Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 СӔЙРАГ ТЕМӔ | БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Ӕмбарыс ӕй, Хуыцау дӕм ӕввахс кӕй у?

Ӕмбарыс ӕй, Хуыцау дӕм ӕввахс кӕй у?

«Адӕймаг Хуыцаумӕ ӕввахс куы уа, уӕд ницӕмӕй фӕтӕрсы, ницӕуыл фӕтыхсы ӕмӕ цӕмӕн цӕры, уый фӕзоны. Хуыцау алкӕддӕр дӕ фарсмӕ кӕй ис ӕмӕ дӕм йӕ хъус кӕй дары, уый ӕмбарыс» (КРИСТОФЕР, ӔРЫГОН НӔЛГОЙМАГ ГАНӔЙӔ).

«Хуыцауӕй ӕмбӕхст нӕу, цӕуыл мӕт кӕныс, уый ӕмӕ дӕм ӕвдисы, хъуыды дӕр кӕуыл никуы акодтаис, ахӕм уарзондзинад, ӕмӕ дыл тыхсы» (13-АЗДЗЫД ХАННӔ АЛЯСКӔЙӔ, АИШ).

«Стыр удӕнцой мын хӕссы, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕй дӕн, уый! Уый ӕцӕг хӕзна у!» (45-АЗДЗЫД ДЖИНӔ ЯМАЙКӔЙӔ).

Афтӕ ӕрмӕст Кристофер, Ханнӕ ӕмӕ Джинӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Ӕгас дунейы дӕр бирӕ адӕм фидарӕй зонынц, Хуыцау сӕ йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайы. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахс дӕ? Фӕндид дӕ, цӕмӕй йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уай? Чи зоны бафӕрсай: «Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис? Цымӕ хуымӕтӕг адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы хӕлар суа?»

ХУЫЦАУЫ ХӔЛАР УАЙ – УЫЙ ГӔНӔН ИС

Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау де ’ввахс хӕлар уа, уый гӕнӕн ис. Фыст дзы ис, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамы кӕй хуыдта йӕ «хӕлар» (Исай 41:8). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Иаковы 4:8 стихы цы хорз ныхӕстӕ ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн». Уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг у, Хуыцау дӕм ӕввахс уа кӕнӕ дӕ хӕлар уа, уымӕн гӕнӕн кӕй ис. Фӕлӕ цӕстӕй дӕ бон фенын кӕй нӕу, уымӕ куыд хъуамӕ баввахс уай?

Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп райсӕм, уый тыххӕй ахъуыды кӕнӕм, дыууӕ адӕймаджы хӕлӕрттӕ куыд свӕййынц, ууыл. Фыццаг уал сӕ кӕрӕдзийы нӕмттӕ базонынц. Стӕй рӕстӕг ссарынц ныхас кӕнынӕн, кӕрӕдзийӕн сӕ хабӕрттӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ фӕдзурынц, ӕмӕ афтӕмӕй слымӕн вӕййынц. Кӕрӕдзийӕн исты хорздзинад аразыныл куы фӕархайынц, уӕд та дыууӕ мадызӕнӕджы хуызӕн свӕййынц. Адӕймаг дӕр Хуыцауы хӕлар раст афтӕ свӕййы. Цӕй ӕмӕ уыдӕттыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.