Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕздзысты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕздзысты?

 Нӕ. Ивгъуыд ӕнусты чи цард, уыдонӕй милуантӕ кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр сын ис ирвӕзындзинады ныфс. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй нын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта ног дунейӕ, ӕмӕ уым «райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Стӕй ма нӕ рӕстӕджы чи цӕры, уыдонӕн дӕр сӕ бон у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдайын, цӕмӕй уыдон дӕр аирвӕзой. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр махӕн уый бар нӕй, цӕмӕй скъуыддзаг кӕнӕм, чи фервӕздзӕн ӕмӕ чи нӕ фервӕздзӕн, уый. Уыцы хъуыддаг лӕвӕрд у Йесойы къухмӕ (Иоанны 5:22, 27).