Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

85 СӔР

Тӕригъӕдджын куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уый вӕййы стыр цины хос

Тӕригъӕдджын куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уый вӕййы стыр цины хос

ЛУКАЙЫ 15:1–10

  • ФӔСНОМЫГ НЫХӔСТӔ СӔФТ ФЫС ӔМӔ СӔФТ ӔХЦАЙЫ ТЫХХӔЙ

  • УӔЛӔРВТЫ ЗӔДТӔ ФӔЦИН КӔНЫНЦ

Зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ Йесо адӕмӕн сӕ хъус иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рдардта, сӕрныллӕгдзинад тынг ахсджиаг миниуӕг кӕй у, уымӕ (Лукайы 14:8–11). Йесо зӕрдиагӕй агуырдта, Хуыцауӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕймӕгты. Фӕлӕ уыдонӕй чидӕртӕ нырма, чи зоны, уыдысты амӕй-ай фыддӕр тӕригъӕдджынтӕ.

Фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ ахӕм адӕмы сӕ сӕрмӕ нӕ хастой. Ӕмӕ Йесойы алыварс куыд ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕм куыд зӕрдиагӕй хъусынц, уый куы федтой, уӕд хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой: «Ацы лӕг тӕригъӕдджынтӕм кӕсы хорз цӕстӕй ӕмӕ семӕ хӕры» (Лукайы 15:2). Фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ хуымӕтӕг адӕммӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты ӕмӕ, сӕ къӕхты бын цы рыг уыди, уымӕй уӕлдай сӕ ницӕуыл нымадтой. Дины разамонджытӕ ахӕм адӕмыл куыд ӕлгъ кодтой, уый бӕрӕг у, куыд сӕ хуыдтой, уымӕй, ам-хаа́ретс, зӕгъгӕ. Ацы дзуттаг дзырд комкоммӕ нысан кӕны «зӕххы адӕм», ома ӕнӕфенд сау адӕм.

Уыдонӕй уӕлдай Йесо алкӕмӕн дӕр аргъ кодта, уыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ алкӕй рыст дӕр ӕмбӕрста. Ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй хъуыстой ӕфхӕрд адӕмӕй бирӕтӕ, ӕмӕ суанг, йӕ тӕригъӕдджын миты кой кӕмӕн айхъуыст, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ. Фӕлӕ ахӕм адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый тыххӕй дзы дины разамонджытӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой. Цымӕ Йесо уый тыххӕй цы хъуыды кодта ӕмӕ сын цавӕр дзуапп радта?

Радзырдта сын зӕрдӕмӕхъаргӕ фӕсномыг ныхас. Ахӕм фӕсномыг ныхас ма уымӕй размӕ Капернаумы дӕр радзырдта (Матфейы 18:12–14). Фарисейты дзы ахӕм хуызы равдыста, цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ сын Хуыцауы дзуджы ’хсӕн тӕссаг ницӕмӕй у, хуымӕтӕг, ӕфхӕрд адӕмы та – цыма раст фӕндагӕй адзӕгъӕл сты ӕмӕ фесӕфтысты. Йесо радзырдта:

«Искӕмӕ уӕ сӕдӕ фысы куы уа ӕмӕ йын дзы иу куы фесӕфа, уӕд нӕуӕдз фараст фысы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууадзид ӕмӕ йӕ сӕфт фысы агурӕг нӕ ацӕуид ӕмӕ йӕ цалынмӕ не ссара, уӕдмӕ йӕ нӕ агурид? Куы йӕ ссара, уӕд та йӕ йе уӕхсчытыл сӕвӕрдзӕн ӕмӕ цин кӕндзӕн. Ӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рцӕуа, уӕд фӕдзурдзӕн йе ’мбӕлттӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Мӕ циныл мын фӕцин кӕнут, чи мын фесӕфт, уыцы фысы ссардтон“» (Лукайы 15:4–6).

Йесо ацы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта, уый бамбарын кодта афтӕ: «Зӕгъын уын: иу тӕригъӕдджын адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ууыл, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, уыцы нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй тынгдӕр цин кӕндзысты уӕлӕрвты» (Лукайы 15:7).

Йесо ӕрфӕсмон кӕныны кой кӕй скодта, уый фарисейтӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ тъӕнгтӕ ацагъта. Цалдӕр азы размӕ сӕ чидӕртӕ Йесойӕн бауайдзӕф кодтой, хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл кӕй бадт, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын уӕд ахӕм дзуапп радта: «Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Марчы 2:15–17). Фарисейтӕ сӕхи рӕстгӕнджытӕ хуыдтой. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ сӕ фӕсмон кӕнын ницӕуыл хъӕуы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдон – зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыцы тӕригъӕдджынтӕй уӕлдай – уӕлӕрвты Хуыцау ӕмӕ зӕдтӕн циндзинад нӕ хӕссынц.

Ацы хъуыды фӕтыхджындӕр кӕныны тыххӕй ма Йесо радзырдта иу фӕсномыг ныхас. Сӕ хъус сын ӕрдардта цардӕй иу хабармӕ: «Сылгоймагмӕ дӕс драхмӕйы куы уа ӕмӕ йын дзы иу куы фесӕфа, уӕд цырагъ не ссудздзӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар мӕрзын нӕ райдайдзӕн ӕмӕ йӕ цалынмӕ не ссара, уӕдмӕ йӕ нӕ агурдзӕн? Куы йӕ ссара, уӕд та фӕдзурдзӕн йе ’мбал сылгоймӕгтӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Мӕ циныл мын фӕцин кӕнут. Цы драхмӕ мӕ фесӕфт, уый ссардтон“» (Лукайы 15:8, 9).

Йесо, сӕфт фысы тыххӕй фӕсномыг ныхас куыд бамбарын кодта, афтӕ бамбарын кодта ацы фӕсномыг ныхас дӕр: «Зӕгъын уын: гъе афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ, иу тӕригъӕдджын дӕр куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд» (Лукайы 15:10).

Ахъуыды-ма кӕн, сӕфт адӕймӕгтыл кӕй фӕнымайынц, уыцы тӕригъӕдджынтӕ раст фӕндагмӕ куы раздӕхынц, уӕд уый Хуыцауы зӕдтӕн куыд ӕхсызгон вӕййы! Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр диссаг у, уымӕн ӕмӕ, чи ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахадмӕ чи бацӕуа, уыцы тӕригъӕдджынтӕ зӕдтӕй дӕр уӕлдӕр бынат ахсдзысты (1 Коринфӕгтӕм 6:2, 3). Фӕлӕ сӕм зӕдтӕ хӕлӕг нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уӕдӕ тӕригъӕдджын адӕймаг йӕ хъуыддӕгтыл куы ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ Хуыцаумӕ куы раздӕхы, уӕд мах дӕр хъуамӕ афтӕ ма цин кӕнӕм?