Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ

Кӕд хӕрам хъуыддӕгтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр-иу фидар фӕлӕууыд

Кӕд хӕрам хъуыддӕгтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр-иу фидар фӕлӕууыд

ИЛИЙА фӕцӕйцыд Иорданы дӕлвӕзы. Йӕ дард балц райдыдта цалдӕр къуырийы размӕ, Хоривы хохӕй йӕ фӕндаг цӕгатырдӕм куы акодта, уӕд. Кӕдӕй-уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилмӕ ӕрхӕццӕ ӕмӕ, йӕ бӕстӕ куыд аивта, уый йӕхи цӕстӕй федта. Хус рӕстӕг бирӕ кӕй ахаста, уый тынг бӕрӕг нал уыд. Фӕлмӕн фӕззыгон къӕвдатӕ уарын райдыдта ӕмӕ зӕхкусджытӕ сӕ быдыртӕ хуым кодтой. Зӕхх донӕй ӕфсӕдын кӕй райдыдта, уый уынгӕйӕ пехуымпары зӕрдӕ гыццыл ӕрсабыр, фӕлӕ йӕ уымӕй тынгдӕр тыхсын кодта, адӕм цы уавӕры уыдысты, уый. Сӕ уырнындзинад уыд тынг лӕмӕгъ – бирӕтӕ дзы нырма Ваалӕн куывтой. Илийамӕ ӕнхъӕлмӕ каст стыр куыст *.

Авел-Мехолӕмӕ хӕстӕг Илийа кӕйдӕр йӕ тӕккӕ хуым кӕнгӕйӕ баййӕфта. Дыууын цыппар галы ифтыгъд уыдысты дыгӕйттӕй. Дыууадӕс цӕджы размӕ сабыргай цыдысты ӕмӕ уымӕл зӕххы сӕ фӕдыл уыцы иухуызон фӕд уагътой. Фӕстаг дыууӕ галы разӕй чи цыд, уый уыди, Илийа кӕй агуырдта, уыцы лӕг, Елисей. Йегъовӕ йӕ равзӕрста, цӕмӕй Илийайы фӕстӕ пехуымпар суыдаид. Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ уый йеддӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй ничиуал баззад, ӕмӕ тынг тыхсти. Уӕдӕ уыцы нӕлгоймагыл сӕмбӕлынмӕ тынг кӕй бӕллыд, уый дызӕрдыггаг нӕу (1 Паддзӕхты 18:22; 19:14–19).

Цымӕ Илийайы фӕндыд, цӕмӕй йӕ хӕстӕй исты Елисейы бар бакодтаид кӕнӕ Елисей йӕ бӕсты пехуымпар суыдаид? Уый нӕ бон зӕгъын нӕу, стӕй, цӕуылты хъуыды кодта, уый дӕр нӕ зонӕм. Илийа дӕр уыд «мах хуызӕн адӕймаг» (Иаковы 5:17). Куыдфӕнды ма уыдаид, Библийы фыст ис: «Илийа бацыд ӕмӕ йыл йӕ уӕлӕдарӕс ӕрӕппӕрста» (1 Паддзӕхты 19:19). Илийа дардта, ӕвӕццӕгӕн, фысы кӕнӕ сӕгъы цармӕй конд чи уыд, ахӕм пӕлӕз. Уыцы пӕлӕзмӕ гӕсгӕ иууылдӕр зыдтой, пехуымпарӕй йӕ Йегъовӕ кӕй равзӕрста. Илийа йӕ пӕлӕз Елисейы уӕхсчытыл кӕй ӕрбакодта, уый бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг уыд. Йегъовӕ Илийайӕн куы загъта, цӕмӕй йӕ бӕсты пехуымпарӕй Елисейы снысан кодтаид, уӕд уайтагъд сразы. Илийа Йегъовӕйыл йӕ ныфс дардта ӕмӕ йӕ коммӕ каст.

Илийа Елисейы йӕ бӕсты пехуымпарӕй снысан кодта

Елисей Илийайӕ кӕстӕр уыди ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд ацӕргӕ пехуымпарӕн ӕххуыс кӕнын. Елисей Илийайы бӕсты пехуымпарӕй лӕггад кӕнын уайтагъд нӕ райдыдта. Ӕхсӕз азы бӕрц йемӕ рацу-бацу кодта ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Фӕстӕдӕр ӕй зыдтой, «Илийайы къухтыл-иу дон чи кодта», уымӕй (2 Паддзӕхты 3:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Илийайӕн ахӕм арӕхстджын ӕмӕ ӕнӕзивӕг ӕххуысгӕнӕг кӕй уыд, уый фӕрцы йын бирӕ ӕнцондӕр уыд. Ӕвӕццӕгӕн, дыууӕ нӕлгоймаджы тынг ӕввахс хӕлӕрттӕ систы. Кӕрӕдзийӕн ныфсы хос кӕй уыдысты, уый фӕрцы-иу сын ӕнцондӕр уыд фидар фӕлӕууын, сӕ бӕстӕйы цы бирӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ цыд, уыдон уынгӕйӕ. Зӕгъӕм, паддзах Ахав амӕй-ай фыддӕр хъуыддӕгтӕ куы кодта, уӕд.

Искуы хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлдтӕ? Ацы фыддунейы уый диссаг нӕу. Фӕлӕ Хуыцауы чи уарзы, ахӕм ӕмбал дын куы уа, уӕд дын фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн. Ахӕм уавӕрты ма дын баххуыс кӕндзӕн, Илийайы уырнындзинады тыххӕй фылдӕр куы базонай, уый дӕр.

«СЫСТ ӔМӔ АЦУ... АХАВЫ РАЗМӔ»

Илийа ӕмӕ Елисей тынг архайдтой, цӕмӕй адӕмӕн сӕ уырнындзинад бафидар кодтаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, иннӕ пехуымпарты ахуыр кодтой – чи зоны-иу сӕ иумӕ ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ скъолаты куыд вӕййы, афтӕ-иу сӕ ахуыр кодтой. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Илийайӕн радта ног хӕслӕвӕрд. Загъта йын: «Сыст ӕмӕ ацу... Израилы паддзах Ахавы размӕ» (1 Паддзӕхты 21:18). Цымӕ Ахав цы сарӕзта?

Ахавы размӕ Израилы ахӕм ӕвзӕр паддзах никуы уыд. Уый рацыд раст дины ныхмӕ. Йезавелы куы ракуырдта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕ дӕр Ваалӕн кувын райдыдтой (1 Паддзӕхты 16:31–33). Ваалӕн чи табу кодта, уыдон-иу алы хӕлд митӕ кодтой, сӕ кувӕндӕтты уыд хӕтаг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ-иу суанг сывӕллӕтты дӕр сӕ хуыцӕуттӕн нывондӕн хастой. Уымӕй уӕлдай ма гыццыл раздӕр Ахав Йегъовӕйы ныхасмӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ Сирийы фыдгӕнӕг паддзах Венадады удӕгасӕй ныууагъта. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕхцайы тыххӕй бакодта (1 Паддзӕхты, 20 сӕр). Фӕлӕ цас дарддӕр, уыйас Ахав ӕмӕ Йезавел кодтой ноджы зыддӕр, кӕрӕфдӕр ӕмӕ ӕгъатырдӕр.

Ахавӕн Самарийы уыд тынг стыр галуан. Стӕй ма йын галуан уыд Изреелы дӕр, Самарийӕ иу-37 километры дарддӕр. Уырдӕм хӕстӕг уыд сӕнӕфсирдон. Уыцы сӕнӕфсирдон уыди иу нӕлгоймаджы, Навуфейы. Ахавӕн уыцы зӕххы гӕппӕлмӕ йӕ зӕрдӕ бахъазыд, ӕмӕ Навуфеймӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта, дӕ сӕнӕфсирдон мын рауӕй кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Навуфей загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн – мӕ фыдӕлтӕ бынӕн цы зӕхх райстой, уый дын нӕ ратдзынӕн» (1 Паддзӕхты 21:3). Цымӕ Навуфей хивӕнд кӕнӕ ӕнӕмбаргӕ уыд? Бирӕтӕм фӕкастаид афтӕ. Фӕлӕ Навуфей ӕххӕст кодта Йегъовӕйы закъон. Уыцы закъоны та фыст уыди, «зӕхх ӕнустӕм уӕй кӕнӕн нӕй», зӕгъгӕ (Левит 25:23–28). Ӕмӕ Навуфей Хуыцауы ныхасы сӕрты ницы хуызы ахызтаид. Уый уыд фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ зыдта, Ахавы ныхасы ныхмӕ цӕуын тӕссаг кӕй уыд.

Ахавмӕ та Йегъовӕйы закъӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Йӕ фӕнд йӕ къухы куы нӕ бафтыд, уӕд хӕдзармӕ «мӕстджынӕй ӕмӕ тарӕрфыгӕй» ацыд. Библийы кӕсӕм: «Йӕ хуыссӕныл ӕрхуыссыд, иннӕрдӕм азылд ӕмӕ хӕргӕ дӕр нӕ бакодта» (1 Паддзӕхты 21:4). Йезавел йӕ лӕджы тӕргай сывӕллоны хуызӕнӕй куы федта, уӕд уайтагъд йӕ сӕры фыдвӕнд февзӕрд: ӕрхъуыды кодта, уыцы зӕхх ын куыд самал кодтаид ӕмӕ ма рӕстгӕнӕг бинонты дӕр куыд фесӕфтаид.

Йезавелы фӕнд ахӕм ӕгъатыр уыд, ӕмӕ уыцы хабар кӕсгӕйӕ адӕймаджы хъуын арц слӕууы. Йезавел зыдта, Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ стыр тӕригъӕд сбӕлвырд кӕнынӕн дыууӕ ӕвдисӕны кӕй хъуыд (Дыккаг закъон 19:15). Уымӕ гӕсгӕ Ахавы номӕй фыстӕджытӕ ныффыста ӕмӕ сӕ арвыста Изреелы хистӕр лӕгтӕм ӕмӕ кадджын адӕммӕ, цӕмӕй дыууӕ адӕймаджы ссардтаиккой, Навуфейы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн чи ныллӕууыдаид ӕмӕ дзы афтӕ чи загътаид, Хуыцауы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын уӕд мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой. Хъыгагӕн, хабар рауад, Йезавелы куыддӕриддӕр фӕндыд, афтӕ. Дыууӕ «ӕнаккаг адӕймаджы» Навуфейӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкодтой. Уый тыххӕй йӕ дуртӕй фӕхостой, ӕмӕ амард. Фӕлӕ ӕрмӕст уый куы уыдаид – Навуфейӕн ма амардтой йӕ фыртты дӕр! * (1 Паддзӕхты 21:5–14; Левит 24:16; 2 Паддзӕхты 9:26). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Ахав бинонты хистӕры бартӕ йӕ усмӕ радта, цӕмӕй йӕ цы фӕндыд, уыдӕттӕ кодтаид ӕмӕ уыцы ӕнаххос адӕмы бабын кодтаид.

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Илийа куыд фӕуыдаид, Йегъовӕ йын, паддзах ӕмӕ йӕ ус цы бакодтой, уый куы радзырдта, уӕд. Фыдгӕнӕг ӕнаххос адӕймаджы йӕ къӕхты бын куыд фессӕнды, уый уынгӕйӕ адӕймагӕн йӕ ныфс асӕтты (Псалом 73:3–5, 12, 13). Абон мах дӕр бирӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ уынӕм. Иуӕй-иу хатт уыдон фӕаразынц, бартӕ кӕй къухы ис ӕмӕ, Хуыцауы номӕй архайӕм, зӕгъгӕ, чи фӕдзуры, ахӕм адӕм. Фӕлӕ нӕ ацы хабар ныфс бауадздзӕн. Библи нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕйӕ кӕй ницы ис бамбӕхсӕн. Йегъовӕ алцыдӕр уыны (Дзуттӕгтӕм 4:13). Ӕмӕ цымӕ цы фыдхъуыддӕгтӕ уыны, уыдонӕн кӕрон никуы скӕндзӕн?

«ССАРДТАЙ МӔ, НӔ, МЕ ЗНАГ?»

Йегъовӕ Илийайы Ахавмӕ арвыста. Хуыцау ын загъта: «Ныртӕккӕ уый Навуфейы сӕнӕфсирдоны ис» (1 Паддзӕхты 21:18). Йезавел Ахавӕн афтӕ куы загъта, сӕнӕфсирдон ныр дӕу у, зӕгъгӕ, уӕд уырдӕм цингӕнгӕ азгъордта. Фӕлӕ Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны, уый йӕ ферох. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Ахав мидбылхудгӕйӕ сӕнӕфсирдоны куыд бады ӕмӕ дзы цы диссаджы дыргъдон сараздзӕн, ууыл куыд хъуыды кӕны. Фӕлӕ ӕвиппайды Илийа йӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыд. Ахавӕн фырмӕстӕй йӕ цӕсгомы хуыз фӕивта. Бӕрӕг уыд, Илийайӕ йе сӕфт кӕй уыдта, ӕмӕ йын афтӕ бакодта: «Ссардтай мӕ, нӕ, ме знаг?» (1 Паддзӕхты 21:20).

«Ссардтай мӕ, нӕ, ме знаг?»

