Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 ХАЙ

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

«Абон дын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы. Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы» (Дыккаг закъон 6:6, 7)

Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд ныййарджытӕн бахӕс кодта сӕ цот хъомыл кӕнын (Колоссӕгтӕм 3:20). Уӕдӕ уын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд сӕ хъуамӕ ахуыр кӕнат, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзой ӕмӕ сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа (2 Тимофеймӕ 1:5; 3:15). Стӕй ма хъуамӕ зонат, уӕ лӕппу кӕнӕ уӕ чызджы зӕрдӕйы цы ис, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй сын уӕхӕдӕг фӕзминаг уат. Йегъовӕйы Ныхас уӕхи зӕрдӕйы куы уа, уӕд ӕй уӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр амондзыстут (Псалом 40:8).

1 АРХАЙУТ, ЦӔМӔЙ УӔ СЫВӔЛЛӔТТӔН УЕМӔ НЫХАС КӔНЫН ӔНЦОН УА

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Рӕвдз у байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕн» (Иаковы 1:19). Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ уемӕ ӕргом ныхас кӕной, уӕд хъуамӕ зоной, уемӕ сӕ аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд сӕм кӕй байхъусдзыстут. Куы архайат, цӕмӕй уӕ хӕдзары фарн уа, уӕд, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурын сын ӕнцондӕр уыдзӕн (Иаковы 3:18). Афтӕ сӕм куы кӕса, ӕмӕ сӕм смӕсты уыдзыстут кӕнӕ сӕ бафхӕрдзыстут, уӕд сын уемӕ ӕргом ныхас кӕнын зын уыдзӕн. Уӕ сывӕллӕттимӕ фӕразон ут ӕмӕ-иу сын арӕх дзурут, кӕй сӕ уарзут (Матфейы 3:17; 1 Коринфӕгтӕм 8:1).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Уӕ сывӕллӕтты уемӕ истӕуыл аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд-иу сӕм ӕнӕмӕнгӕй байхъусут.

  • Семӕ-иу ӕдзух ныхас кӕнут, исты куы ӕрцӕуа, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ.

2 АФТӔ ЦӔМӔН ДЗУРЫНЦ, УЫЙ-ИУ БАМБАРУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Хъуыддаг хорз чи ӕмбары, уый ссардзӕн хорздзинад» (Ӕмбисӕндтӕ 16:20). Хатт фӕхъӕуы бамбарын, уӕ сывӕллӕттӕ уын цы дзурынц, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, уый дӕр. Арӕх сывӕллӕттӕ хъуыддаг ныддиссаг кӕнынц кӕнӕ та дзургӕ иу фӕкӕнынц, хъуыды та ӕндӕр цыдӕр. «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми» (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Уӕдӕ-иу уайтагъд ма рамӕсты у (Ӕмбисӕндтӕ 19:11).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Сывӕллон уын цыфӕнды ма дзура, уӕддӕр-иу ын йӕ ныхас ӕрдӕгыл ма аскъуынут ӕмӕ-иу ма рамӕсты ут.

  • Уӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууын кӕнут, уӕхӕдӕг уый карӕнӕй куыд уыдыстут ӕмӕ уӕм ахсджиаг цы каст, уый.

3 ИУ ХЪУЫДЫЙЫЛ ХӔСТ УТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Мӕ хъӕбул, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Сывӕллон хъомыл кӕныны хӕс Йегъовӕ сӕвӕрдта фыдыл дӕр ӕмӕ мадыл дӕр. Хъуамӕ уӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнат, цӕмӕй уын аргъ кӕной ӕмӕ уӕ коммӕ кӕсой (Ефесӕгтӕм 6:1–3). Ныййарджытӕ «иу зондыл хӕст» куы нӕ вӕййынц, уӕд уый сывӕллӕттӕ фембарынц (1 Коринфӕгтӕм 1:10). Кӕрӕдзиимӕ истӕуыл разы куы нӕ уат, уӕд-иу ууыл сывӕллӕтты раз ма ныхас кӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ныййарджыты кад сывӕллӕтты цӕсты дӕлӕмӕ ’рхауы.

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Уӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд амондзыстут, ууыл-иу ныхас кӕнут ӕмӕ-иу иу хъуыдымӕ ’рцӕут.

  • Уӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕндзыстут, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уат, уӕд-иу бацархай, дӕ цардӕмбал хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарыныл.

4 ПЪЛАН СКӔНУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Уӕ сывӕллӕттӕй хорз адӕймӕгтӕ сӕхихъӕдӕй нӕ рауайдзӕн. Куыд сӕ хъомыл кӕндзыстут, уый фӕдыл уын хъуамӕ пълан уа, стӕй уӕ рох ма уӕд, хатт сӕ бафхӕрын дӕр кӕй фӕхъӕуы (Псалом 127:4; Ӕмбисӕндтӕ 29:17). Дзырд «ӕфхӕрын» Библийы фӕамоны «зонд амонын» дӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ исты куы фӕдомут, уӕд-иу сын бамбарын кӕнут, уый сӕ цӕмӕн домут, уый (Ӕмбисӕндтӕ 28:7). Стӕй ма сӕ ахуыр кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы Ныхас уарзой ӕмӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый ӕмбарой (Псалом 1:2). Афтӕмӕй базондзысты, цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ цӕсгом Хуыцауы раз алкӕддӕр сыгъдӕг уа (Дзуттӕгтӕм 5:14).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Архайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы базоной ӕмӕ йыл сӕ ныфс дарой.

  • Бамбарын сын кӕнут, Интернет сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕн тӕссаг цӕмӕй у ӕмӕ сӕхи куыд хъахъхъӕной. Бацамон сын, хӕлд адӕмӕй сӕхи куыд бахизой.

«Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр»