ кӕм ссардтой? Месопотамийы, рагон Сеннаар кӕм уыд, уыцы бынаты *. Уӕдӕ ахуыргӕндтӕм цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Библийы цы фыст ис, уый раст кӕй у.

АЛЫХУЫЗОН ӔВЗӔГТӔ, АЛЫХУЫЗОН ЗОНДАХАСТ

Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау адӕмӕн Вавилоны «се ’взаг схӕццӕ кодта, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы ӕвзаг мауал ӕмбӕрстаиккой» (Райдиан 11:7). Ӕмӕ уӕд аразджытӕ «сӕ горӕт аразын ныууагътой» ӕмӕ «ӕгас зӕххы цъарыл» ныххӕлиу сты (Райдиан 11:8, 9). Библийы афтӕ загъд нӕй, ӕмӕ, абон адӕм цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдон иууылдӕр иу ӕвзагӕй равзӕрдысты. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ цалдӕр ног ӕвзаджы фӕзындысты ӕвиппайды ӕмӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Иууылдӕр уыдысты тынг хъӕздыг, алкӕцыйыл дӕр дзы адӕймагӕн йӕ бон алцыдӕр уыд сӕрибарӕй зӕгъын, зӕгъӕм, йӕ зӕрдӕйы цы уыд ӕмӕ цӕуыл хъуыды кодта, уыдӕттӕ.

Рагон фыстытӕ ӕлыг къӕйыл (Месопотами, н. э. размӕ ӕртыккаг миназ)

Цы зӕгъӕн ис, абон дунейы цы ӕвзаджы къордтӕ ис, уыдонӕй та? Ӕмхуызон сты ӕви хицӕн кӕнынц? Ахуыргонд Лера Бородицкая ныффыста: «Ӕвзӕгтӕ лӕмбынӕг иртасын куы райдыдтой (ӕвзӕгтӕ та ӕдӕппӕтӕй сты иу- 7 000 фылдӕр, фӕлӕ дзы ӕрмӕстдӕр иу гыццыл хай раиртӕстой бӕстон), уӕд рабӕрӕг, се ’хсӕн бирӕ ӕнӕнхъӕлӕджы хицӕндзинӕдтӕ кӕй ис». Уӕдӕ кӕд, иу ӕвзаджы къордмӕ чи хауы, уыцы ӕвзӕгтӕ ӕмӕ ӕвзаджы здӕхтытӕ, зӕгъӕм, туркӕгтӕ ӕмӕ азербайджайнӕгтӕ кӕуыл дзурынц, уыдон, ӕнгӕс сты, уӕддӕр сын иннӕ ӕвзаджы къорды ӕвзӕгтимӕ ӕмӕ ӕвзаджы здӕхтытимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис, зӕгъӕм, кӕсгӕттӕ ӕмӕ абхазӕгтӕ кӕуыл дзурынц, уыдонимӕ.

Адӕймаг цы ӕвзагыл дзуры, уымӕй аразгӕ у, йӕ алыварс дунейы цы ис, уыдӕтты тыххӕй – хуызты, нымӕцты, бынӕтты тыххӕй – цы хъуыды кӕны ӕмӕ сӕ кой кӕнгӕйӕ цы дзырдтӕй фӕпайда кӕны, уый. Зӕгъӕм, иу ӕвзагыл адӕймаг зӕгъдзӕн: «Дӕ рахиз къухыл хъӕндил фӕбыры». Ӕндӕр ӕвзагыл та зӕгъдзысты: «Дӕ хуссар-ныгуылӕн къухыл хъӕндил фӕбыры». Ӕвзӕгтӕ афтӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый адӕймаджы, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕтыхсын кӕна. Уӕдӕ диссаг нӕу, Вавилоны мӕсыджы аразджытӕ сӕ куыст кӕронмӕ кӕй нӕ фесты, уый.

ХУЫМӔТӔГ МЫРТӔ ӔВИ ВАЗЫГДЖЫН ӔВЗАГ?

Адӕм фыццаг цы ӕвзагыл дзырдтой, уый цавӕр уыд? Библийы фыст ис, фыццаг нӕлгоймагӕн, Адамӕн, йӕ бон кӕй уыд ног дзырдтӕ хъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт цӕрӕгойтӕн ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕн нӕмттӕ йӕхӕдӕг лӕвӕрдта (Райдиан 2:20). Адам ма йӕ усы тыххӕй ӕмдзӕвгӕ дӕр ӕрхъуыды кодта, Евӕ та бӕлвырд бамбарын кодта, Хуыцау сын цы бафӕдзӕхста ӕмӕ йӕ коммӕ куы нӕ бакӕсой, уӕд сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Райдиан 2:23; 3:1–3). Уӕдӕ адӕм фыццаг цы ӕвзагыл дзырдтой, ууыл сӕ бон уыд сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй ӕмӕ рӕсугъд ныхӕстӕй дзурын.

Вавилоны ӕвзӕгтӕ куы схӕццӕ сты, уӕд адӕмӕн сӕ бон нал уыд сӕ зонд ӕмӕ сӕ тыхтӕ баиу кӕнын. Фӕлӕ фыццаг ӕвзагау, уыцы ӕвзӕгтӕ дӕр уыдысты хъӕздыг. Цалдӕр ӕнусмӕ адӕм сарӕзтой стыр горӕттӕ, скодтой тыхджын ӕфсӕдтӕ ӕмӕ бӕстӕты ’хсӕн фӕзынд базарад (Райдиан 13:12; 14:1–11; 37:25). Се ’взӕгты фаг ныхӕстӕ ӕмӕ грамматикӕйы ӕгъдӕуттӕ куы нӕ уыдаид, уӕд сын цымӕ ӕппӕт уыдӕттӕ саразын бантыстаид? Библимӕ гӕсгӕ, адӕмы фыццаг ӕвзаг ӕмӕ, Вавилоны цы ӕвзӕгтӕ фӕзынд, уыдон цӕрӕгойты ӕвзӕгты хуызӕн нӕ уыдысты, фӕлӕ уыдысты, алцыдӕр зӕгъӕн кӕуыл уыд, ахӕм ӕвзӕгтӕ.

Ууыл дзурӕг сты нырыккон бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Иу энциклопедийы фыст ис: «Цыфӕнды адӕмы цардыуаг ма иртасай, ӕмӕ сӕ цардыуаг цыфӕнды хуымӕтӕг ма уа, уӕддӕр сын се ’взаг иннӕ адӕмты ӕвзӕгтимӕ абаргӕйӕ хуымӕтӕг схонӕн нӕ вӕййы» (The Cambridge Encyclopedia of Language). Гарварды колледжы профессор Стивен Пинкер йӕ чиныджы ӕвзаджы тыххӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, хуымӕтӕг ӕвзӕгтӕ нӕй (The Language Instinct).

ӔВЗӔГТӔН СӔ ФИДӔН

Мах аныхас кодтам, рагон фыстытӕ кӕд ӕрцыдысты фыст, кӕм сӕ ссардтой, ӕвзаджы къордтӕ кӕрӕдзийӕ тынг кӕй хицӕн кӕнынц ӕмӕ, рагон ӕвзӕгтӕ «хуымӕтӕг» ӕвзӕгтӕ кӕй нӕ уыдысты, уыдӕттыл. Уӕдӕ цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис ныр? Бирӕтӕ разы сты, Вавилоны цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый ӕвзӕгты равзӕрд раст кӕй ӕмбарын кӕны.

Библи нын ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ Вавилоны адӕмы ӕвзӕгтӕ уый тыххӕй кӕй схӕццӕ кодта, ӕмӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты (Райдиан 11:4–7). Фӕлӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (Софони 3:9). Абон уыцы «сыгъдӕг ӕвзаг», ома рӕстдзинад Хуыцауы Ныхасӕй, иу кӕны адӕмы ӕнӕхъӕн дунейӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, фидӕны адӕм ноджы ӕнгомдӕр уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау ратдзӕн иу ӕвзаг, ӕмӕ уӕд, Вавилоны цы ’рцыд, уый хъуыды дӕр ничиуал кӕндзӕн.

^ 8 абз. Ӕвзӕгтӕ куыд равзӕрдысты, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕ цы дзурынц, уый баст вӕййы, адӕймаг маймулийӕ кӕй равзӕрд, уыцы хъуыдыимӕ. Цы дзурынц, уый тыххӕй бакӕсӕн ис брошюрӕйы «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа», 27–29 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 9 абз. Сеннаармӕ хӕстӕг археологтӕ ссардтой цалдӕр кувӕндоны. Уыдон уыдысты, пирамидӕты хуызӕн чи уыди, ахӕм къӕпхӕнтӕгонд мӕсгуытӕ. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Вавилоны мӕсыг дуртӕй нӕ амадтой, фӕлӕ агуыридуртӕй, чъыры змӕсты бӕсты та писийӕ пайда кодтой (Райдиан 11:3, 4). Иу энциклопедимӕ гӕсгӕ, Месопотамийы «дур арӕх нӕ уыд кӕнӕ та бынтондӕр нӕ уыд», писи та дзы уыд бирӕ (The New Encyclopædia Britannica).