Ахавы ныхӕстӕй бӕрӕг у, дыууӕ хъуыддаджы кӕй рӕдыд. Фыццаг, Илийайӕн афтӕ кӕй загъта, «ссардтай мӕ», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйыл хъуыды дӕр нӕ кодта. Йегъовӕ йӕ Илийайӕ раздӕр «ссардта». Йегъовӕ федта, Ахав зонгӕ-зонын кӕй сарӕзта ӕвзӕр хъуыддаг ӕмӕ, Йезавелы фыдвӕнды фӕрцы йӕ къухы цы бафтыд, ууыл кӕй цин кодта. Хуыцау уыдта Ахавы зӕрдӕ ӕмӕ зыдта, сӕйрагдӕр ын хъӕздыгдзинад кӕй уыд, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕд кӕнын та йӕм хъуысты дӕр кӕй нӕ уыдысты. Дыккаг, Илийайӕн, «ме знаг», зӕгъгӕ, кӕй загъта, уымӕй бӕрӕг уыди, Хуыцауы ӕмбал чи уыд ӕмӕ йын йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн чи баххуыс кодтаид, уыцы адӕймагӕй йе сӕфт кӕй уыдта.

Ахавы рӕдыдтытӕ нӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынц. Рох кӕнын нӕ хъӕуы, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны. Уарзӕгой Фыдау нӕм йӕ хъус кӕй дары, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕзоны, раст фӕндагӕй куы адзӕгъӕл вӕййӕм, уый ӕмӕ йӕ тынг фӕфӕнды, цӕмӕй-иу не ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм. Арӕх нын баххуыс кӕны йе ’мбӕлтты уылты, ома Илийайау Хуыцауы ныхас иннӕтӕн чи дзуры, уыцы иузӕрдион адӕмы уылты. Уӕдӕ Хуыцауы ӕмбӕлтты не знӕгтыл куы нымайӕм, уӕд тынг рӕдидзыстӕм! (Псалом 141:5).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Илийа Ахавӕн куыд загъта: «Ссардтон дӕ». Афтӕ йын уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ зыдта, цавӕр адӕймаг уыд, уый – уыд къӕрных, лӕгмар ӕмӕ цыд Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ. Цы стыр хъӕбатырдзинад хъуыд Илийайы, цӕмӕй уыцы фыдлӕджы раз ӕрлӕууыдаид! Илийа Ахавӕн фехъусын кодта, Хуыцау ын цы тӕрхон рахаста, уый. Йегъовӕ уыдта, хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый – Ахавы бинонтӕ цы фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтой, ахӕм хъуыддӕгтыл бафтыдысты иннӕтӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Илийа Ахавӕн загъта, Хуыцау ын йӕ хӕдзарвӕндаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй «фесафдзӕн». Йезавелы дӕр хъуамӕ раст тӕрхон баййӕфтаид (1 Паддзӕхты 21:20–26).

Илийа афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фыдхъуыддӕгты ӕмӕ сӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй ницы уыдзӕн, кӕд абон бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, уӕддӕр. Ацы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ, дунейы цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ ӕрмӕст уынгӕ кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ, афон куы ’рцӕуа, уӕд алкӕмӕй дӕр йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн. Йӕ Ныхасы нын зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд хӕрам хъуыддӕгтӕн ӕнустӕм кӕрон кӕй скӕндзӕн (Псалом 37:10, 11). Чи зоны ахъуыды кӕнай: «Хуыцау адӕмӕн тӕрхон ӕрмӕст уый тыххӕй рахӕссы, цӕмӕй сӕ бафхӕра? Ӕви ма йӕ тӕрхӕттӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг дӕр вӕййынц?»

«УЫНЫС, АХАВ... ЙӔХИ КУЫД ӔРНЫЛЛӔГ КОДТА?»

Ахав Хуыцауы тӕрхон куы фехъуыста, уӕд куыд фӕци, уый фенгӕйӕ Илийа, чи зоны, тынг бадис кодта. Библийы кӕсӕм: «Ахав уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ уӕлӕ хъисын скодта ӕмӕ ком дардта, хъисыны хуыссыд ӕмӕ сӕргуыбырӕй рацу-бацу кодта» (1 Паддзӕхты 21:27). Цымӕ Ахав йӕ митыл ӕрфӕсмон кодта?

Куыдфӕнды ма уыдаид, гыццыл хуыздӕрырдӕм ивын райдыдта. Ахав йӕхи ӕрныллӕг кодта, ӕмӕ уый та ахӕм сӕрбӕрзонд ӕмӕ хъал адӕймагӕн ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ цымӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта? Уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм Манассийы цӕвиттонмӕ. Манасси дӕр уыд паддзах, цард Ахавӕй бирӕ фӕстӕдӕр ӕмӕ кодта уымӕй фыддӕр митӕ. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ куы бафхӕрдта, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ йӕм ӕххуысы тыххӕй кувын райдыдта. Ӕмӕ ӕрмӕст кувгӕ нӕ кодта. Манасси йӕ цард цӕхгӕр фӕивта: цы гуымирытӕ сӕвӕрдта, уыдон ныппырх кодта ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдта. Суанг ма адӕмӕн дӕр дзырдта, Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут, зӕгъгӕ (2 Азфыстыты 33:1–17). Цымӕ Ахав дӕр афтӕ бакодта? Хъыгагӕн, нӕ.

Ахав кӕй фӕфӕсмон кодта, уый цымӕ Йегъовӕ федта? «Уыныс,– загъта Илийайӕн,– Ахав мӕ разы йӕхи куыд ӕрныллӕг кодта? Мӕ разы йӕхи кӕй ӕрныллӕг кодта, уый тыххӕй бӕллӕх йӕ рӕстӕджы не ’руадздзынӕн. Йӕ хӕдзар ын бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн йӕ фырты рӕстӕджы» (1 Паддзӕхты 21:29). Уӕдӕ Йегъовӕ Ахавӕн ныххатыр кодта? Нӕ. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ныххатыр кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн (Йезекил 33:14–16). Ахав дӕр кӕмдӕр гыццыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уымӕ гӕсгӕ йын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта – йӕ бинонтӕ иууылдӕр куыд бабын сты, уый нӕ федта.

Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ, Ахавӕн цы тӕрхон рахаста, уый нӕ аивта. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ зӕдтимӕ бауынаффӕ кодта, Ахавы куыд асайӕн уыд, цӕмӕй хӕстмӕ ацыдаид ӕмӕ уым фӕмард уыдаид. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, Йегъовӕ Ахавӕн цы тӕрхон рахаста, уый сӕххӕст ис. Ахав хӕсты уӕззау цӕф фӕци, йӕ туг фӕцыд, ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдоны амард. Библийы ма суанг ахӕм лыстӕг хабар дӕр фыст ис, зӕгъгӕ, паддзахы бӕхуӕрдон куы ӕхсадтой, уӕд ын куыйтӕ йӕ туг сдӕрдтой. Афтӕмӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ Ахавӕн Илийайы уылты цы загъта, уый кӕй сӕххӕст. Зӕгъгӕ та йын кодта афтӕ: «Куыйтӕ Навуфейы туг кӕм сдӕрдтой, уым сдӕрдзысты дӕ туг дӕр» (1 Паддзӕхты 21:19; 22:19–22, 34–38).

Ахавы хабар Илийайӕн, Елисейӕн ӕмӕ Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕ Навуфейы хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидар уырнындзинад нӕ ферох кодта. Йегъовӕ у рӕстдзинады Хуыцау ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи фӕкӕны, уыдоны, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр бафхӕры. Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕнынӕн ӕфсон куы вӕййы, уӕд ын ӕй ныббары (Нымӕцтӕ 14:18). Илийайӕн, бирӕ азты дӕргъы ахӕм фыдзӕрдӕ паддзахы рӕстӕг пехуымпарӕй чи лӕггад кодта, уымӕн, уый зонды хос уыди. Искуы дӕ ӕнаххосӕй бафхӕрдтой? Фӕнды дӕ, фидӕны Хуыцау хъуыддӕгтӕ куыд сраст кӕндзӕн, уый фенын? Уӕд хорз уаид, Илийайы йӕ уырнындзинадӕй куы фӕзмис. Илийа ӕмӕ йӕ иузӕрдион ӕмбал Елисей хъусын кодтой Хуыцауы ныхас, ӕмӕ-иу кӕд хӕрам хъуыддӕгтыл сӕмбӕлдысты, уӕддӕр-иу фидар фӕлӕууыдысты.

^ 3 абз. Йегъовӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг зӕхмӕ иу ӕртах ӕрхауын дӕр нӕ бауагъта, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, Ваалӕн – къӕвдайы ӕмӕ зӕххы бӕркады бардуаг кӕй хуыдтой, уымӕн, йӕ бон кӕй ницы у (1 Паддзӕхты, 18 сӕр). Кӕс чиныг «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», 10 ӕмӕ 11 сӕртӕ.

^ 13 абз. Ӕвӕццӕгӕн, Йезавел тарст, Навуфейы сӕнӕфсирдон йӕ фырттӕн кӕй баззайдзӕн, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй амарын кодта. Хуыцау лӕмӕгъты ӕфхӕрын цӕмӕн уадзы, ууыл дзырд цӕуы ацы журналы, статья «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц».