Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДӔСӔМ СӔР

Тох кодта раст дины сӕрыл

Тох кодта раст дины сӕрыл

1, 2. а) Илийайӕн йӕ адӕм цавӕр уавӕры уыдысты? ӕ) Кармилы хохыл Илийайы ныхмӕ чи рацыд?

ИЛИЙА Кармилы хохыл лӕууы ӕмӕ кӕсы, адӕм хӕрдмӕ тыххӕйты куыд ссӕуынц, уымӕ. Нырма бынтон не ’рбарухс, фӕлӕ уӕддӕр фенӕн ис, куыд мӕгуыр ӕмӕ куыд тыхст сты, уый. Ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг арвӕй иу ӕртах дӕр кӕй не ’рхауд, уый сыл тынг фӕбӕрӕг.

2 Уыцы адӕмы ’хсӕн, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ, ссӕуынц Ваалы пехуымпартӕ дӕр, 450 лӕджы. Уыдон сӕхицӕй тынг хъал сты ӕмӕ Йегъовӕйы пехуымпар Илийайӕ сӕ удхӕссӕг уынынц. Кӕд ус-паддзах Йезавел Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты ныццагъта, уӕддӕр Илийа хъӕбатырӕй тох кӕны Ваалы кувджыты ныхмӕ. Фӕлӕ, хӕрзаг, уыцы дзуарылӕгтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, цӕй, бирӕ нӕ фӕтох кӕндзӕн, мах цал стӕм, уый та – иунӕгӕй, ӕмӕ нын цы бакӕндзӕн (1 Пад. 18:4, 19, 20). Уырдӕм йӕ бӕхуӕрдоныл ӕрбацыд паддзах Ахав дӕр. Ӕмӕ Илийамӕ уый дӕр хуыздӕр цӕстӕй нӕ кӕсы.

3, 4. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы ахсджиаг бон Илийа тӕрсгӕ дӕр кодта? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Уыцы бон Йегъовӕйы пехуымпармӕ ӕнхъӕлмӕ каст диссаджы хабӕрттӕ. Йӕхи цӕстӕй хъуамӕ федтаид, чи никуыма уыд, ахӕм стыр тох – тох хорздзинад ӕмӕ фыддзинады ’хсӕн. Цымӕ уыцы райсом Илийа цытӕ хъуыды кодта? Уый дӕр «мах хуызӕн адӕймаг уыд», ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр куыннӕ кодтаид. (Бакӕс Иаковы 5:17.) Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕрӕг у: Илийа йӕхимӕ уӕды хуызӕн иунӕг никуы фӕкаст, уымӕн ӕмӕ, йӕ алыварс чидӕриддӕр уыд, уыдон ныууагътой ӕцӕг Хуыцауы – Израилы адӕм, сӕ паддзах ӕмӕ ӕгъатыр дзуарылӕгтӕ (1 Пад. 18:22).

4 Цымӕ Израилы адӕм ахӕм кӕуинаг уавӕрмӕ куыд ӕрцыдысты? Ӕмӕ уыцы хабар абон дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у? Ӕркӕсӕм, Илийа цы диссаджы уырнындзинады хицау уыди ӕмӕ йӕ цӕвиттонӕй абон мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

Рагӕй чи цыди, уыцы тох стынг

5, 6. а) Израилы цавӕр тох цыди? ӕ) Паддзах Ахав Йегъовӕйы куыд ӕфхӕрдта?

5 Илийа цӕрӕнбонты уыдта, йӕ адӕм сӕ къӕхты бын куыд ссӕндынц, хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый, ома раст дин. Ӕмӕ ууыл йӕ зӕрдӕ тынг рысти. Израилы раст дин ӕмӕ мӕнг дины ’хсӕн тох рагӕй цыди. Адӕм куывтой Йегъовӕ Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ, Израилы алыварс цы адӕмтӕ царди, уыдоны мӕнг хуыцӕуттӕн дӕр. Ӕмӕ Илийайы рӕстӕджы та бынтондӕр бафтыдысты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл.

6 Паддзах Ахав Йегъовӕйы тынг ӕфхӕрдта. Уый ракуырдта Сидоны паддзахы чызг Йезавелы. Йезавелӕн йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй Израилы адӕм иууылдӕр Ваалӕн кувын райдыдтаиккой, Йегъовӕйӕн та дзы йӕ кой дӕр хъуамӕ мауал уыдаид. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Ахав дӕр ацыд йӕ усы зондыл. Ахав Ваалы номыл сарӕзта кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн, ӕмӕ уыцы мӕнг хуыцауӕн ӕппӕты фыццаг йӕхӕдӕг райдыдта кувын (1 Пад. 16:30–33).

7. а) Израилӕгтӕ Ваалӕн кӕй куывтой, уый Йегъовӕ йӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл цӕмӕн нымадта? ӕ) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ, Илийайы заман хус рӕстӕг цас ахаста, уый тыххӕй Библи раст дзуры? (Кӕс ма  рамкӕ дӕр.)

7 Адӕм Ваалӕн кӕй куывтой, уый Йегъовӕ йӕхицӕн ахӕм стыр ӕфхӕрдыл цӕмӕн нымадта? Уый тыххӕй Израилы бирӕтӕ ныууагътой ӕцӕг Хуыцауы. Стӕй Ваалы кувджытӕ кодтой ӕлгъаг ӕмӕ ӕгъатыр митӕ. Ваалы кувӕндӕтты царди хӕтаг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, адӕм дзы кодтой алы хӕлд, сӕфт митӕ ӕмӕ ма суанг сывӕллӕтты дӕр нывондӕн хастой. Йегъовӕйӕн уыдӕттӕм йӕ бон ӕнцад кӕсын нӕ уыд, ӕмӕ Илийайы Ахавмӕ арвыста, цӕмӕй йын фехъусын кодтаид, зӕгъгӕ, скӕндзӕн хус рӕстӕг ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы пехуымпар нӕ зӕгъа, уӕдмӕ нӕ фӕуыдзӕн (1 Пад. 17:1). Уымӕй рацыд цалдӕр азы, ӕмӕ Илийа ногӕй Ахавмӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй адӕмы ӕмӕ Ваалы пехуымпарты Кармилы хохыл ӕрӕмбырд кодтаид *.

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Ваалы кувджытӕ цы митӕ кодтой, адӕм абон дӕр ахӕм митӕ кӕнынц

8. Библийы Ваалы тыххӕй цы фыст ис, уый абон махӕн цӕуыл дзурӕг у?

8 Уыцы тох абон махӕн цӕуыл дзурӕг у? Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, ныртӕккӕ зӕххыл Ваалӕн кувӕндӕттӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ никуыуал ис, ӕмӕ ма йӕ кой цы кӕнӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый ӕнӕуи рагон хабар нӕу (Ром. 15:4). Дзырд «Ваал» нысан кӕны «хицау». Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн дзырдта, йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ уа сӕ «ваал», кӕнӕ сӕ «сӕрыхицау» (Ис. 54:5). Абон дӕр бирӕтӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн нӕ кувынц, фӕлӕ ӕндӕр «хицӕуттӕн». Адӕймагӕн йӕ царды сӕйрагдӕр Йегъовӕ куы нӕ уа, фӕлӕ ӕхца бакусын, ахуыр ӕмӕ куыст, ирхӕфсӕнтӕ, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ, уӕд уыдӕттӕ свӕййынц йӕ хуыцӕуттӕ дӕр ӕмӕ йӕ «хицӕуттӕ» дӕр (Матф. 6:24; бакӕс Ромӕгтӕм 6:16). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Ваалӕн кувӕг адӕм цы митӕ кодтой, ахӕм митӕ кӕнынц абон дӕр. Ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Йегъовӕ ӕмӕ Ваалы ’хсӕн цы тох цыди, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн раст равзарын, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстӕм, уый.

«Къуылых» цы хуызы уыдысты?

9. а) Ваал мӕнг хуыцау кӕй уыд, уый равдисынӕн Кармилы хох ӕппӕты хуыздӕр бынат цӕмӕн уыди? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) ӕ) Илийа адӕмӕн цы загъта?

9 Кармилы хохы цъуппӕй куы ракастаис, уӕд дӕ цӕстыты раз сыстадаид тынг рӕсугъд ныв – федтаис дзы Киссоны дӕлвӕз, стӕй Стыр денджыз (Зӕххастӕу денджыз) ӕмӕ дард цӕгаты та – Ливаны хӕхтӕ *. Фӕлӕ уыцы бон хур куы скаст, уӕд, зӕхх цы уавӕры уыд, уымӕй зӕрдӕ бамӕгуыр. Кӕддӕр Йегъовӕ Авраамы байзӕддӕгтӕн цы хъӕздыг ӕмӕ донӕфсӕст зӕхх радта, уый судзгӕ хур басыгъта. Ӕмӕ ахӕм уавӕрмӕ ӕрцыд, Хуыцауы адӕм афтӕ ӕнӕзонд кӕй разындысты, уый тыххӕй! Адӕм хохыл куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Илийа загъта: «Кӕдмӕ цӕудзыстут къуылых уӕ дыууӕ къахӕй, кӕдмӕ дыууӕрдӕм кӕндзыстут? Кӕд Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд йӕ фӕдыл цӕут, кӕд Ваал у, уӕд та уый фӕдыл цӕут» (1 Пад. 18:21).

10. Илийайӕн йӕ адӕм дыууӕ къахӕй «къуылых» цы хуызы уыдысты ӕмӕ сӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаг ферох?

10 Илийа афтӕ цӕмӕн загъта, «кӕдмӕ цӕудзыстут къуылых уӕ дыууӕ къахӕй, кӕдмӕ дыууӕрдӕм кӕндзыстут», зӕгъгӕ? Израилӕгтӕ не ’мбӕрстой, аскъуыддзаг кӕнын сӕ кӕй хъуыд, кӕмӕн кувдзысты, уый: кӕнӕ – Йегъовӕйӕн, кӕнӕ – Ваалӕн. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ сӕ бон у се ’лгъаг ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ Ваалы зӕрдӕ арын ӕмӕ ма уыцы иу рӕстӕг Йегъовӕйы хорзӕх дӕр курын. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, ӕмӕ сын Ваал сӕ хуымтӕн ӕмӕ сӕ фосӕн арфӕ кӕндзӕн, «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» та сӕ хӕстыты хъахъхъӕндзӕн (1 Сам. 17:45). Фӕлӕ сӕ иу ахсджиаг хъуыддаг ферох, ӕмӕ уый абон дӕр бирӕтӕ не ’мбарынц. Йегъовӕ нӕ быхсы, адӕймаг ма уымӕй уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы фӕкувы, уый. Хуыцау домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион, стӕй уый аккаг дӕр у. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ ма ӕндӕр искӕмӕн кӕнӕ истӕмӕн куы фӕкувынц, уӕд уый Йегъовӕмӕ кӕсы тынг ӕвзӕр, ӕнад ын у! (Бакӕс Рацыд 20:5.)

11. Куыд хъуыды кӕныс, Илийайы ныхӕстӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, царды нын сӕйрагдӕр цы у ӕмӕ Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕнӕм, ууыл ахъуыды кӕнынӕн?

11 Израилӕгтӕ цыдысты къуылых-къуылых. Уыдон уыдысты, уыцы иу рӕстӕг дыууӕ фӕндагыл цӕуыныл чи фӕархайы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Абон дӕр бирӕтӕ ахӕм рӕдыд ӕруадзынц: ӕндӕр «ваалтӕн» уый бар раттынц, цӕмӕй сӕ царды сӕйраг бынат бацахсой, Хуыцау та сӕ ферох вӕййы! Уӕдӕ, Илийа израилӕгтӕн афтӕ кӕй загъта, къуылых мауал цӕут, зӕгъгӕ, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, царды нын сӕйрагдӕр цы у ӕмӕ Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, ууыл.

Фӕлварӕн – чи у ӕцӕг Хуыцау?

12, 13. а) Илийа цавӕр фӕлварӕн скӕнын кодта? ӕ) Мах дӕр нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый куыд у нӕ бон равдисын?

12 Уый фӕстӕ Илийа загъта, фӕлварӕн скӕнӕм, зӕгъгӕ. Уыцы фӕлварӕны зынӕй ӕппындӕр ницы уыди. Ваалы дзуарылӕгтӕ хъуамӕ сарӕзтаиккой нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл нывонд ӕрӕвӕрдтаиккой. Стӕй хъуамӕ сӕ хуыцаумӕ скуывтаиккой, цӕмӕй сын сӕ нывондхӕссӕныл арт ссыгътаид. Афтӕ хъуамӕ бакодтаид Илийа дӕр. Илийа сын загъта: «Дзуапп чи ратта, зынг чи рарвита, уыцы Хуыцау у ӕцӕг Хуыцау». Илийа хорз зыдта, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый. Йӕ уырнындзинад афтӕ фидар уыд, ӕмӕ Ваалы пехуымпартӕн фадат радта, цӕмӕй сын ӕнцондӕр куыд уыдаид, афтӕ бакодтаиккой. Стӕй сын радта уый бар дӕр, цӕмӕй фыццаг уыдон райдыдтаиккой: нывондӕн гал равзӕрстаиккой ӕмӕ Ваалмӕ скуывтаиккой * (1 Пад. 18:24, 25).

