Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

105 СӔР

Легъуибӕласы фӕрцы ӕмбарын кӕны, уырнындзинад куыд ахсджиаг у

Легъуибӕласы фӕрцы ӕмбарын кӕны, уырнындзинад куыд ахсджиаг у

МАТФЕЙЫ 21:19–27 МАРЧЫ 11:19–33 ЛУКАЙЫ 20:1–8

  • ХУС ЛЕГЪУИБӔЛАС – ХОРЗ ЦӔВИТТОН, УЫРНЫНДЗИНАД КУЫД АХСДЖИАГ У, УЫМӔН

  • ЙЕСОЙӔН АХӔМ ХЪУЫДДӔГТӔ КӔНЫНЫ БАР ЧИ РАДТА?

Къуырисӕры изӕрӕй Йесо Иерусалимӕй куы рацыд, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхт Вифанимӕ, Оливӕбӕлӕсты хохӕн йӕ хурыскӕсӕн фарсмӕ. Ӕмӕ та, ӕвӕццӕгӕн, ацы хатт дӕр бахсӕвиуат кодта йе ’мбӕлттӕм – Лазӕр, Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ.

Иннӕ бон уыди 11 нисан. Ӕмӕ та райсомӕй Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ногӕй уыдысты Иерусалиммӕ фӕндагыл. Уыцы бон фӕстаг хатт цыди кувӕндонмӕ. Ӕмӕ, цалынмӕ Куадзӕн не сбӕрӕг кодта ӕмӕ йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур не ’рӕвӕрдта, уӕдмӕ ма зӕххыл фӕстаг бон лӕггад кодта. Уый фӕстӕ йын стӕрхон кодтой ӕмӕ йӕ амардтой.

Гъемӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл Вифанийӕ Иерусалиммӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд Петр фӕкомкоммӕ, Йесо уый размӕ бон кӕй ралгъыста, уыцы бӕласмӕ ӕмӕ уыциу хъӕр фӕкодта: «Ахуыргӕнӕг, уӕртӕ-ма! Кӕй ралгъыстай, уыцы легъуибӕлас бахус!» (Марчы 11:21).

Цымӕ Йесо уыцы бӕлас цӕмӕн бахус кодта? Уый базонӕн ис, Петрӕн цы дзуапп радта, уымӕй: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ дызӕрдыг куы нӕ кӕнат, уӕд, ӕз ацы легъуибӕласӕн цы сарӕзтон, канд уый нӕ сараздзыстут, фӕлӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат, сыст ӕмӕ дӕхи уӕртӕ денджызы баппар, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн. Уырнындзинад уӕм уӕд, ӕндӕр Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурат,– сӕххӕст уын кӕндзӕн уӕ курдиат» (Матфейы 21:21, 22). Афтӕмӕй та ногӕй загъта, уырнындзинады тыххӕй уымӕй размӕ цы загъта, уый (Матфейы 17:20).

Уӕдӕ, уыцы бӕлас кӕй бахус кодта, уый фӕрцы бамбарын кодта, Хуыцауыл ӕууӕндын куыд ахсджиаг у. Йесо загъта: «Цӕйфӕнды тыххӕй ма куват ӕмӕ цыфӕнды ма курат,– афтӕ йӕ нымайут, цыма уӕ курдиат сӕххӕст, ӕмӕ уын ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст уыдзӕн» (Марчы 11:24). Ахӕм уырнындзинад хъуамӕ уа Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр! Уый уӕлдай ахсджиаг та уыд йӕ апостолтӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм разӕй стыр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ ма, чи бахус, уыцы легъуибӕлас ӕмӕ уырнындзинады хабар ноджыдӕр иу цӕмӕйдӕр уыдысты ӕмхуызон.

Уыцы легъуибӕласау Израилы адӕм дӕр сӕхи ӕвдыстой, цыхуызӕн нӕ уыдысты, ахӕмтӕй. Кӕддӕр Хуыцау семӕ скодта бадзырд, ӕмӕ, чи зоны, афтӕ зынди, цыма йын йӕ Закъон ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ сӕм ӕцӕгӕй та, иуӕй-иуты йеддӕмӕ, уырнындзинад нӕ уыд ӕмӕ хорз дыргъ нӕ хастой. Суанг ма Хуыцауӕн йӕ Фыртыл дӕр нӕ баууӕндыдысты! Уӕдӕ Йесо, хуыскъ легъуибӕлас кӕй бахус кодта, уымӕй равдыста, дыргъ чи нӕ хаста ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕммӕ цы кӕрон ӕнхъӕлмӕ каст, уый.

Уӕдмӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалиммӕ бацыдысты. Ӕмӕ та Йесо иннӕ хӕттытау кувӕндоны адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта. Уым ӕм сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ бацыдысты. Йесо уый размӕ бон ӕхцаивджытӕн цытӕ бакуыста, уый сын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕцӕй дӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар? Ахӕм бар дын чи радта, ӕмӕ афтӕ кӕнай?» (Марчы 11:28).

Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Кӕд мын дзуапп раттат, уӕд уын ӕй ӕз дӕр зӕгъдзынӕн, кӕцӕй мӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар. Иоанмӕ донаргъуыд дӕттыны бар уӕларвӕй уыд ӕви йын ӕй адӕм радтой? Зӕгъут-ма мын ӕй». Ныр та уыдоны хъуыди дзуапп дӕттын. Гъемӕ сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ кӕрӕдзиимӕ уынаффӕ кӕнын байдыдтой, цавӕр дзуапп ын раттой, уый фӕдыл: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нын зӕгъдзӕн, ӕмӕ йыл уӕд цӕуылнӕ баууӕндыдыстут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ афтӕ дӕр куыд зӕгъӕм, адӕм ын радтой уыцы бар, зӕгъгӕ?» Афтӕ уымӕн хъуыды кодтой, ӕмӕ адӕмӕй тарстысты, «уымӕн ӕмӕ Иоанны иууылдӕр пехуымпарыл нымадтой» (Марчы 11:29–32).

Йесойы знӕгтӕ дзуаппӕн ницы ӕрымысыдысты, ӕмӕ йын загътой: «Нӕ йӕ зонӕм». Ӕмӕ сын уӕд Йесо дӕр загъта: «Гъемӕ уын ӕй ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар мӕм кӕцӕй ис» (Марчы 11:33).