13 Абон Йегъовӕ диссӕгтӕ не ’вдисы, фӕлӕ ивгӕ нӕ фӕкодта – раджы заманты цавӕр Хуыцау уыд, абон дӕр ахӕм у. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ Илийайау Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Зӕгъӕм, адӕймаг разы куы нӕ уа, Библи цы дзуры, уыимӕ, уӕд тӕрсын нӕ хъӕуы, йӕ хъуыды фыццаг уый куы зӕгъа, уымӕй. Мах дӕр-иу Илийайы бафӕзмӕм ӕмӕ-иу хъуыддаг ӕцӕг Хуыцауы бар бакӕнӕм. Фӕлӕ куыд? Хуыцауы Ныхас у «хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн», ӕмӕ хъуамӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасӕй пайда кӕнӕм (2 Тим. 3:16).

Илийа хорз зыдта, Ваалӕн чи кувы, уый йӕхицӕй хынджылӕг кӕй кӕны, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы адӕм дӕр уый бамбӕрстаиккой

14. Илийа Ваалы пехуымпартӕй куыд хынджылӕг кодта ӕмӕ цӕмӕн?

14 Ваалы пехуымпартӕ сӕ нывонд нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ райдыдтой сӕ хуыцаумӕ кувын. «Ваал, фехъус нӕ!» – хъӕр кодтой уыдон. Рацыд цалдӕр минуты, стӕй цалдӕр сахаты, «фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы, дзуапдӕттӕг сын нӕ уыд». Ӕмбисбон сӕ Илийа хынджылӕг кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, Ваалы, ӕвӕццӕгӕн, ныртӕккӕ не ’вдӕлы сымахӕн дзуапп раттынмӕ, кӕнӕ та уазӕгдонмӕ бауад, науӕд та ӕрфынӕй ӕмӕ йӕ райхъал кӕнын хъӕуы. «Уӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнут»,– дзырдта Илийа уыцы цӕстфӕлдахджытӕн. Илийа хорз зыдта, Ваалӕн чи кувы, уый йӕхицӕй хынджылӕг кӕй кӕны, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы адӕм дӕр уый бамбӕрстаиккой (1 Пад. 18:26, 27).

15. Ваалы дзуарылӕгты хабар куыд ӕвдисы, адӕймагӕн Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр исчи куы суа йӕ хицау, уӕд уый ӕнӕзонд ми кӕй у?

15 Уӕд Ваалы дзуарылӕгтӕ бынтондӕр сӕрра сты ӕмӕ «сӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнын райдыдтой ӕмӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ хъаматӕй ӕмӕ ӕрцытӕй сӕхи лыгтӕ кодтой, цалынмӕ сӕ туг нӕ ракалд, уӕдмӕ». Фӕлӕ ӕппӕт дӕр уыди дзӕгъӕлы – «никуы ӕмӕ ницы, дзуапдӕттӕг сын нӕ уыд, ничи сӕ фехъуыста»! (1 Пад. 18:28, 29). Ваал кӕй хуыдтой, ахӕм хуыцау уӕвгӕ дӕр нӕ уыд. Уыцы хуыцауы ӕрхъуыды кодта Хӕйрӕг, цӕмӕй адӕмы Йегъовӕйӕ аздӕхтаид. Ацы хабар хорз ӕвдисы иу хъуыддаг: адӕймагӕн Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр исчи куы суа йӕ хицау, уӕд фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн, суанг ма худинаг дӕр фӕуыдзӕн. (Бакӕс Псалом 25:3; 115:4–8.)

Ӕцӕг Хуыцау радта дзуапп

16. а) Илийа Кармилы хохыл Йегъовӕйы нывондхӕссӕн ногӕй кӕй сарӕзта, уымӕй адӕмӕн сӕ зӕрдыл цы ӕрлӕууын кодтаид? ӕ) Илийа йӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ фидарӕй кӕй дардта, уый та ногӕй куыд равдыста?

16 Изӕрырдӕм ралӕууыд Илийайы рад, цӕмӕй нывонд ӕрхастаид. Йегъовӕйы нывондхӕссӕн уыди пырх, сыгъдӕг дины знӕгты йеддӕмӕ йӕ ничи ныппырх кодтаид. Ӕмӕ йӕ Илийа фӕстӕмӕ сарӕзта. Аразгӕ та йӕ скодта дыууадӕс дурӕй. Уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, Израилы дӕсмыггаг паддзахады чи цард, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау дыууадӕс мыггагӕн цы Закъон радта, уый сӕ ныр дӕр ма ӕххӕст кӕнын кӕй хъуыди. Уый фӕстӕ Илийа нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдта нывонд ӕмӕ нывондхӕссӕныл дон ныккалын кодта (Зӕххастӕу денджыз уырдӕм хӕстӕг уыди, ӕмӕ дон, ӕвӕццӕгӕн, уырдыгӕй ӕрбахастой). Нывондхӕссӕны алыварс ма къанау дӕр скъахын кодта, ӕмӕ уый дӕр донӕй байдзаг кодтой. Кӕд Илийа Ваалы пехуымпартӕн сӕ хӕс ӕнцондӕр фӕкодта, уӕд Йегъовӕйӕн та йӕ хӕс ноджы фӕзындӕр кодта – афтӕ фидарӕй дардта йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцауыл! (1 Пад. 18:30–35).

Илийайы куывдӕй бӕрӕг у, йӕ адӕмыл кӕй тыхсти – фӕндыди йӕ, цӕмӕй сын Йегъовӕ «сӕ зӕрдӕтӕ фӕстӕмӕ йӕхирдӕм» раздӕхтаид

17. Илийайы куывдӕй куыд зыны, царды йын сӕйрагдӕр цы уыди, уый ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы нӕ бон куыд у бафӕзмын?

17 Ӕппӕт дӕр цӕттӕ куы уыд, уӕд Илийа Хуыцаумӕ скуывта. Йӕ ныхӕстӕ уыдысты хуымӕтӕг ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ бӕрӕг уыди, царды йын сӕйрагдӕр цы уыд, уый. Фыццаджыдӕр ӕй фӕндыд, цӕмӕй иууылдӕр бамбӕрстаиккой, «Израилы Хуыцау» цавӕрдӕр Ваал кӕй нӕу, фӕлӕ Йегъовӕ. Фӕндыди ма йӕ, цӕмӕй иууылдӕр базыдтаиккой, йӕхӕдӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй уыди ӕмӕ кад ӕмӕ намыс Илийайӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн кӕй ӕмбӕлди. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, йӕ адӕмыл кӕй тыхсти – фӕндыди йӕ, цӕмӕй сын Йегъовӕ «сӕ зӕрдӕтӕ фӕстӕмӕ йӕхирдӕм» раздӕхтаид (1 Пад. 18:36, 37). Хуыцауы кӕй ныууагътой, уый кӕд бирӕ фыдбылызтӕ ӕрхаста, уӕддӕр сӕ Илийа уарзта. Махӕн дӕр нӕ куывдтытӕй бӕрӕг вӕййы, афтӕ сӕрныллӕг кӕй стӕм, Хуыцауы ном скадджын кӕнын нӕ кӕй фӕнды ӕмӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоныл нӕ зӕрдӕ кӕй риссы?

18, 19. а) Йегъовӕ Илийайы куывдӕн дзуапп куыд радта? ӕ) Илийа цавӕр бардзырд радта ӕмӕ Ваалы дзуарылӕгтӕн фӕтӕригъӕд кӕнӕн цӕуылнӕ уыди?

18 Цалынмӕ Илийа не скуывта, уӕдмӕ ма, чи зоны, адӕм хъуыдытӕ кодтой, цымӕ Йегъовӕ дӕр Ваалы хуызӕн мӕнг хуыцау разындзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын куывды фӕстӕ хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг нал уыд. Библийы фыст ис: «Уӕд Йегъовӕйӕ арт ӕрцыд ӕмӕ аныхъуырдта судзинаг нывонд, сугтӕ, дуртӕ ӕмӕ сыджыт дӕр, стӕй, къанауы цы дон уыд, уый дӕр» (1 Пад. 18:38). Уый уыд стыр диссаг! Фӕлӕ цымӕ адӕм та куыд кодтой?

«Уӕд Йегъовӕйӕ арт ӕрцыд»

19 Иууылдӕр хъӕр кӕнын райдыдтой: «Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау! Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!» (1 Пад. 18:39). Кӕдӕй-уӕдӕй йӕ бамбӕрстой! Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ уымӕй сӕ уырнындзинад равдыстой. Илийайы куывды фӕстӕ уӕларвӕй зынг куыд ӕрцыд, уый фенгӕйӕ куыннӕ хъуамӕ загътаиккой, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау у, зӕгъгӕ. Уымӕн стыр уырнындзинад нӕ хъуыд. Ӕмӕ сын Илийа загъта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй равдыстаиккой. Хъуамӕ бакодтаиккой, бирӕ азты размӕ дӕр сын цы ’мбӕлди бакӕнын, уый – хъуамӕ Йегъовӕйы Закъон сӕххӕст кодтаиккой. Уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ мӕнг пехуымпарты ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы хъуыди амарын (Дык. з. 13:5–9). Ваалы дзуарылӕгтӕ уыдысты Йегъовӕйы фыддӕр знӕгтӕ. Уыдон зонгӕ-зонын цыдысты йӕ фӕндты ныхмӕ. Цымӕ сын фӕтӕригъӕд кӕнӕн нӕ уыди? Ӕмӕ, Ваалы нывондхӕссӕнтыл удӕгасӕй цы сывӕллӕтты сыгътой, уыдонӕн-иу фӕтӕригъӕд кодтой? (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 21:13; Йер. 19:5). Ӕмӕ уӕд ахӕм адӕмӕн тӕригъӕд? Ницы хуызы! Гъемӕ Илийа бардзырд радта, цӕмӕй сӕ ныццагътаиккой. Ӕмӕ дзы иуы дӕр удӕгасӕй нал ныууагътой (1 Пад. 18:40).

20. Илийа Ваалы дзуарылӕгты кӕй ныццагъта, уый иуӕй-иу ахуыргӕндты сагъӕсы цӕмӕн ӕфтауы? Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕ сагъӕстӕ дзӕгъӕлы сты?

20 Кармилы хохыл уыцы фӕлварӕн цӕуыл ахицӕн, уый ахуыргӕндтӕм, чи зоны, раст нӕ кӕсы. Чи зоны, адӕмӕй иуӕй-иутӕ тӕрсынц, дингӕнӕг фанатиктӕн ацы хабар ӕфсон куы фӕуа, цӕмӕй змӕнтой кӕнӕ иннӕ динты ныхмӕ цӕуой. Хъыгагӕн, абон ӕцӕгдӕр тынг бирӕ ис, дины номӕй фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, ахӕм адӕм. Фӕлӕ Илийа фанатик нӕ уыд. Уый архайдта Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ йын йӕ раст тӕрхон сӕххӕст кодта. Стӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, сӕ бон кӕй нӕу Илийайау сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз райсын ӕмӕ фыдгӕнджыты марын. Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ архайынц, Йесо Петрӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матф. 26:52). Фидӕны Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕндзӕн тӕрхон йӕ Фырты уылты.

21. Илийа абон ӕцӕг чырыстӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

21 Ӕцӕг чырыстонӕн йӕ уырнындзинад хъуамӕ бӕрӕг уа йӕ цардӕй (Иоан. 3:16). Ӕмӕ йын цӕмӕй уый бантыса, уый тыххӕй йӕ бон у Илийайы хуызӕн иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕзмын. Илийа куывта ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ адӕмы дӕр уымӕ разӕнгард кодта. Уый ныфсджынӕй хурмӕ хаста, адӕмы Йегъовӕйӕ фӕиппӕрд кӕнынӕн Хӕйрӕг цы дин ӕрхъуыды кодта, уымӕн йӕ мӕнг хъуыддӕгтӕ. Илийа йӕ ныфс йӕхи хъарутыл ӕмӕ йӕхи зондыл нӕ дардта, фӕлӕ-иу хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодта. Уый тох кодта раст дины сӕрыл. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр Илийайы уырнындзинад фӕзмӕм!

^ 9 абз. Кармилы хохыл зайы бирӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ вӕййы цъӕх-цъӕхид, уымӕн ӕмӕ йӕм денджызӕй дымгӕтӕ ӕрбахӕссынц мигътӕ, ӕмӕ дзы арӕх фӕуары къӕвда ӕмӕ вӕййы ӕртӕхӕй ӕфсӕст. Адӕмы уырныдта, къӕвдатӕ Ваал кӕй дӕтты, ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй ацы хох Ваалы кувджытӕн уыд табуйаг бынат. Уӕдӕ хурсыгъд Кармилы хох ныр уыди ӕппӕты хуыздӕр бынат, Ваал мӕнг хуыцау кӕй уыд, уый равдисынӕн.

^ 12 абз. Илийа ма сын загъта, нывонды бын арт ма скӕнут, зӕгъгӕ. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон-иу хатгай сӕ нывондхӕссӕнты бын скодтой сусӕг бынӕттӕ, цӕмӕй-иу афтӕ зындаид, цыма дзы арт сӕ хуыцау ссудзы.